Цуан кӕнӕм ӕгъдауыл

0
382

Ӕрвылаз Цӕгат Ирыстоны цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнады уӕнгтӕ зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, цуангӕнӕн рӕстӕг кӕд райдайдзӕн, уымӕ. Иннӕ хӕттыты хуызӕн ныр дӕр уый райдыдта августы ӕртыккаг сабаты (15-ӕм боны) сӕумӕцъӕхӕй фӕстӕмӕ. Уӕд цуанӕтты хӕцӕнгӕрзты фыццаг гӕрӕхтӕ райхъуыстысты республикӕйы ӕрдзон бынӕтты ӕмӕ РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады хӕстӕ бардзырдӕй официалон ӕгъдауӕй гом ӕрцыд 2020-2021 азты цуангӕнӕн рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ нӕ уацхӕссӕг фембӕлд ацы министрады цуангӕнӕн архайдмӕ цӕстдарды хайады хицау Битарты Артуримӕ.

— Цавӕр уавӕрты цӕудзӕн ног цуангӕнӕн рӕстӕг?

— Иннӕ азты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр цуангӕнӕн рӕстӕг райдыдта алыхуызон мӕргътыл цуан кӕнынӕй. Нӕ ныхас куы фӕбӕлвырддӕр кӕнӕм, уӕд августы ӕртыккаг сабатӕй 2020 азы 31 декабрмӕ цуангӕнӕн ис уӕрццыл, бӕлӕтты кӕцыдӕр хуызтыл, сындзуасджытыл, доныленкгӕнӕг мӕргътыл (бабызтӕ ӕмӕ хъазтыл), ӕмӕ ӕндӕртыл дӕр. Фӕлӕ нӕ цуанӕттӕ спортивон цуан кӕнын фылдӕр уарзынц хъӕддаг сырдтыл. Уымӕ гӕсгӕ, бардзырды куыд амынд цӕуы, афтӕмӕй, 1 августӕй 2020 азы 30 ноябрмӕ цуан кӕнӕн ис дзӕбидыр ӕмӕ сычъийы ӕппӕт кары къордтыл. Лысхъуын цӕрӕгойтӕй: рувасыл, бирӕгъыл, манкъа бирӕгъыл (шакал), ӕхсӕрсӕттӕгыл, тӕрхъусыл цуан кӕныны ӕмгъуыд — 2020 азы 15 сентябрӕй 2021 азы 28 февралмӕ. Бур арс у нӕ хъӕды ӕлдар, ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй 1 августӕй 30 ноябрмӕ, стӕй та 2021 азы 1 апрелӕй 30 апрелмӕ, ууыл цуангӕнӕн ис, ӕрмӕстдӕр афӕдзы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм сырдтӕй фӕстӕмӕ, стӕй лӕппынтӕ кӕмӕн уа, ахӕм мадӕл ӕрсытӕй фӕстӕмӕ дӕр.

— Спортивон цуан кӕнын чи уарзы, уыцы адӕмӕн цавӕр фадӕттӕ арӕзт ӕрцыд?

— Цуангӕнӕн рӕстӕг байгом кӕныны агъоммӕ нӕ хайады специалисттӕ бӕлвырд ахъуыды кодтой, цӕмӕй фыдӕнхъӕл ма фӕкӕнӕм нӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ бӕрӕгбон арвитой ӕнтыстджынӕй. Фыццаджыдӕр, бӕрӕггонд ӕрцыдысты, кӕм цуан кӕндзысты, уыцы ӕрдзон бынӕттӕ. Уыдон сты: Цӕгат Ирыстоны паддзахадон цуанӕтты фӕлварӕн хӕдзарад, Федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Фсати — фонд», Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнад, ӕмӕ Федералон бюджетон кусӕндон «Беркут». Ӕдӕппӕтӕй ахсынц 450 мин гектары ӕмӕ ӕппӕтӕй дӕр сырдджын сты, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд нӕ фӕрӕдидзынӕн.

Ӕрвылаз зымӕгон мит куы ӕрӕхгӕны къуылдымтӕ ӕмӕ тӕрфыты, уӕд мах сӕ къахвӕдтӕм гӕсгӕ фӕнымайӕм нӕ сырдты нымӕц. 2019 азы бӕрӕггонд куыд ӕрцыд, афтӕмӕй, амынд хӕдзарӕдты сагтӕ ис 670, дзӕбидыртӕ — 3484, сӕгуыттӕ — 876, сычъитӕ — 1295, бирӕгътӕ — 240, ӕрсытӕ — 287, тӕрхъустӕ — 3281, рувӕстӕ — 1205, манкъа бирӕгътӕ — 1416, хъӕддаг гӕдытӕ — 22, ӕхсӕрсӕтджытӕ — 1690, сӕлавыртӕ — 940, доны уырдтӕ — 12 ӕмӕ мыстулджытӕ — 130 сӕры. Уымӕ гӕсгӕ министрад йӕ дӕлбар хӕдзарӕдтӕн бар радта иу кӕнӕ иннӕ сырд амарыны тыххӕй цуанӕттӕн лицензитӕ дӕттын.

— Иннӕ сырдтӕй уӕлдай нӕ цуанӕттӕм хуыздӕр кӕсы хъӕддаг хуыйыл цуан кӕнын, фӕлӕ фӕстаг азты уый тыххӕй бар нӕй. Цӕуылнӕ?

— Куыд зонӕм, афтӕмӕй, къорд азы размӕ хуыты африкӕйаг емынӕ фӕзынд хъӕддаг хуытыл, ӕмӕ сӕ уый чысыл нӕ бахъыгдардта. Ныр низ фесӕфт, хуыты нымӕц фылдӕр кӕны. Зӕгъӕм, ӕрмӕст нӕ бӕрныгонд хӕдзарӕдты уыдон сты 436 сӕры. Фӕлӕ Уӕрӕсейы ӕрдзы министрадӕй цы амынддзинад райстам, уый бындурыл, 4 мин гектары цы хӕдзарад ахсы, уымӕн хъӕддаг хуы амарыны тыххӕй бар радтӕн ис иу хъӕддаг хуыйӕн. Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр нӕ фадӕттӕм ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ гӕнӕн ӕмӕ амалӕй рӕхджы ацы хъуыддаг дӕр лыггонд ӕрцӕудзӕн.

— Бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, хъӕддаг цӕрӕгойты нымӕц фылдӕр кӕны азӕй-азмӕ. Уый цӕй руаджы у?

— Ӕцӕгдӕр, хъӕддаг цӕрӕгойтӕ, раздӕр азтимӕ абаргӕйӕ, ныр фӕфылдӕр сты нӕ цуангӕнӕн хӕдзарӕдты. Зӕгъӕм, 2019 азы нымадмӕ гӕсгӕ сагты дзугтыл бафтыд 80 сӕры, сӕгуытты — 67, сычъитыл — 204, ӕрсытыл — 72 ӕмӕ афтӕ дарддӕр, бирӕгъты нымӕц та фӕкъаддӕр 100 сӕры бӕрц. Уымӕн ӕмӕ раздӕр азтӕй хъауджыдӕр ныр фылдӕр архайд цӕуы сырдтӕн биотехникон мадзӕлттӕ аразыныл. Хъӕддаг цӕрӕгойтӕн зымӕгмӕ ӕрцӕттӕ кӕнӕм хос, хоры ӕвзарӕнтӕ, стӕй, цӕхх кӕм сдӕрой, ахӕм бынӕттӕ дӕр, хуытӕн та нӕм сӕрдыгон вӕййы найӕнтӕ, цӕмӕй сӕ хилджытӕ ма хъыгдарой.

Уымӕй уӕлдай афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр стыр куыст цӕуы хъӕддаг сырдты ӕнӕзакъон цуанӕттӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цы цӕугӕ къордтӕ саразӕм, уыдон вӕййынц цуангӕнӕн бынӕтты. Арӕхдӕр та дзы фӕархайынц — Уаниаты Аслан Уӕрӕсейы гвардийӕ, Хъӕцмӕзты Бухути цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнадӕй, Дойаты Геннади ӕмӕ Битарты Тамерлан та вӕййынц Федералон паддзахадон кусӕндон «Беркут»-ӕй. 2020 азы ӕрмӕст ӕхсӕз мӕймӕ ӕнӕзакъон цуанӕттыл арӕзт ӕрцыд 21 суагъӕйы, ӕмӕ сӕ фидын бахъуыд 22 мин сомы.

— Артур, цуан кӕныны рӕстӕг ӕнӕзакъон цуанӕтты архайд нӕ фӕтыхджындӕр уыдзӕн ӕрдзон бынӕтты?

— Уымӕн уӕвӕн нӕй. Куыд загътон, афтӕмӕй, Мидхъуыддӕгты оргӕнты кусджытимӕ мах рейдтӕ аразӕм ӕмӕ дарддӕр араздзыстӕм цуангӕнӕн бынӕттӕм. Уымӕй уӕлдай пайдагонд цӕудзӕн фотоахсӕнтӕ, ӕндӕр техникон мадзӕлттӕй дӕр. Ӕрдзы министрады бардзырдӕй нӕ хайадӕй уӕлдай федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Цӕгат Ирыстоны паддзахадон цуанӕтты фӕлварӕн хӕдзарад»-ы директор Созанаты Цӕрайӕн, регионалон ӕхсӕнадон организаци «Цӕгат Ирыстоны цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнад»-ы сӕрдар Азиаты Алыксандрӕн, ӕхсӕнадон фонд «Фсати»-йы директор Керчелаты Эльбрусӕн амынд ӕрцыд, цӕмӕй иудадзыг бӕрӕг кӕной, цуанӕттӕ цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Хъуамӕ алы коллективон цуаны рӕстӕг дӕр йӕ архайджытӕн, ӕнӕмӕнг, амынддзинӕдтӕ лӕвӕрд цӕуой ӕдасдзинады техникӕйӕ, хъӕд зынгсирвӕзтӕй бахъахъхъӕныны фӕдыл.

— Цуаны ацӕуыны тыххӕй дӕм цавӕр гӕххӕттытӕ хъуамӕ уа?

— Фыццаджыдӕр, Мидхъуыддӕгты оргӕнтӕй хӕцӕнгарз хӕссыны бар, Цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнады билет, стӕй хъӕуы цӕуыл цуан кӕнай, уый цавӕр цуангӕнӕн территорийы ӕмӕ кӕцы ӕмгъуыдты цуан кӕнын ӕмбӕлы, уыдон амынд кӕм уой, ахӕм балцӕг дӕр. Хъуамӕ кӕддӕриддӕр цуан кӕнӕм ӕгъдауыл. Уӕд спортивон цуан мидисджындӕр уыдзӕн, нӕ фӕллад та хуыздӕр суадздзыстӕм.

Ныхас ныффыста Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here