Зæрдæ райы нæ уынгты сыгъдæгдзинадæй

0
459

Бирæ рæсугъд бынæттæ ис зæххыл, хъæутæ дæр æмæ горæттæ дæр. Фæлæ уыдоны ‘хсæн æз равзарин Дзæуджыхъæу. Куыд адджын мын дæ, куыд бирæ дæ уарзын!

Кавказы хæхты бын æрæнцад Дзæуджыхъæу. Гуылф-гуылфгæнгæ цæуы Терк йæ астæу.

220 азы размæ сæвæрдтой бындур нæ горæтæн. 220 азы кæд бирæ кæсынц адæймагмæ, уæддæр горæтæн уыдон ницы сты. Зæгъæн ис, æмæ Дзæуджыхъæу у хæрзæрыгон. Уæдæ цæмæн уарзын æз мæ горæт? Адæймаг кæм райгуыра, кæм схъомыл уа, йæ цард кæм арвита, уыцы хъæу кæнæ горæт фæуарзы йæ уды бæрц.

Ирыхъæуы мæ уарзон уынг у Хетæгкаты Къостайы уынг. Ам акодтон æз мæ фыццаг къахдзæфтæ. Ам фембæлдтæн мæ фыццаг хæлæрттыл.

Бирæ алыхуызон адæмыхæттытæ цæры ам: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ æндæртæ. Кæрæдзийыл сты æнувыд, хъæлдзæгæй, æхсызгонæй дæттынц салам сæ кæрæдзийæн.

Ис ацы сыхты адæммæ иу хорздзинад — уынг аив, сыгъдæг дарын. Къоста разагъды лæг уыди. Æмæ уый ном цы уынг хæссы, уый æнаив куыд хъуамæ уа? Æрвылбон рацæуын тезгъогæнгæ мæ уарзон уынгыл æмæ фенын алы хæдзары цур дæр сыгъдæгмарзт къæсæртæ. Никæй дуармæ фендзынæ бырæтты цæндтæ. Фæзынд дзы ног бæрзонд бæстыхæйттæ. Уыдон дæр фæаивдæр кодтой уынг.

Мах, Ирыхъæуккæгтæ, уарзæм нæ фæллад Фæскомцæдисон парчы уадзын.

Зæрдæ райы нæ алфамбылай уынгты сыгъдæгдзинадæй дæр. Уыдон сты: Пушкины, Хъойбайы-фырты, Ватутины æмæ æндæр уынгтæ.

Мæн фæнды, цæмæй æрмæст мах уынг, нæ сых нæ, фæлæ æнæхъæн Дзæуджыхъæу дæр цæхæртæ кала йæ сыгъдæгдзинадæй. Цæмæй нæм æндæр горæтты цæрджытæ дæр хæлæг кæной æмæ нæ фæзмой.

 

ДЗГОЙТЫ Аллæ

50-æм скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here