Ӕмхъӕуккӕгтӕ

0
523

Алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр хицӕн бынат ис йӕ райгуырӕн хъӕубӕстӕн. Афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ йӕ ӕндӕр ранмӕ бахъӕуы алидзын, кӕм ахуыр кӕнынмӕ, кӕм кусынмӕ. Ног цӕрӕн бынат, ног сыхӕгтӕ, фӕлӕ уӕддӕр йӕ бастдзинад нӕ фехӕлы йӕ райгуырӕн хъӕуимӕ.

Куыд ын уайы, афтӕ ӕмбӕлы цины дӕр, зианы дӕр. Уӕдӕ хъӕуккӕгтимӕ фембӕлыны тыххӕй дӕр арӕх ӕрцӕуынц хъӕумӕ, сӕ фӕллад суадзынмӕ, ӕрымысынмӕ, иумӕ абадынмӕ.

Ацы къам ист ӕрцыд 2009 азы, майрӕмы мӕйы. Бӕрӕгъуыны сӕмбӕлдысты, Дзӕуджыхъӕумӕ дзы цӕрынмӕ чи ацыд, уыцы адӕм. Хъӕуккӕгтимӕ ӕрбамбырд сты хъӕуы ӕдде, ӕрдзы хъӕбысы. Хъыгагӕн дзы 10 адӕймаджы ацыдысты се ‘цӕг дунемӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ӕхсызгон вӕййы ӕркӕсын къаммӕ, ӕрымысын.

Уадз, ӕмӕ йӕм «Рӕстдзинад»-ы фарсыл ӕркӕсой бӕрӕгъуынӕгтӕ ӕмӕ зоной, куыд ӕхсызгон у хъӕуӕй рацӕуӕг адӕмимӕ бастдзинад дарын.

Цомайты Алик, Бӕрӕгъуыны цӕрӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here