Зындгонд поэт, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, телерадиокомпани «Алани»-йы редактор æмæ журналист КЪАДЗАТЫ Станиславы ном уарзон æмæ зынаргъ у ирон чиныгкæсджытæн. Уарзондзинадыл, нæ адæмы ивгъуыд æмæ нырыккон цардыл æм цы æмдзæвгæтæ ис, уыдон сæ бынат адæмы зæрдæты раджы ссардтой æмæ арынц. Йæ поэтикон æмбырдгæндтæ: «Уидæгты рухс», «Ирдгæ», «Урс къæсæр», «Дыууæ æнусы астæу».
Къадзайы-фыртæй рох не сты нæ чысыл сабитæ дæр. Уыдонæн дæр 90-æм азты райдайæны мыхуыры рауагъта чиныг «Абетæ». Æрæджы та рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йе ‘мдзæвгæты, тагъддзуринæгты, уыци-уыциты æмбырдгонд «Зондабитæн — мæ алдымбыд». Автор йæ разныхасы фыссы мысинæгтæ йæ сабидугæй æмæ зæгъы: «Мысинæгтæ мысайнæгтау — сыгъдæг, уыдоны фæрцы райгуырдысты ацы æмдзæвгæтæ. Алы кары минæварæн дæр — йæхи хай. Чиныг дæр уымæн схуыдтон «Зондабитæн-мæ алдымбыд».
Дзæбæх ныхас фæндаг дæтты, æмæ рæствæндаг ут иууылдæр, мæ кæстæр хотæ æмæ æфсымæртæ».
Чиныгмæ автор цы уацмыстæ бахаста, уыдонæн сæ алкæцыдæр фыст у фæлгонцджын, нуарджын, æнцонæмбарæн, хъæздыг ирон æвзагыл. Йæ уацмысты алы хаййæн дæр ис хицæн сæргондтæ.
Мæнæ ацы рæнхъыты та фыссы:
Бады сау лæппу бæхыл,
Фатау быдыры тæхы.
Базыртæ йыл цинæй базад,
Дымгæ дæр йæ фæстæ баззад.
Ахæм ма дзы уа цæрдæг —
Стоны уæлбæхæй кæрдæг!
Урс æврæгътæм къух фæтилы,
Бæхы гуыбыныл æрзилы.
Бады сау лæппу бæхыл,
Фатау быдыры тæхы.
Ацы æмæ æндæр уацмыстæ Станислав афтæ фæлгонцджынæй ранывæзта æмæ сабиты цæстытыл æнцонтæй ауайдзысты. Чиныгмæ цы уацмыстæ бацыд, уым æмбарын кæны хæдзары дзаумæтты, цæрæгойты, адæймаджы буары хæйтты, сабиты хъазæнты сконд, удыхъæды фæзминаг æмæ цард фыдуынд чи кæны, уыцы æппæрццæг миниуджытæ.
Æмдзæвгæ «Дзырдтæй хъазт»-ы фæрцы сибитæ базондзысты, ирон æвзаг куыд тасаг у, уый:
— Зæгæл æмæ зест,
— Фæкæл æмæ фест.
— Зыгуым æмæ цъацъа.
— Зыгъуыммæ — дæ цаца.
— Зымæг æмæ уазал,
— Зынгæй у сæ адзал.
— Зыхъхъыр æмæ гудзи,
— Быдыр æмæ къудзи.
— Зивæг æмæ пъæззы,
— Рдхордæн мын нæ бæззынц.
— Зыкъуыр æмæ зыдыка,
— Скъуыра сæ мæ фыркъа,
— Сырдтæ æмæ Æфсати,
— Дзырдтæй мæнмæ æфсад и!…
Станислав къорд азы уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиойы сабиты радиобакаст «Удæвдз»-ы автор æмæ амонæг. Уый уыд радиобакаст «Уацамонгæ»-йæн йæ кæстæр æфсымæр. Йæхи сабибонтæ арвыста хъæуы сыгъдæг уæлдæфы, доны сыбар-сыбурмæ, мæргъты зарынмæ хъусгæйæ, æмæ хуры тынтæм йæ зæрдæ æмæ уды рæбинæгтæ, чингуыты, хистæрты аргъæутты, таурæгъты фæрцы хъæздыг кæнгæйæ. Уæдæ йын амонды зæд дæр балæвар кодта æртæ фæзминаг кæстæры. Уыдоны æмæ хи арф æмæ дардмæуынаг зонды фæрцы базыдта нæ рæзгæтæн сæ уды æмæ зæрдæйы, зонды ахаст. Йæ ног чиныджы ис афæдзы афонтыл фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ, миниатюрæтæ, зарджыты тексттæ.
Чиныг » Зондабитæн — нæ алдымбыд» хорз фæахъаз уыдзæн рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн, кæстæр кълæсты скъоладзаутæн, ЦИПУ-йы аивæдты факультеты æмæ нæ республикæйы культурæйы колледжы актеры æмæ режиссерты дæсныйадыл чи ахуыр кæны, уыцы студенттæн. Йæ рауадзынæн авторæн æхцайæ феххуыс кодта амалхъом Къадзаты Вовæ.
ГАСАНТЫ Валери














