ТУСКЪАТЫ Таймураз: «Не ‘ппæты дæр бахъахъхъæндзæн нæ зонд æмæ нæ куырыхондзинад»

0
535

Ног коронавирус цы уавæр расайдта, уый фæдыл, стæй уыимæ баст фæстагдæр хабæрттимæ журналистты раз раныхас кодта æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты фарстытæн дзуаппытæ лæвæрдта республикæйы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Премьер куыд загъта, афтæмæй 11 майы райсомы 7 сахаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы медицинон кусæндæтты уыд 835 рынчыны. Сæ фылдæр — 424 адæймаджы сты Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны, 305 — Республикон клиникон рынчындоны, 45 — Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны, 35 — Æрыдоны районы центрон рынчындоны æмæ 26 — Рахизфарсы районы центрон рынчындоны. Рынчынтæн сæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн арæзт цæуынц æппæт хъæугæ медицинон мадзæлттæ. «Низæй хи бахъахъхъæныны тыххæй ацы рæстæг хæдзары бадынæй хуыздæр æмæ ахъаззагдæр мадзал нæй, — загъта Тускъаты Таймураз. — Республикæйы алы районы дæр арæзт æрцыд оперативон штабтæ, уыдон уавæрмæ цæст дарынц. Фæлæ уавæр, æппынфæстаг, аразгæ у не ‘ппæты бæрнондзинадæй дæр. Кæрæдзи куы æмбарæм æмæ кæрæдзи бахъахъхъæныныл куы архайæм, уæд низыл дæр фæуæлахиз уыдзыстæм», — фæбæрæг кодта ныхасгæнæг.

Рынчынтæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ фылдæр кæны, æнæниздзинады къабазыл, комкоммæ алы дохтырыл, алы медицинон кусæгыл дæр ацы бонты цы уаргъ æвæрд цæуы, уый. «Ныртæккæ уыцы уаргъ у, зæгъæн дæр ын куыд нæй, афтæ уæззау. Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны бацæттæ кодтам рынчынтæн 420 бынаты, Республикон клиникон рынчындоны — 400 бынаты, Æрыдоны районы центрон рынчындоны — 65 бынаты æмæ, Горæтгæрон районы рынчындонæн цы хицæн бæстыхай ис, уым 780 бынаты», — загъта Тускъаты Таймураз. Уавæр дарддæр дæр афтæ куы ахæсса æмæ медицинон кусджытæ куы нал фаг кæна, уæд, йæ ныхасмæ гæсгæ, дохтыртæ, астæуккаг æмæ кæстæр медицинон кусджыты штат бахъæудзæн фылдæр кæнын, чи зоны, æмæ ма суанг бахъæуа дохтыр-ординаторты æххуыс дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй дохтыртæн æххуысмæ батагъд кодтой кæстæр фæлтæр — Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы хистæр курсыты студенттæ.  «Мадзæлттæ арæзт цæуынц, цæмæй ног низæфтауæг ма фæхæццæ уа дохтыртæм æмæ медицинон кусджытæм. Низæй сæ чи бахъахъхъæна, сæрмагонд ахæм медицинон дарæс хуыйын райдыдта Æрæфы хуыйæн фабрик, æндæр куыстуæттæ», — дзырдта Хицауады Сæрдар.

Бæрæг куыд у, афтæмæй, ног низæфтауæг адæймагмæ фæхæццæ æви нæ, уый сбæрæггæнæн ис компьютерон томографийы фæрцы. Компьютерон томографтæ нæ республикæйы ис æртæ — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны, Республикон клиникон рынчындоны æмæ онкодиспансеры. Фæлæ ныртæккæ низджынты нымæц цæхгæр сырæзт, анализ скæнынмæ адæмы бахъæуы дзæвгар рæстæг æнхъæлмæ кæсын, уымæ гæсгæ ацы аппаратты нымæц дæр хъæуы фæфылдæр кæнын. Хицауады Сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй, Республикон клиникон рынчындоны цы дыккаг томограф ис, уый у базилинаг, азтæ йыл кæй рацыд, уымæ гæсгæ æмæ уый дæр сараздзысты. Уымæй уæлдай, республикæ, æнæмæнг, балхæндзæн ноджыдæр ма иу компьютерон томограф. «Томографтæй уæлдай фæфидаргæнинаг у æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз æнæхъæнæй дæр, æмæ ууыл кусдзыстæм», — загъта Тускъаты Таймураз æмæ ма бафиппайдта, раивинаг кæй у медицинон кадртæ цæттæ кæныны куыст. «Республикæйы нæ фаг кæнынц пульмонологтæ, инфекционисттæ æмæ æндæртæ. «Нырыккон уавæр куыд равдыста, афтæмæй рацаразинаг у æппæт медицинон къабаз. Дуне ивы, æмæ ахæм ног низтæ дарддæр дæр фæзын-фæзын куы кæной, уæд бахъæудзæн, сæвзæрæг уавæрты кусын чи зона, ахæм специалисттæ цæттæ кæнын», — загъта Тускъаты Таймураз.

Ног коронавирусæй рынчынтимæ чи кусы, уыцы дохтыртæ æмæ медицинон кусджытæн ис æмæ дарддæр дæр уыдзæн разæнгардгæнæн федералон æмæ регионалон уæлæмхасæн бафыстытæ. «Уыцы нысанæн республикон бюджеты ис хъæугæ уæлæмхасæн гæнæнтæ», — бафиппайдта Хицауады Сæрдар.

Бæрæг куыд у, афтæмæй низимæ баст сæвзæрæг уавæры аххосæй фылдæр хъыгдард баййæфтой чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæ. Ныр сæ къæхтыл ногæй цæмæй слæууой, уый тыххæй сын паддзахадæй æххуыс ис, премьер куыд загъта, афтæмæй абоны бонмæ æххуыс райсыны фæдыл чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæй Экономикон рæзты министрадмæ æмæ Хъæууон хæдзарады министрадмæ æрбацыд æртæ мин куырдиаты. Каст сæм æрцыд, æмæ се ‘ппæт дæр райстой æмбæлгæ æххуыс. Уымæн бахъуыд 30 милуан сомы. Куырдиаттæ амалхъомады субъекттæй нырма цæуынц, æмæ, Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй дзы иунæг дæр æнæ дзуаппæй нæ баззайдзæн.

Ныридæгæн нæ республикæйы æнтыстджынæй царды уагътой республикæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл федералон æмæ регионалон нысанмæ арæзт программæтæ. Сæвзæргæ уавæрты уыдон дарддæр куыд æххæстгонд цæудзысты экономикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, спорты, культурæйы къабæзты цы объекттæ арæзт цыд, уыдонæн ныр сæ хъысмæт цы бауыдзæн, зæгъгæ, фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй уыцы куыст фæкъуылымпы кæнын нæ бауадздзысты. Сæ æххæст кæнынæн, зæгъæм, 2016 азы, кæд 4,5 миллиард сомы æрцыд дихгонд, уæд 2019 азы та — 15,4 миллиард сомы. Ивгъуыд, 2019 азы, республикæйы æххæстгонд цыд, национ проектты хай чи уыд, 41 ахæм регионалон проекты. Ацы аз та уыцы регионалон проекттæ сты 46. «Æмæ ныртæккæ цыфæнды зындзинæдтæ кæд æййафæм, уæддæр се ‘ппæт дæр сæххæст кæндзыстæм, уый тыххæй алы къуыри дæр æрзилын, республикæйы цы объекттæ арæзт кæнæ бындурон цалцæггонд цæуынц, уыдоныл», — загъта Хицауады Сæрдар.

Куыд зонæм, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг бафыста, 12 майæ фæстæмæ æхсæнадон бынæтты, дуканиты, транспорты маскæтæ æнæмæнг дарыны тыххæй указ. Йæ æххæст кæныны, стæй, уагæвæдхалджыты ныхмæ цы æфхæрæн мадзæлттæ конд цæудзæн, уый фæдыл ныхас кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй маскæтæ дарын у æнæмæнг хъæугæ мадзал, низ дарддæр хæлиу кæнын чи нæ бауадздзæн, ахæм ахсджиаг фæрæз. «Уый кæд хуымæтæг фæрæз у, уæддæр зынгæ фæрогдæр кæндзæн, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазыл абон цы уæззау уаргъ æвæрд ис, уый. Мæ зæрдæ дарын, ацы хуымæтæг домæн адæм  кæй æххæст кæндзысты æмæ сæхи дæр æмæ сæ бинонты дæр кæй хъахъхъæндзысты, ууыл», — загъта премьер. Маскæтæ дарыны домæн куыд æххæстгонд цæудзæн, уымæ сæ цæст дардзысты æмæ уагæвæрдхалджыты ныхмæ æфхарæн мадзæлттæй пайда кæндзысты “Роспотребнадзор”-ы æмæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

«Фæлæ цавæрфæнды æфхæрæн мадзæлттæй хуыздæр нæ ‘ппæты дæр бахъахъхъæндзæн нæ куырыхон зонд, уавæр кæй æмбарæм, уыцы хъуыддаг», — кæронбæттæны фæнысан кодта Тускъаты Таймураз.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ  

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here