Ӕрӕфы район: ныфсджынӕй — размӕ

0
483

Нӕ республикӕйы фидар цӕджындзтӕ сты йӕ районтӕ. Ӕмӕ дзы алы ран дӕр цы уавӕр ис, адӕм дзы куыд цӕрынц, уымӕй аразгӕ у ӕппӕт республикӕйы уавӕр ӕмӕ йӕ цӕрджыты фӕрныгад. Абон нӕ ныхасы сӕр у Ӕрӕфы район. А фӕстаг рӕстӕг йӕ бакаст, йӕ уавӕр, йӕ гӕнӕнтӕ, йӕ фадӕттӕ зынгӕ аивтой, ӕмӕ дзы ивддзинӕдтӕ цӕуынц ныр дӕр. Уыцы рӕзты фӕндагыл район дарддӕр цы къахдзӕфтӕ кӕндзӕн, хӕстӕгдӕр фидӕнмӕ ахсджиагдӕртыл йӕхицӕн цы куыстытӕ ӕмӕ цавӕр нысантӕ нымайы, ууыл у нӕ ныхас Ӕрӕфы районы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Хидирты Батрадзимӕ:

— Ӕрӕфы районы а фӕстаг рӕстӕг ивддзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ размӕ ӕнтыстджын кӕхдзӕфтӕ кӕй кӕны, уымӕн ӕнӕбафиппайгӕ нӕй. Районы сӕргъы куы ӕрлӕууыдтӕ, ууыл рацыд дыууӕ азы. Уыдон кӕд бирӕ не сты, уӕддӕр, цавӕрдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ ныридӕгӕн къухы кӕй бафтыд, уый у бӕлвырд. Куыд районы разамонӕг, афтӕ уыцы бӕрӕггӕнӕнтӕм цы цӕстӕй кӕсыс, ӕмӕ уӕ куыстӕн цавӕр хатдзӕгтӕ скӕнӕн ис?

— Ӕрӕфы районы бынӕттон хиуынаффӕйад ивгъуыд аз куыд бакуыста, уымӕн аргъ кӕнгӕйӕ, фыццаджыдӕр, зӕгъын хъӕуы финансон архайды бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй. Нӕ цӕрджытӕ хорз хъуыды кӕнынц, районӕн цы финансон къуылымпытӕ уыд, уыдон: бюджетон организацитӕ кусджытӕй дардтой хӕс, сӕ хыгъдтӕ иудадзыгдӕр ахст кӕй цыдысты, уый аххосӕй, кусӕндӕттӕн се ‘ппӕтӕн дӕр сӕ материалон-техникон базӕ уыд сноггӕнинаг, сывӕллӕттӕн рӕвдауӕндӕтты хӕринаг цӕмӕй уыдаид, суанг уымӕн дӕр ӕхца алкӕд нӕ фаг кодта. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕты фыццаг хъуыд районы финансон уавӕр банывыл кӕнын. Уыцы хъуыддаджы нын хорз баххуыс кодта республикӕйы Хицауад. Нӕхӕдӕг дӕр бацархайдтам, районы бюджетмӕ цы хъалонтӕ хъуамӕ цӕуа, уыдон ӕмбырд кӕныны хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл. Ныхас, фыццаджыдӕр, цӕуы хъӕууонхӕдзарадон нысаниуӕджы зӕххыты хъалоныл. Уыцы мадзӕлтты фӕрцы не ‘фтиӕгтӕ (хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты) цыппар хатты фӕфылдӕр сты. Районы бюджет республикӕйӕ цы хӕс дардта, уый зынгӕ фӕкъаддӕр, социалон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта ӕмӕ, сӕйрагдӕр, районы социалон-экономикон рӕзтӕн, йӕ размӕцыдӕн фӕзынд гӕнӕнтӕ ӕмӕ авналӕнтӕ.

— Фӕстаг азты республикӕйы ӕнтыстджынӕй ӕххӕстгонд цӕуынц федералон ӕмӕ регионалон программӕтӕ. Ӕрӕфы район уыцы программӕты архайы ӕви нӕ, стӕй, кӕд архайы, уӕд уый цы хуызы фӕбӕрӕг районыл?

— Ивгъуыд азы нӕм хорзӕй цы уыд, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ, ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, кӕй архайдтам федералон ӕмӕ регионалон нысанмӕарӕзт программӕты ӕмӕ национ проектты, сӕ фӕрцы нӕм фӕзынд уавӕртӕ дарддӕры рӕзтӕн. Уыцы уавӕртӕ тынг фӕбӕрӕг сты социалон инфраструктурӕйы объекттӕ аразыныл ӕмӕ сӕ хӕрзхъӕддзинадыл. Фароны райдайӕны нӕм Советон поселочы фӕзынд, бындуронӕй кӕй рацарӕзтой, ӕмӕ нырыккон домӕнтӕн алцӕмӕй дӕр дзуапп чи дӕтты, ахӕм рӕвдауӕндон. Раздӕр дзы 30 сывӕллонӕй фылдӕрӕн бынат нӕ уыд, ныр та — 120 сывӕллонӕн. Уымӕй уӕлдай ма дзы бынӕттӕ фӕзынд 14 кусӕгӕн.

Федералон нысанмӕарӕзт программӕ «Ахуырады райрӕзт»-ы фӕлгӕты 2019 азы райдыдта ӕмӕ ныр кӕронмӕ ахӕццӕ: Хӕзныдоны ӕмӕ Сечеры рӕвдауӕндӕтты ма сарӕзтой дыууӕ бӕстыхайы. Сӕ алкӕцыйы дӕр дзы бынӕттӕ ис 50 сывӕллонӕн, сӕ рӕзтӕн ӕмӕ сӕ хъомыл кӕнынӕн — ӕппӕт уавӕртӕ.

Национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты 2019 азы Цыколайы 1-ӕм астӕуккаг скъола ӕмӕ Лескены астӕуккаг скъола цалцӕггонд ӕрцыдысты, ӕмӕ дзы сӕвӕрдтам информацион ӕмӕ гуманитарон ахуырадӕн хицӕнӕй хъӕугӕ ахуырадон ифтонггӕрзтӕ; цӕмӕй дзы шахмӕтты кълӕстӕ фӕзына, уымӕн уавӕртӕ арӕзт ӕрцыд Сырх-Дыгуры скъолайы, Цыколайы 1-ӕм, 2-ӕм ӕмӕ 3-ӕм скъолаты, стӕй Хӕзныдон ӕмӕ Лескены астӕуккаг скъолаты. Ивгъуыд ахуыры азы райдайӕн, 2019 азы сентябры ифтонггӕрзтӕ сӕвӕрдтам скъолаты, ӕмӕ сӕ ахуырдзаутӕ пайда кӕнынц. Нырыккон информацион-коммуникацион профессионалон дӕсныдзинӕдтӕ райсынӕн ӕмӕ, нырыккон технологон фӕрӕзтимӕ куыд архайгӕ у, уый зонынӕн  сын  уыдзысты хорз ӕххуыс.

Ӕрӕфы районы иуӕй-иу скъолаты бӕстыхӕйттӕ бынтон кӕй базӕронд сты, уымӕ гӕсгӕ, ацы сӕрды райдыдтам бындуронӕй цалцӕг кӕнын рагондӕр бӕстыхӕйттӕй иу — Цыколайы 2-ӕм скъола. Фӕнд кӕнӕм йӕ 50 азы юбилей сбӕрӕг кӕнын ног рацарӕзт бӕстыхайы.

— Ӕнтыстытимӕ вӕййы ӕнӕлыггонд фарстытӕ дӕр…

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахуырады къабазы нӕм нырмӕ ис лыггӕнинаг фарстытӕ дӕр. Зӕгъӕм, нырыккон домӕнтӕн дзуапп нал дӕттынц Цыколайы 1-ӕм ӕмӕ 3-ӕм рӕвдауӕндӕттӕ, стӕй Лескены рӕвдауӕндон. Тынг базӕронд сты ӕхсӕрысӕры, Мӕхческы, Лескены, Сечеры ӕмӕ Цыколайы 3-ӕм скъолаты бӕстыхӕйттӕ.

Тынг ахсджиаг нын у, ахуыргӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны скъолаты, уыцы фарст дӕр. Чи дзы кусы, уыдон сӕ фылдӕр сты карджын адӕм, ӕрыгон ахуыргӕнджытӕн та сӕ нымӕц у чысыл. Ӕнӕмӕнг, хистӕр кары ахуыргӕнджыты фӕлтӕрддзинад ӕрыгӕттӕн у ахсджиаг. Стӕй ахсджиаг у кӕстӕрты хъомыладӕн дӕр. Фӕлӕ ӕрыгӕтты хъӕумӕ цӕуын кӕй нӕ фӕнды, уый у сагъӕссаг хъуыддаг. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, ног программӕ «Хъӕуккаг ахуыргӕнӕг», стӕй иннӕ федералон программӕтӕм гӕсгӕ, ӕрыгон ахуыргӕнджытӕ се ‘ргом кӕй раздахдзысты хъӕутӕм, стӕй сын уавӕртӕ аразыны фадат хъӕуты кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ уый фӕрцы фарст лыггонд кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл.

— Социалон къабӕзтӕн сӕ ахсджиагдӕртӕй иу у медицинӕ, ӕмӕ йыл ӕнӕ  аныхасгӕнгӕ нӕй.

— Нӕ район федералон нысанмӕарӕзт программӕты кӕй архайы, стӕй нӕ тыхст, нӕ риссаг фарстытӕ республикӕйы Хицауад кӕй ӕмбары, уый фӕрцы ивгъуыд азы дӕргъы нӕ медицинон кусӕндӕтты бӕстыхӕйттӕн сӕ уавӕр, сӕ бакаст, сӕ гӕнӕнтӕ бынтон аивтой. Толдзгуыны арӕзт ӕрцыд ӕмӕ кусын райдыдта нырыккон фелсырон-акушерон пункт ӕмӕ, адӕмӕн цы медицинон лӕггад кӕны, уымӕн йӕ хӕрзхъӕддзинад раздӕримӕ абарӕн нӕй. Фелсырон-акушерон пункттӕ  аразын райдыдтам Мӕцутӕйы, Сырх-Дыгуры ӕмӕ Быдыры Дӕргъӕвсы. Стӕй ма, нӕ пълантӕм гӕсгӕ, ахӕм пункттӕ ацы аз аразын райдайдзыстӕм Сечеры ӕмӕ ӕхсӕрысӕры дӕр. Архайӕм, цӕмӕй ӕрӕфы районы Центрон рынчындон хаст ӕрцӕуа бындурон цалцӕджы федералон программӕмӕ.

— Медицинон къабазы  ивддзинӕдтӕ  медицинон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинадыл цы хуызы фӕзындзысты?

— Ацы ран ис медицинон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинадимӕ баст тынг ахсджиаг фарст, ӕмӕ нын алы аххосӕгтӕм гӕсгӕ йӕ алыг кӕнын нырма нӕма ‘нтысы. Хъӕутӕ сӕ кӕрӕдзийӕ дард кӕй сты, стӕй сӕ цӕрджыты нымӕц  чысыл кӕй у, уый аххосӕй, дард чи у кӕнӕ, зын хӕццӕгӕнӕн кӕдӕм у, уыцы хъӕуты медицинон пункттӕ (уӕлдайдӕр, хӕхты) дӕсны медицинон кусджытӕй баххӕст кӕнын у тынг зын. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, республикӕйы разамынды ӕххуысӕй ацы фарстмӕ дӕр каст кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл.

— Адӕмы социалон царды иннӕ ахсджиаг хай у культурӕ. Цы ис раппӕлинагӕй кӕнӕ сагъӕссагӕй районы культурон царды та?

— Ивгъуыд дыууӕ азы дӕргъы культурӕйы къабазы кусӕндӕтты материалон-техникон уавӕр зынгӕ фӕхуыздӕр. Кӕронмӕ ахӕццӕ сты районы Культурӕйы хӕдзары бындурон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Уыдон ӕххӕстгонд цыдысты нырыккон арӕзтады ӕппӕт домӕнтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Фӕзынд дзы  ног хъӕугӕ дзаумӕттӕ, ифтонггӕрзтӕ. Цыколайы Аивӕдты скъола бирӕ азты  цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, уыдонӕй  фервӕзт. Чысыл музыканттӕ ахуыр кӕнынц хорз  уавӕрты. Кӕронмӕ ахӕццӕ сты Сырх-Дыгуры Культурӕйы хӕдзары цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм цӕуын райдыдтой. Ӕхсӕрысӕры кӕронмӕ арӕзт фӕцис Культурӕйы хӕдзар. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг йӕ куыст райдайдзӕн Сечеры Культурӕйы хӕдзар. Ныртӕккӕ  сӕ тӕмӕны сты Быдыры Дӕргъӕвсы хъӕуы Культурӕйы хӕдзары цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, ӕмӕ а фӕззӕг хъуамӕ кусын райдайа. Районы культурӕйы къабазыл ныхас кӕнгӕйӕ, фыццаджыдӕр, раппӕлинаг сты бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы культурӕйы управленийы дӕсны зарӕггӕнджыты къорды, стӕй, управленийы дӕлбар чи ис, Цыколайы уыцы аивӕдты скъолайы хъомылгӕнджыты ӕнтыстытӕ. Сӕ дӕсныдзинадӕн сын аргъ кодтой канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма  Ростовы, Бетъырбухы, Мӕскуыйы  ӕппӕтуӕрӕсеон конкурстӕ ӕмӕ фестивалты дӕр.

— Адӕмы царды уавӕртӕ, сӕ цӕрыны фадӕттӕ фӕхуыздӕр кӕныныл районы цавӕр куыст цӕуы?

— Районы цӕрджытӕн сӕ  фадӕттӕ ивгъуыд азы  фӕхуыздӕр сты «2017-2019 азты адӕмы сӕ кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног цӕрӕн бынӕттӕм раивыны» муниципалон программӕ ӕххӕст кӕныны фӕрцы. Уыцы нысанӕн бюджетон фӕрӕзтӕй хардзгонд ӕрцыд 3625,1 мин сомы.

Уымӕй уӕлдай ма ӕххӕст кодтам «2017-2019 азтӕм РЦИ-Аланийы ӕрӕфы районы муниципалон сконды цӕрыны ӕнцонвадат уавӕртӕ аразыны» программӕ дӕр. Уый фӕрцы нӕ районы бакаст бынтон аивта, уӕлдайдӕр Цыколайы сӕйраг уынг, стӕй, Дедегкайы-фырты уынджы ‘рдыгӕй стадионмӕ хӕстӕгдӕр цы фӕзуат ис, уый. Ацы ран хъӕуы цӕрджытӕн фӕзынд сӕ фӕллад уадзынмӕ ӕнцонвадат уавӕртӕ, уымӕ гӕсгӕ йӕ цыколайӕгтӕ бауарзтой ӕмӕ дзы ӕрвитынц сӕ уӕгъд рӕстӕг.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, социалон къабаз рӕзын кӕнын у районы разамындӕн йӕ куысты ахсджиагдӕр фӕзилӕнтӕй иу, уымӕн ӕмӕ, фыццаджыдӕр, нӕ размӕ ӕвӕрӕм хӕс кӕстӕр фӕлтӕрӕн рӕзыны аккаг уавӕртӕ аразын ӕмӕ районы ӕппӕт цӕрджытӕн сӕ цард хуыздӕр кӕнын. Республикӕйы разамынды ӕххуысӕй аразӕм, цӕмӕй районы цӕрджытӕн сӕ цардӕн, сӕ куыстӕн уа аккаг уавӕртӕ, цӕмӕй  фӕсивӕд нӕ районӕй ӕндӕр рӕттӕм хуыздӕр цардагур ма цӕуой, фӕлӕ сын уа сӕ райгуырӕн зӕххыл кусыны фадат ӕмӕ цӕрынӕн хорз гӕнӕнтӕ.

— Социалон къабаз размӕ ракӕнӕн ис, экономикӕ размӕ куы цӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

— Уый афтӕ у, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ, снысан кодтам, экономикон политикӕйы районӕн ахсджиагдӕр цы у, уыцы фӕзилӕнтӕ, ӕмӕ нӕ фидӕны пълантӕ баст сты уыдонимӕ.

Фыццаджыдӕр, ныхас цӕуы хъӕууон хӕдзарадыл: фылдӕр кӕндзыстӕм зайӕгойты продукци, араздзыстӕм дыргъдӕттӕ, фосдарыны куыст у рапарахатгӕнинаг, уыимӕ, фылдӕр ӕргом здӕхт цӕудзӕн фосдарыны стыр комплекстӕ аразынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ цӕрджыты разӕнгард кӕндзыстӕм чысыл хи хӕдзарӕдтӕ дарынмӕ, уымӕн нӕм ис хорз гӕнӕнтӕ. Экономикон ӕгъдауӕй уый уыдзӕн пайдадӕр, стӕй сӕ сӕ бон дарын у куыд кӕстӕртӕн, афтӕ хистӕр кары адӕймӕгтӕн дӕр.

Дыккаджыдӕр, Ӕрӕфы район республикӕйы центрӕй у дарддзӕф, ӕмӕ дзы экологон уавӕр у нывыл. Уымӕ гӕсгӕ, фосдарыны, зайгойтӕ рӕзын кӕныны ӕмӕ дыргъдӕттӕ дарыны хи хӕдзарӕдтӕ, хицӕн амалхъомтӕ экологон ӕгъдауӕй цы сыгъдӕг продукци уадзой, уый бакусыны куыстуӕттӕ районы аразын уыдзӕн пайда, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс ис, сӕ аразынмӕ се ‘ргом кӕй раздахдзысты хицӕн инвестортӕ дӕр, стӕй сын уыдзӕн грантты хуызы паддзахады ӕххуыс дӕр.

Ӕртыккаджыдӕр,  Ӕрӕфы районӕн ис туристон къабаз райрӕзын кӕнынӕн замманай гӕнӕнтӕ, ӕмӕ уый нымайӕм нӕ экономикӕйы рӕзты ахсджиагдӕр рахӕцӕныл. Куыд туристон-рекреацион бынат, уыцы хуызы Ӕрӕфы районӕй пайдагонд цӕмӕй цӕуа, уый тыххӕй хъӕудзӕн фӕндӕгты инфраструктурӕ хӕхты фӕхуыздӕр кӕнын, фӕндӕгты алывӕрсты саразын нырыккон туристон сервис, фӕнывылдӕр ӕмӕ фӕпарахатдӕр кӕнын туристон фӕлладуадзӕн бынӕтты хызӕг. Уыдӕттӕ сты нӕ пълантӕ хӕстӕгдӕр азтӕм, ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕныныл кусдзыстӕм.

— Уӕ къухы бафтӕнт ӕмӕ ӕнтыстджын ут!

— Бузныг!

Ныхас ныффыста ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here