Лæууæн бынæттæй пайда кæнгæйæ…

0
333

Æрвылаз хæдтулгæты лæууæн бынæтты фарст карзæй-карздæр кæны. Транспортон фæрæзтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, æмæ сын  лæууæн бынæттæ нæ фаг кæны. Автоинспектортимæ ныхас кæнгæйæ, хæдтулгæскъæрджытæ арæх фæзæгъынц: «Лæууæн бынæтты кадавары аххосæй барадон æгъдау фехæлдтон».

Сахъат адæймæгтæн сæрмагонд нысантæ æмæ хæххытæй æрлæууæнты радих кодтой цалдæр бынаты. Рейды рæстæг автоинспектортæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй æрлæууæн бынæтты  хæдтулгæтæй иуыл дæр сæрмагонд нысан ныхæст нæ уыд. Æмæ дзы цыппар скъæрæджы фæивар кодтой 5000-гай сомтæй. Дыууæ адæймаджы та уыдысты æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ, фæлæ уыдонæн дæр сæ хæдтулгæтыл сæрмагонд нысантæ ныхæст нæ уыд.

Уымæ гæсгæ, автоинспектортæ æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ хæдтулгæскъæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц: хæдтулгæйыл ныхæст нысан «Инвалид»-æй уæлæмæ уæ хæс у хæдтулгæскъæрæджы кæнæ йæ бæлццоны сахъатдзинадыл дзурæг æвдисæндар уæхимæ дарын. Æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ адæймæгтæй сæрмагонд амонæнтæ чи ницæмæ дары, уыдонæй рох ма уæд, уæлæмхасæн бартæ сын  дæттынц, æндæр гæнæн кæй нæй, уымæ гæсгæ, фæлæ уыдон дæр закъонхæлдтыты тыххæй цæуынц иваргонд.

Фæндаджы сæрты бацæуæны цур хæдтулгæ æнæмбæлгæ ран сæвæрыны тыххæй дæр автоинспектор хæдтулгæскъæрæджы фæивар кæндзæн мин сомæй, хæдтулгæ кæд æнæ хицауæй лæууы, уæд та, æхца кæмæн фидынц, барадхъахъхъæнæджы бардзырдмæ гæсгæ эвакуатор транспортон фæрæз аласдзæн ахæм сæрмагонд лæууæн бынатмæ.

“Зынаргъ хæдтулгæскъæрджытæ! Транспорт кæуыл цæуы, уыцы фæндаджы сæрты бахизынæн ис сæрмагонд тæлм («зебрæ»).  Хæдтулгæскъæрæджы хæс у уыцы тæлмыл  цæуæг фистæг бæлццонæн фæндаг раттын, стæй иннæ хæдтулгæскъæрджыты ма хъыгдарын”, — ахæм ныхасимæ фæндаггон змæлды архайджытæм фæсидт РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here