Нæ ныфсы кæстæртæ

0
490

Рæстæг не ‘ппæтæй дæр домы хъуыды кæнын, цы хуыздæр саразæм, куыд растдæр спайда кæнæм нæ хъарутæй, цæмæй нæ алыварс цардыуаг фæхуыздæр кæнæм, нæ зынаргъ адæмæн уæддæр иу гыццыл исты хорздзинад æрхæссæм, зæгъгæ. Нæ адæмы фылдæр хайы, æвæццæгæн, афтæ фæнды. Ахæм хорз фæндтæ ис, йæ куысты сæргъы чи лæууы, уыдонмæ дæр.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фысджыты цæдис йæ сæйрагдæр хæстæй иуыл нымайы æрыгон фысджыты фылдæр сырæзын кæнын. Цæдисы ацы азы куысты пъланы ис райдайгæ автортимæ фембæлдтытæ саразын районты газетты редакциты, культурæйы галуанты, библиотекæты æмæ скъолаты.

Литературæйы дæр, царды куыд у, афтæ хистæрты фæстæ кæстæртæ куы нæ цæуой, иу фæлтæры иннæ куы нæ ива, уæд сомбон нæ уыдзæн. РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдис рæзгæ сфæлдыстадон фæсивæдмæ хорз цæст кæй дары, уый ма æрæджы бафиппайдтой нæ уазджытæ Кæсæг-Балхъары республикæйæ дæр — журнал «Литературная Кабардино-Балкария»-йы кусджытæ.

Уыцы хорз хъуыддæгтæ конд цæуынц нæ Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæны хъæппæрисæй. Фысджыты фембæлдтытæн сæ нысан у, фыццаджыдæр, агурын æмæ ссарын æрыгон курдиатджын авторты, стæй сæ сразæнгард кæнын сфæлдыстадон куыстмæ. Саби саби у, æмæ арæх дывæнд фæкæны, цавæр царды фæндаг равзара йæхицæн, ууыл.

Дыккаг хæсыл та нымайæм, кæй сбæрæг кæнæм, уыцы ‘взонг фæлтæримæ бæлвырд хъуыддагæй — фыссыны дæсныйады бацархайын, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сын кæнын, сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ сын раргом кæнын, нæ бон цас уа, уыйас. Хуыздæр æнтыстдзинæдтæ дзы чи равдиса, уыдонæн та сæ уацмыстæй равзарын, журналты æмæ газетты мыхуыр кæнынмæ.

Нæ Фысджыты цæдис уал ныронг сарæзта æртæ ахæм фембæлды: Горæтгæрон районы, Октябрьскийы хъæуы районы газеты редакцийы, Дигорайы астæуккаг библиотекæйы, стæй Цыколайы 2-æм астæуккаг скъолайы. Иннæ радон æмбырд скæнын нæ зæрды ис Рахизфарсы районы Беслæныхъæуы.

Арæзт чи æрцыд, уым, æртæ раны дæр, æрæмбырд бирæ фæсивæд, фысгæ чи кæны, фыссын чи фæлвары æмæ литературæ чи уарзы, ахæмтæ. Семæ ныхасгæнгæйæ уыдтам сæ сыгъдæг цæстыты рухс, куыд цымыдисæй ахстой хистæр фысджыты алы ныхас дæр. Уый махæн ныфс лæвæрдта, нæ фидæн курдиатджын литератортæй цух кæй нæ уыдзæн, уымæн. Фидарæй нæ уырны, абон йæ фыццаг къахдзæфтæ чи кæны сфæлдыстады, йæ къухфыстытæ равдисын дæр нывыл чи нæма уæнды, уыцы сабитæй чидæртæ райсом кад кæндзысты канд Ирыстонæн нæ, фæлæ ма æппæт Уæрæсейæн дæр, зындгонд поэттæ æмæ прозаиктæ суæвгæйæ.

Абон газет «Рæстдзинад»-мæ кæй уацмыстæ бахастам, уыцы сабитæ æмæ æрыгон фæсивæд нын хорз, амондджын фæндæгтыл фæцæуæнт, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ рухс кæнæнт сæ ног æнтыстдзинæдтæй. Махæн сымах, нæ сыгъзæрин кæстæртæ, стут нæ абоны цин æмæ нæ райсомы хуртæ.

СКЪОДТАТЫ Эльбрус,

РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here