Уырыссаг театры бӕрӕгбонмӕ…

0
555

 

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театр йӕхи цӕттӕ кӕны йӕ 150 азы юбилеймӕ.

Театры аивадон разамонӕг Владимир Уваров куыд радзырдта, афтӕмӕй бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ сараздзысты 2021 азы майы кӕрон.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, театры юбилеймӕ бацӕттӕ кӕндзысты бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕрӕгбон уазджытӕй фидауы — ӕмӕ уый дӕр рох нӕу организацион комитеты уӕнгтӕй.

«Театры юбилеймӕ цӕттӕгӕнӕг комитетӕн разамынд дӕтты Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уый разамындӕй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрдзурӕм фидӕны бӕрӕгбоны мадзӕлттыл. Амӕй размӕ та сӕрмагонд ныхас рауад, нӕ юбилейы кадджын уазджытӕ чи суыдзӕн, уыдоныл. Куыд фӕнд кӕнӕм, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕумӕ фӕхондзыстӕм Уӕрӕсейы Театралон архайджыты цӕдисы сӕрдар, УСФСР-йы адӕмон артист Александр Калягины, драматург, Уӕрӕсейы адӕмон артист Марк Розовскийы, Евгений Вахтанговы номыл мӕскуыйаг академион театры директор Кирилл Крокы, литературон ӕмӕ театралон критик, журнал «Страстной бульвар»-ы шеф-редактор Наталья Старосельская ӕмӕ аивады иннӕ зындгонд архайджыты. Ӕппӕт фадӕттӕй дӕр бацархайдзыстӕм, цӕмӕй театры бӕрӕгбон ирд ӕмӕ цымыдисаг рауайа», — кӕронбӕттӕны загъта Владимир Уваров.

Нӕ уацхӕссӕг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here