Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг регионалон хайады уӕнгтӕ дарддӕр ӕххӕст кӕнынц хӕрзаудӕн акци «Тележка добра». Мадзалы нысан у ацӕргӕ ӕвӕгӕсӕг адӕмӕн, цыбыркъух ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн хойраджы продукттӕй баххуыс кӕнын.
Сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕрты цавӕрфӕнды ӕххуыс дӕр къух хорз фӕрог кӕны. Уыцы ӕууӕл зӕрдыл даргӕйӕ, адӕмон фронты активисттӕ, сӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ архайынц, цӕмӕй сӕ хӕрзаудӕн акцийы ахадындзинад фылдӕр кӕна. Уыцы хъуыддаджы сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты, адӕймаджы тыхст уавӕрмӕ уазал цӕстӕй чи нӕ кӕсы, республикӕйы уыцы цӕрджытӕ дӕр.
Не ‘мзӕххонтӕй акцийы архайынвӕнд чи скӕны, уыдонӕн ахӕм фадат ис сӕрмагонд боксты фӕрцы — уыдон сӕвӕрдтой Дзӕуджыхъӕуы стырдӕр дуканиты. ӕмӕ адӕймаг, дуканийӕ рацӕйцӕугӕйӕ, йе ‘лхӕд хойраджы иу хай сӕвӕры уыцы боксты. Фӕстӕдӕр сӕ адӕмон фронты минӕвӕрттӕ ӕрбамбырд кӕнынц ӕмӕ сӕ ӕххуысхъуаг бинонтыл айуарынц.
«Ӕхсызгон нын у, республикӕйы цӕрджытӕ акцимӕ се ‘ргом кӕй раздӕхтой, уый. Уыцы рӕдау ӕххуысы фӕрцы та ацы бонты цалдӕр бинонтӕм фӕхӕццӕ кодтам хуынтӕ», — зӕгъы ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты регионалон хайады фӕсивӕдон командӕйы уӕнг Демыраты Валерия.
Ацы хатт та акцийы архайджытӕ сӕ фӕндаг акодтой Спутничы поселокмӕ. Туаты Нанӕ цӕры йӕ хъӕбулы хъӕбултимӕ. Сывӕллӕттӕ баззадысты ӕнӕ фыдӕй, стӕй сӕ бабу дӕр арӕх рынчынтӕ кӕны. Ахӕм уавӕрты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕххуыс бинонтӕн уӕлдайаг нӕ уыдзӕн.
«Акцийы архайджытӕн бузныг зӕгъын сӕ лӕггады тыххӕй. Ахӕм зын рӕстӕг тыхст адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууын уды хос у», — йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта Нанӕ.
Адӕмон фронты минӕвӕрттӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕрзаудӕн архайд.
Бӕдтиаты Оксанӕ














