Ирыстоны æрмдæснытæ равдыстой сæ арæхстдзинад
Сылгоймагыл ирон хæдзары цы уæз æнцад, уый вазыгджын уыд. Зæххы æмæ фосимæ архайдæй, хæринаг кæнынæй уæлдай-ма, уый хорз арæхст уæлæдарæс æмæ æндæр аивгæнæнтæ хуыйынмæ æмæ бийынмæ. Куы-иу бахъуыдаид, уæд-иу суанг нымæт уæрдынмæ арæхст, цухъхъа æмæ разгæмттæй, худтæй уæлдай, басылыхъхъ дæр барæвдз кодтаид. Уыцы æппæт куыстытæ саби чызгæй базыдта йæ ныййарджытæй, стæй уыдоны хистæртæй.
Хæрдгæбыдæй æмæ хæрдгæхуыдæй нæ фыдæлтæ цы уæлæдарæс хуыдтой, уыдон фылдæр уыдысты сылгоймаджы цыллæ кæлмæрзæнтæ æмæ разгæмтты хызтæ. Уымæй уæлдай ма нæ фыдæлтæ алыхуызы хъæдæрмæгæй æмæ къухмийæн бæзгæ æндæр æрмæджытæй арæзтой куклатæ, сабитæн алыхуызон хъазæнтæ æмæ хиирхæфсæнтæ.
Уыцы æппæт хъуыддæгтæн та, къухты арæхстдзинадæй уæлдай, хъуыд сфæлдыстадон æрхъуыды, кæрдаг зонд, æрдзмæ æмæ алыварс дунейы æндæр фæзындтытæм лæмбынæг цæстæй кæсын. Фыдæлты зæрдæтæ, уыцы миниуджытæй хайджын кæй уыдысты, сæ фарн фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй цæуы, уый фенæн ис абон дæр алыхуызы равдыстыты, бæрæгбæтты, концертты æмæ сфæлдыстадон изæрты рæстæг.
Сылгоймæгты дунеон бонмæ, ивгъуыд майрæмбоны, Адæмон сфæлдыстады хæдзар Металлургты Культурæйы галуаны фойейы, Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы сылгоймæгтæн ракодта æхсызгон æмæ зæрдæмæдзæугæ лæвар. Ам байгом Ирыстоны æрмдæснытæ, куклатæ æмæ æндæр æрмдæсныйады хуызты сæ аивадон курдиат кæм авдисынц, уыцы куыстыты равдыст «Сылгоймаджы уд». Куклатæй уæлдай ма дзы фенæн уыд хъæдæрмæгæй арæзт хæдзараивгæнæн дзаумæттæ, цыллæ хызтæ, зæрин æндахæй быд сылгоймаджы хызынтæ, кæсæнцæстдарæнтæ, чыссæтæ, чындздзон худтæ, сабиты хъазæнтæ, гобелентæ, национ уæлæдарæс, нымæттæ, Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад æвдисæг алыхуызы æрмæгæй арæзт композицитæ. Æдæппæтæй фæндзай куыстæй фылдæр. Сæ автортæ та уыдысты нæлгоймаг æмæ сылгоймаг æрмдæснытæ Дзæуджыхъæуæй æмæ республикæйы æппæт районтæй.
Равдыст гом кæнгæйæ, Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары директор, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Лалыты Хъазыбег зæрдиагæй æгас цæуат загъта равдысты уазджытæн æмæ архайджытæн. Аивадиртасыны цæстæй равдыстæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Адæмон сфæлдыстады хæдзары методист, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Остъаты Татьянæ. Уый фæстæ та ныхасы бар лæвæрд æрцыд нæ республикæйы Культурæйы министры хæдивæг, УФ-йы Композиторты цæдисы уæнг, фольклорист Дзылиаты Дзерассæйæн.
— Нæ фыдæлтæй нын баззад æрмдæсныйады стыр, бирæвæрсыг æмæ арф зонындзинæдтæ. Уыдон сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ кæстæртæн кæй лæвæрдтой, уый бæрæг у абоны равдыстæй дæр. Нæ монон культурæйы ацы къабазмæ республикæйы хицауад аккаг æргом здахы. Æрмдæсныйадыл ахуыр кæныны фадат фæци профессионалон хуызы, куыд лæппутæн, афтæ чызджытæн дæр. Фидæны дæр, нæ министрад араздзæн æппæт фадæттæ дæр Ирыстоны æрмдæсныты сфæлдыстадон архайдæн æмæ сæ аивады рæзтæн, — загъта Дзерассæ. Уый ма дипломтæй схорзæхджын кодта равдысты æппæт архайджыты.
Равдыстмæ йæхи конд куклатимæ чи æрбацыд, уыдонæй иу уыд Дзæуджыхъæуы цæрæг Хасæгаты Лидæ. Уый ацы арфæйаг куыст кæны фынддæс азы дæргъы. Кæд йæ сæйраг дæсныйадмæ гæсгæ райдайæн кълæсты ахуыргæнæг у, уæддæр царды уавæртæм гæсгæ йæ рухстауæн архайд скъолайы ныууагъта. Ныр уал æмæ уал азы аразы ацы куклатæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын сæ аразыны хъуыддаг хæссы стыр æхсызгондзинад. Йæ уыцы куыстыл кæй сахуыр кодта, ахæм ахуырдзаутæ дæр æм дзæвгар ис. Йæ арæзт куклатæ сты нæ республикæйы, нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты цæрæг адæмы хи коллекциты. Уæдæ сæ лæвар кæмæн бакæны, уыцы аивадуарзджытæ дæр дзæвгар сты.
Ольгæ Сикорскаяйыл та цæуы цыппæрдæс азы. Сывæллæттæн аразы алыхуызон хъазæнтæ. Кæд равдысты архайджытæй æппæты æвзонгдæр у, уæддæр йæ къухæй конд хъазæнтæм аивадон æгъдауæй ницы фау æрхæссæн ис. Уæдæ ма Ольгæ амæй размæ дæр архайдта ахæм стыр равдыстыты. Куыд нын загъта, афтæмæй йын уыдон арæхстджындæр кæнынæн стыр ахъаз сты.
Республикон равдыст «Сылгоймаджы уд»-ы цы куклатæ уыд, уыдонæй аивадуарзджытæн уыд балхæныны фадат дæр.
Гасанты Валери
Къамтæ систа Хъайырты Дианæ














