0
428

Мадæлон æвзаг — нæ ис, нæ сомбон

Дунейы цы адæмтæ цæры, уыдонæй алкæмæн дæр уыд хи ‘взаг, национ культурæ. Фæлæ царды цалх æнусты дæргъы бирæ адæмты сæмхæццæ кодта, æмæ сæ национ хицæндзинæдтæ фесæфтой. Мах бирæ не стæм, уæддæр хъуамæ бахъахъхъæнæм, фыдæлтæй нын цы хæзнатæ баззад, уыдон. Фыццаджыдæр — нæ мадæлон æвзаг.

Иугонд Нациты Организаци сбæрæг кодта мадæлон æвзæгтæ хъахъхъæныны бон. Мæздæджы 3-æм скъолайы ног бæстыхайы, ирон æвзаджы кабинеты æрбамбырд сты, мадæлон æвзаджы хъысмæт уæлдай кæмæн нæу, уыцы адæм. Ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, æхсæнадон архайджытæ, районы ахуырады управленийы кусджытæ.

Скъоладзаутæ Икъаты Арсен, Артур Исаев, Дыгъуызты Альбинæ, Луизæ Рамизова, Гусаты Сæрмæт, Гæззаты Олеся, Беккуызарты Даниил, сæ ахуыргæнджытæ Гиоты Зæлинæ æмæ Калоты Ларисæимæ бæрæгбоны тыххæй æрмæг бацæттæ кодтой. Бакастысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан» ирон, дыгурон, уырыссаг, немыцаг, англисаг æмæ туркаг æвзæгтыл.

Районы физкультурон комплексы сæргълæууæджы хæдивæг, депутат Гæззаты Давид куыд загъта, афтæмæй сæ бæстыхай уынджы ‘рдыгæй аивгонд æрцыд. Къостайы «Ныстуан» ыл фыст æрцыд дæс æвзагыл, скодта йæ комплексы разамонæг, Парламенты депутат Быценты Станислав. Фæлæ сæ дыууæ азмæ, хъыгагæн, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй æрмæстдæр иуæй-иутæ федтой.

3-æм скъолайы директоры хæдивæг Нинæ Алешина, ахуыргæнджытæ Къомайты Анжелæ æмæ Цыбырты Еленæ уазджытæн раарфæ кодтой. Районы ахуырады управленийы хицау Неля Гаспарянцы номæй специалист Косты Цицино ныхасы архайджытæн бузныг загъта, ахæм ахсджиаг фарстытыл кæй æрдзырдтой, уый тыххæй.

Журналист, филолог Бæзыты Ларисæ радзырдта, дунеон æвзæгты ‘хсæн ирон æвзаджы ахадындзинады тыххæй. Бамбарын кодта, цавæр æгъдæуттæм гæсгæ æвзæгтæй иутæ парахат кæнынц дунейы мидæг, иннæтæн та сæ авналæнтæ къуындæгдæр цæмæн кæнынц, уый. Нæ алфамбылай цы адæмтæ цæры, уыдонæй бирæтæн сæ мадæлон æвзаджы бындуры ис тюркаг уидаг. Ирон æвзагæн йæ бындур тынг рагон кæй у, уымæ гæсгæ баст у дунейы æвзæгты райрæзтимæ.

Уымæ гæсгæ йæ ныр цалдæр æнусы дæргъы Европæ æмæ Азийы ахуыргæндтæ цымыдисæй ахуыр кæнынц. Уымæн æвдисæн канадæйаг ахуыргонд Надя Пру дæр. Цалдæр азы размæ æрцыд Мæздæгмæ, фембæлд «Ныхасы» уæнгтимæ. Жорж Дюмезилы «Нарты кадджытæ»-йы иртасæн куыстытимæ зонгæ кæнгæйæ йæ бафæндыд кадджытæ иронау бакæсын. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты йын баххуыс кодтой, афæдзмæ кæсгæ нæ, фæлæ ма дзургæ дæр æнцонæй скодта. Цымыдисаг æм фæкаст, Нарты кадджыты хуызæн хæзна кæмæн баззад, уыцы адæмæн сæ фæдонты дунеæмбарынад.

Бæзыты Ларисæ ма радзырдта, нæ мадæлон æвзагæн нын наукон бындуртæ чи æвæрдта, уыцы зындгонд ахуыргæндты тыххæй: Всеволод Миллер, Андрей Шегрен, Абайты Васо, Гуыриаты Тамерлан æмæ иннæты тыххæй. Нæ аивадон литературæйæн бындур чи æвæрдта, Нарты кадджытæ æмбырд кæнгæйæ, диссаджы куыст чи бакодта, литературæйы райрæзтыл Хетæгкаты Къоста, Гуырдзыбеты Блашка, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ æмæ Малиты Геуæрги куыд архайдтой, уый фæдыл.

Веселæйы скъолайы ахуыргæнæг, районы ирон æвзаджы ахуыргæнджыты иугонды сæргълæууæг Кокойты Ангелинæ æрхаста, дунейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ абон дæр ирон æвзаг куыд æмæ цæмæн ахуыр кæнынц, уый тыххæй дæнцæгтæ. Национ театр æмæ кинойыл, национ газеттæ æмæ журналтыл цавæр хæстæ ис, уыдæттыл, æмæ мадæлон æвзаджы рæзтимæ баст фарстытыл ныхас бацайдагъ.

Гуцаты Фридон у «Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады разамонæг, фæлæ ма йыл республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта æхсæнадон хæс: Уæрæсейы алы регионты цæрæг ирæтты баиу кæнын, кæм цæрынц, уым сын сæ райгуырæн зæххимæ бастдзинæдтæ сфидар кæнын. Ууыл дæр рауад бæстон ныхас.

Ахуыргæнджытæ иузæрдионæй ракуырдтой, цæмæй ахæм фембæлдтытæ, уæлдайдæр та ирон æвзаджы рæзтимæ баст, арæхдæр конд цæуой.


Алыккаты Ларисæ,

Мæздæджы район

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here