Мысæм æмæ сæ мысдзыстæм æдзухдæр

0
294

2004 азы 1 сентябры Беслæны 1-æм скъолайы фыццаг дзæнгæрæг террористтæ баивтой фыдохы дзæнгæрæгæй, æгас дунейы фæдисы дзæнгæрæгæй. Зæрдæ ныккæрзы, нæ уромы маст, уыцы, æгас дуне банкъуысынгæнæг æвирхъау бæллæхæй.

Беслæны 1-æм скъолайы ахуырдзауты, семæ чи æрбацыд, уыдоны, стæй сæ ахуыргæнджыты террористтæ райстой амынæты. Урокмæ сидæг дзæнгæрæджы бæсты скъолайы кæртæй райхъуыст автоматты къæр-къæр. Балбирæгътæ нæ бацауæрстой æнаххос адæмыл, уыимæ, чысыл сывæллæттыл дæр. Æртæ боны сæ зындоны фæдардтой, стæй, сæ къухы хæцæнгарзæй цыдæриддæр уыд, уыдонæй æхсын райдыдтой. Фæмард æмæ фæцæфтæ сты сæдæгай адæймæгтæ.

Ахæм фыдохы ми стыр маст бауагъта æрмæст Ирыстон æмæ Стыр Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстаг адæмты дæр.

Уæдæй нырмæ рацыд 18 азы, æмæ Беслæны бæллæхтæ сты ноджы ахсджиагдæр, уымæн æмæ нырыккон уæрæсейаг æхсæнады тынг тыхсын кæнынц экстремизм æмæ терроризм. Национализмы бæрæг тыхтæ фидарæй-фидардæр кæнын райдыдтой Ныгуылæны, бæлвырддæр та — Украинæйы.

Хуымæтæджы арæзт не ‘рцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайд Украинæйы. Бæллæх аразæг хъуыддæгтæ æдзухдæр фидар баст вæййынц кæрæдзиимæ æмæ æрæджы Дзæуджыхъæуы «Балканты сабырдзинады бындур — динты ‘хсæн ныхас»-ы Æппæтдунеон наукон-практикон конференци кæй ацыд, уый дæр хуымæтæджы нæу. Терроризм йæ алы хуызтимæ Зæххы къорийы алы рæтты йæ сæр сдары куы иу ран, куы иннæ ран. Йæ сæйраг нысан та у адæмты змæнтын, кæрæдзиуыл сæ ардауын. Æмæ уый ныхмæ æдзухдæр хъæуы æвæллайгæ карз тох.

Æвирхъау фыдбæллæхы чи фæмард, уыдоны æрымысыны мадзæлттæ æрвылаз дæр конд æрцæуынц Беслæны 1-æм скъолайы æмæ сæ уæлмæрды — Зæдты горæты. Кæд зæрдæ ныккæрзы, нæ уромы маст, уæддæр та ацы аз дæр 1 сентябры айзæлдзæн фыдохы хабæртты мысæн дзæнгæрæг, сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ, фыдбæллæхы чи фæмард, уыдоны номыл райхъуысдзæн ракуывд, Беслæны Культурæйы хæдзары, террористон фыдбæллæхы хъыгдардбаййафджытæ скæндзысты пресс-конференци. Изæрыгæтты скъолайы кæрты судздзысты номарæн сойын цырæгътæ.

3 сентябры 1-æм скъолайы Зæдты горæтмæ райдайдзæн Дзуары цыд,  метрономы цæфтимæ хъуысдзысты, чи фæмард, уыдоны нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Æвирхъауæй чи фæмард æмæ дунейы рæстаг адæмты зæрдæтæ кæмæй ныккæрзыдтой, уыдоны нымæцмæ гæсгæ скъоладзаутæ арвмæ суадздзысты 334 уæлдæфон тымбылæджы.

Уыцы æвирхъау, æбуалгъ рæстæджы бонтæ æрымысгæйæ, Иры дзыллæтæ сæ зæрдæты арфы сæрыстырдзинадимæ æнæ æрымысгæ нæ фæуыдзысты, Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд æфсæддон операцийы, нæ фæсивæды хуыздæртæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы цардхъуаг хъæбатырты нæмттæ дæр.

Рæстæг, зæгъынц, хъæнтæ дзæбæхгæнæг у, фæлæ ацы æбуалгъы фыдбылызæн нæй никуы ферохгæнæн, нæй ферохгæнæн, террористон фыдракæнды зындоны чи бацарæфтыд, уыцы 334 зынгхуыст адæймагæн, уæлдайдæр, се ‘хсæн цы 186 сабийы уыди, уыдонæн. Семæ цы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ бабын, уыдонæн.

Нæй ферохгæнæн «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы 12 ирвæзынгæнæг сагсур лæппутæн, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæн. Æмæ сæ мысæм æмæ мысдзыстæм æрвылаз дæр æрмæст сентябры бонты нæ, фæлæ æдзухдæр.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here