Цард алывӕрсыг у. Цы уырдгуытӕ ӕмӕ дзы фӕхӕрдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл цӕугӕйӕ, лӕг цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ зона йӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ ном бахъахъхъӕнын. Йӕ зӕрдӕйы арфы уӕздандзинады табуйаг миниуджытӕ чи хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ йӕ царды кӕронмӕ рӕсугъдӕй чи фӕхаста, йӕ алыварс адӕмӕн ӕмӕ йӕ мыггагӕн ныфс чи уыдис, ахӕм фӕрнджын лӕгӕй зыдтой Багаты Ароны.
Уый райгуырд Хуссар Ирыстоны Хъемултайы хъӕуы кадджын ӕмӕ кӕрдзындӕттон бинонты ‘хсӕн. Йӕ ныййарджытӕ сӕ цоты, дыууӕ ӕфсымӕры ӕмӕ дыууӕ хойы, ахуыр кодтой адӕмы ‘хсӕн уӕзданӕй цӕрыныл. Ирон ӕмбисонд та зӕгъы: сывӕллон хӕдзары цы ӕгъдау ӕмӕ уаг уына, уый хӕссы адӕмы ‘хсӕнмӕ дӕр. Уыцы уагыл Арон дӕр йӕ ныййарджыты ном ӕмӕ намысыл къӕм абадын никуы бауагъта.
Афтӕ рауад, ӕмӕ йӕ бинонтӕ хуыздӕр цардагур ралыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцардысты Горӕтгӕрон районы Сунжӕйы хъӕуы. Лӕппу ам каст фӕци астӕуккаг скъола. Кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнгӕйӕ дӕр бирӕ уарзта аивадон литературӕйы чингуытӕ кӕсын, уӕлдайдӕр та, детективтӕ. Чи зоны, ӕмӕ уымӕн равзӕрста мидхъуыддӕгты кусӕджы дӕсныйад. Бацыд нӕ бӕстӕйы Мидхъуыддӕгты министрады скъолатӕй иумӕ. Йӕ фӕллойадон биографи райдыдта Хабаровскы. Уым йӕ хӕстӕ фӕзминагӕй ӕххӕст кодта. Радтой йын хистӕр лейтенанты цин. Цалдӕр азы фӕстӕ ссыд Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ куыста завод «Топаз»-ы хъахъхъӕнӕг службӕйы хицауӕй. Йӕ уӕздандзинады, ӕфсармы, йӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ бӕрнонӕй кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй йын аргъ кодтой куыстуаты разамынд ӕмӕ фӕллойгӕнджытӕ. Фӕстӕдӕр ӕй йӕ куысты бынат ивын бахъуыд нӕ горӕты хъӕдгуыстгӕнӕн хӕдзарадмӕ. Ам дӕр фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ йӕхи бауарзын кодта.
— Мӕ фырт, адӕмы ӕхсӕн уӕздан, хиуылхӕст ӕмӕ рӕдаузӕрдӕ адӕймаг нымад ӕмӕ кадджын у. Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ дӕ уды ӕмӕ зӕрдӕйы бахъахъхъӕн,— афтӕ фӕдзӕхста Аронӕн йӕ дзуапджын ӕмӕ дзырддзӕугӕ фыд Бимболат.
Йӕ фыды фӕдзӕхст йӕ зӕрдыл даргӕйӕ, Багаты Арон цардмӕ хаста йӕ рӕсугъд удыхъӕды бӕллиццаг миниуджытӕ: уӕздандзинад, ӕфсарм, намыс. Йӕ уагӕй ӕмӕ удыскондӕй уыд парахат зӕрдӕйы хицау. Уым та бынат уыд йӕ бинонты, къабӕзты, ӕмгӕртты уарзтӕн. Ӕмгарӕн, сыхагӕн, фӕкӕсынхъуаг адӕмӕн хорзы бацӕуынӕй йӕм хуыздӕр ницы каст. Ахӕм зӕрдӕ дардта йӕ кадджын мыггаг Багатӕм дӕр. Вӕййы ахӕм адӕм, ӕмӕ мыггаг фӕхӕссынц, сӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ куыстуаты дӕр вӕййынц нымад ӕмӕ кадджын, фӕлӕ сӕ мыггаджы ‘хсӕнмӕ нӕдӕр цӕугӕ фӕкӕнынц, нӕдӕр сӕм дзургӕ ничи бакӕны. Арон та уыд мыггаг кӕрӕдзиуыл бӕттӕг, сӕ циныл цингӕнаг, бахъуыды рӕстӕг та сӕ фарсмӕ ма ‘рбӕлӕууа, уынаффӕйы рӕстӕг та сын цӕстуарзон ӕмӕ хӕларӕй йӕ хъуыды ма зӕгъа, афтӕ никуы уыд.
Фӕстаг рӕстӕг ирон мыггӕгты ‘хсӕн ныффидар хорз ӕгъдау. Сӕ равзӕрд, сӕ номдзыд лӕгты, суинаг кӕстӕрты арфӕйаг хабӕрттӕ рахӕссынц дзыллӕйы рӕгъмӕ чингуыты хуызы. Чиныг та у ӕнусон, ӕнӕсӕфт ӕмӕ ӕнӕсысгӕ хӕзна, ӕнусон мӕсыг. Багаты уӕздан мыггаг дӕр чиныг аразын куы сфӕнд кодтой, уӕд уыцы хъуыддагыл, фыццагдӕр, дысвӕлдӕхтӕй архайын райдыдта Арон. Куыд Цӕгаты, афтӕ Хуссар Ирыстоны чи цӕры, йӕ мыггаджы уыцы минӕвӕрттӕй бирӕтӕй фембырд кодта ӕрмӕг: къамтӕ, къухфыстытӕ, ӕндӕр ӕрмӕджытӕ. Чиныг аразыны хъуыддаджы йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты Багаты уӕздан лӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ бирӕ азты фӕллойӕ рауад ахъаззаджы чиныг.
Цӕй хорз сты уыцы кӕстӕртӕ, сӕ хистӕрты арфӕйаг хъуыддӕгтӕ дарддӕр рӕсугъддӕрӕй чи ахӕссы. Афтӕ фидарӕй зӕгъӕн ис Багаты мыггаджы кӕстӕртӕй дӕр. Уыдон Ароны арфӕйаг архайд, мыггагыл чиныг аразыны хъуыддаг, ӕрдӕгыл нӕ ныууагътой, фӕлӕ ма йӕ ноджы фӕуындджындӕр кодтой. Уымӕй сӕ уӕздан хистӕрӕн мӕрдтӕм, ӕмӕ сӕхицӕн та ацы дунейы скодтой ӕгъдау ӕмӕ кад.
Арон ацы дунейы фӕцард ӕрмӕстдӕр 66 азы. Фӕлӕ куыд рӕстагӕй ӕмӕ намысджынӕй фӕцард, уый та йӕ фӕстӕ уӕлион царды йӕ цотӕн, йӕ хиуӕттӕн, йӕ бирӕ хӕстӕджытӕн баззад дӕнцӕгӕн хӕссинагӕн.
Гасанты Валери














