Ралæууыд та уалдзæг, æмæ нын, зымæг цытæ бакодта, уыдон уал цæстуынгæ сты горæт Дзæуджыхъæуы уынгты фæндæгтыл: дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ, донбадæнтæ. Хæдтулгæтæ сæхи хойгæ тыхцыд кæнынц. Сæ бацалцæг кæнынмæ бавнæлдтой горæты сæрмагонд хæдзарæдты кусджытæ.
Æндæр у зайæгойты хъуыддаг. Нырма дзæбæх не скуыстой æмæ бæрæг нæу, зымæджы дзы кæуыл цы бæллæх æрцыд, уый. Адæймаг уæлдай тынгдæр йæ цæст дары, горæты уынгты ивгъуыд фæззæджы цы бæлæстæ, къудзитæ, дидинджытæ сагъд æрцыд, уыдонмæ. Зымæг куыд арвыстой, нæ сæ бахъыгдардта, схæцдзысты-ма. Горæты зæлдфæлындæны кусджытæ сæм ныридæгæн зилынц, бæлæстæ сыгъдæг кæнынц, ногтæ садзынц.
Цæстытыл ауайы ногсагъд талатæм, къудзитæм, дидинджытæм адæм зымæджы куыд æгъатыр уыдысты, митимæ сæ сæ къæхты бын куыд кодтой. Уымæй сылгоймæгтæ дæр, бæрзонд бордюрты сæрты ахизынмæ дæр-иу нæ базивæг кодтой. Тагъд кæнæм, тындзæм кæдæмдæр. Кæдæм, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Ферох нæ ис нæ фыдæлты зондамынд: «Тагъд дон фурды не ‘ййафы». Æмæ нæ алыварс куыд чъизи кæнæм, змæнтæм, ссæндæм, бырондон кæнæм, уый хатт нал фæуынæм. Дуг тагъд кæнын домы, фæлæ æгæр ницæмæй бæззы. Кæм цæрæм, кæм кусæм, кæм цæуæм, — уыдоны уавæртæй бирæ аразгæ у не ‘нæниздзинад, не ‘нтыст, нæ цард, æмæ сæм не ‘ргом арæхдæр здахæм, сæ аивдзинадыл иудадзыг кусын хъæуы. Махæй алчидæр хъуамæ уарза йæ хъæу, йæ горæт, йæ сых, йæ кæрт, уæлдайдæр та — Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Республикæйы сæйраг горæт у Ирыстоны адрис, йæ цæсгом, йæ фидауц. Мах хъуамæ бирæ уарзæм нæ горæт æмæ иудадзыг архайæм йæ аивдзинадыл, рæсугъддзинадыл.
Горæты сыгъдæгдзинадыл кусын у йæ цæрджыты хæс дæр. Раст у ахæм ныхас: «Сыгъдæг у, кæм не змæнтынц, уым», фæлæ æфснайын дæр хъæуы. Бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс акæс æмæ базондзынæ, кæм дзы цавæр адæм цæры, уый. Чъизи æмæ æнæфснайд худинаг у цæрджытæн. Зиутæ ракæнын у сæ хæс. Уæлдайдæр ныр — уалдзæджы.
Дзæуджыхъæуы разамынд зæрдиагæй архайы горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадыл, йæ цъæхфæлыстыл, уынгты, паркты æмæ скверты рæсугъддзинадыл. Æмæ йæ фарсмæ балæууын хъæуы. Æххуыс бакæнын ын дæ бон куы нæ уа, уæд æй хъыгдаргæ ма кæн, йæ куыстмæ йын фаутæ ма хæсс. Амонын æнцон у, кæнын та — зын.
Сæ бон, сæ фæрæз куыд амоны, афтæ кусынц горæты аивдзинадыл, уыцы хæс æвæрд кæуыл ис, уыдон. Бафæзминаг сты хицæн сыхты цæрджытæн. Алчидæр нæ йæ кæрт, йæ хæдзары алыварс куы бафснаид, зæлдфæлындæн рæстæг ралæууыд æмæ йæ ногсагъд бæлæстæй, къудзитæй, дидинджытæй куы саив кæнид, уæд иттæг хорз куыст бакæнид. Сæйрагдæр та сагъд цы æрцыд, уыдон бахъахъхъæнæм, къæхты бын сæ мауал кæнæм, кард сæм ма исæм, рæзгæ фæлтæрæн сæ хъахъхъæнын кæнæм. Уалдзæджы уарынтæ та нын ныхсдзысты нæ уынгтæ, нæ чъизитæ, æмæ сæ мауал бырон кæнæм. Худинаг у!
Цæгат Кавказы Дзæуджыхъæуыл чъизи горæты ном сбадт. Афтæмæй та дзы нæ горæтæй сыгъдæгдæр нæ уыд. Уый-иу уайтагъд бафиппайдтой нæ уазджытæ æмæ йæ фыстой сæ мысинæгты дæр. Уымæн æмæ уæд алы хæдзары цæрджытæ дæр ног чындзау сæ уынгтæ марзтой иу тигъæй иннæмæ, сæ рудзгуыты æвгтæм та кастысты кæсæнмæ кæсæгау.
Советон стыр паддзахад халджытæй иу Горбачев йæ сæргъы куы æрлæууыд, уæд партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг нымæрдар та уыд Одинцов. Мæскуыйы сæ фыццаг фембæлды фæстæ къуырисæры радон планеркæйы æз дæр уыдтæн газет «Рæстдзинад»-ы номæй, æмæ нын Одинцов æхсызгонæй дзырдта сæ фембæлды тыххæй. Фарста, дам, мæ, Дзæуджыхъæу ма ахæм сыгъдæг горæт у, йæ хæдзæртты рудзгуытæ-иу айдæнау æрттывдтытæ калдтой, зæгъгæ. Махæн уыцы ныхас тынг æхсызгон уыд. Уæлдайдæр уæды паддзахады сæргълæууæгæй хъусын. Стъараполы крайы разамонæг уыд раздæр æмæ-иу Ирыстонмæ дæр истæй фæдыл æрбацыд. Æмæ нæ сæйраг горæт ахæм мысинæгтимæ баззад йæ зæрдæйы.
Ныр та ма акæсут нæ уынгты уавæрмæ. Нæ æртæ проспектæй иу хæссы, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, нæ кад, нæ намыс кæй хонæм, уый — Къостайы ном æмæ ма йæм бакæсут, цы уавæры ис, цавæр у йæ бакаст, йæ сыгъдæгдзинад. Горæты ног хицауады æрмæст йæ аивдзинадыл кусын нæ хъæуы, фæлæ ма раздæры куыстыты аиппытæ аиуварс кæныныл дæр.
Иннæ ахæм, ныр цалдæр азы мыхуыры æмæ дзыллæйы æхсæн хъæддыхæй ныхас цæуы, Къостайæн Сабырдзинады проспекты йæ номыл паркмæ бацæуæны бакомкоммæ адæмы сусæгæй цы æнахуыр цыртдзæвæн æртъæпæн кодтой, уый фæсвæд ранмæ айсыныл. Фæлæ горæты уæды разамынд къæрттæй цъула не ‘ппæрста — йæ рæдыдыл нæ басаст. Æвæццæгæн æй барæй бакодта, кæнæ йæ саразæгæй исты хæсджын уыдысты. Ныр цымæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты Къостайы сфæлдыстад æмæ цардвæндаг хорз чи зоны, уыдонæй Ирыстонмæ чи æрбафты, уый ацы æнахъинон цыртдзæвæн куы фены, уæд ныл цы ахъуыды кæны? Цы нæ рахоны? Æвæццæгæн, хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ чи нæ хицæн кæны, фæстæзад æмæ фидæн кæмæн нæй, ахæм адæмыхатт.
Æрвылаз дæр нæм вæййы ирон зарæджы бæрæгбон. Уыдис-иу фæсвæд ран — Майрæмададжы. Хорз уаид, Культурæйы министрад æй Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парчы куы скæнид. Уæдмæ хъуамæ парк скала йæ хуыз. Хорз уаид, Терчы сæртыл хидтæ, цæугæдоны былгæрæтты гæрæнтыл æвæрд аивгæнæнтæ чъырæй цагъд куы æрцæуиккой. Уæд дардмæ дæр цæхæр каликкой æмæ нæм, уазæгуаты чи цæуы, уыдон нын нæ горæт, чи зоны, урс горæт дæр рахониккой. Ууыл бирæ фыдæбон, бирæ хардз нæ хъæуы, чъыры бын куы стæм.
Советон дуджы-иу алы куыстуат æмæ кусæндоны хæс дæр уыд йæ алыварс сыгъдæг дарын, бæлæстæ æмæ дзы дидинджытæ садзын. Ныр дæр уыцы фарста горæты разамынд куы стынг кæнид, уæд дзæвгар аив дæр уаид нæ горæт Дзæуджыхъæу. Кæннод ма хи дуканиты æмæ кусæндæтты рæзтæм бакæсут. Æфснайды кой нал кæнын, фæлæ сæ асфальт скалд, æмæ сæ алыварс къахвæндæгтыл æдæрсгæ ацæуæн дæр нал ис. Уый тыххæй дзы æфхæрыны аккагдæртæ дæр ис. Æхца кусынмæ рæвдз сты, сæ алыварс та куыдфæнды дæр уæд…
Республикæйы Хицауад йе ‘ргом хуыздæр аздæхта ирон æвзагмæ, æмæ горæты цæрджыты фæнды, цæмæй Дзæуджыхъæуæн йæ ирондзинад тынгдæр разына. Уый тыххæй фæзты, стыр уынгты рекламæты бæсты иронау цæстахадгæ фыстытæ фылдæр куы уаид, уæд уый стыр ахъаз фæуид йæ пропагандæ кæнынæн, йæ ахадындзинадæн. Ууыл архайдта горæты раздæры разамынд дæр, фæлæ дзы иуæй-иу фыстытæ уыдысты рæдыдтытимæ. Ныр дæр æхсæвыгон дардмæ æрттивынц: «Æз уарзын Дзæуджыхъæу!», «Амондджын уæм!» æмæ æндæртæ. Æмæ æрмæст ацы дыууæ фыстмæ дæр фау æрхæссæн ис. Хъуамæ уаиккой «Æз уарзын Дзæуджыхъæуы», хуыздæр та — «Æз уарзын дæу, Дзæуджыхъæу!» æмæ «Уадз, уæм амондджын!»
Æргом аздахын хъæуы рекламæтæм дæр. Бирæ рæтты горæт фыдуынд кæнынц. Фæндæгты фæрсты æвæрд баннертæ цæмæй хуыздæр зыной, уый тыххæй сын сæ алыварс бæлæстæ цæнкуылтæ кæнынц, æмæ æвидыцæй зынынц.
Цы ис, ууыл, халыны бæсты æфтауын хъæуы, — дзырдтой фыдæлтæ. Горæты раздæры хицауад хорзæй цы скодта, уый дæр хъуыдыйаг у, æфтауын ыл хъæуы. Уæлдайдæр Терчы былгæрæтты аивдзинадыл. «Фонтанты фæз» йæ раздæры хуызы кæй нал ис, уый хъуыдыйаг у. Афтæмæй та ацы бынат диссаджы фæлладуадзæн бынат уыд æрмæст горæты Цæгат-Ныгуылæн районы цæрджытæн нæ, фæлæ йæм цыдысты Джызæлæй, Æрхонкæйæ, Ногирæй æмæ ма æндæр хъæутæй дæр. Уый ахъуыдыйаг хъуамæ уа горæты абоны разамындæн.
Иннæ ахæм горæтмæ æрбацæуæнты уавæр, фыдуынд, æгъуыздæр скæнæн нæй. Раздæры разамынд сæрмагонд конкурс расидт саив сæ кæныныл. Республикæйы курдиатджын фæсивæд дзы архайдтой. Раззаг бынæттæ чи бацахста, уыдон сбæрæг сты… Фæлæ хъуыддагæй арæзт ницы ма æрцыд. Конкурсы хатдзæгтæй ног разамынд куы спайда кæнид, уæд дзы нæ горæт рамбулид, йæ æрбацæуæнтæ сæ хуыз аивиккой.
Цы ис, ууыл æфтауын хъæуы. Æрмæст афтæмæй ис размæ цæуæн.
ЦГЪОЙТЫ Хазби
P.S Республикæйы разамынд фæсидт адæммæ, цæмæй, куыддæр эпидемиологон уавæр фæхуыздæр уа, афæтæ та рацæуæм æмæ алчи йæ хæдзары æмæ куыстуаты алыварс бафснайа.












