Байгом ног центр

0
264

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты кадджын уавæры байгом «Точка кипения — Владикавказ», зæгъгæ, коворкингы ног центр. Уæрæсейы ахæм центртæ ис 147, Дзæуджыхъæуы та ныр 148-æм. Символикон кънопкæ нылхъывтой УФ-йы ахуырад æмæ наукæйы  министры хæдивæг Андрей Омельчук, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан æмæ уæлдæр амынд ног центры  рæзты директор Алинæ Яшина.

— Зæрдиаг арфæтæ уын кæнын,  нæ республикæйы фыццаг ахæм центр » Точка кипения» кæй фæзынд, уый фæдыл. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет у нырыккон фадæттæ æмæ гæнæнты егъау фæз, æмæ мæ уырны, ахуыргæндтæ,  студенттæ æмæ ахуыргæнджыты бизнесы æмгуыстады фæрцы уæ къухы фидæны проекттæ саразын æнтыстджынæй кæй бафтдзæн, уый. Махмæ курдиатджын фæсивæд æмæ номдзыд ахуыргæнджытæ ис, кæцытæ зæрдиагæй сæ фæлтæрддзинад амонынц.  Уый у æмхъуыдыйы тыхджын командæ. Бузныг зæгъын нæ федералон æмкусджытæн, ахæм проект æххæст кæнынæн нын фадат кæй фæци, абон иннæ хæттытæй вазыгджындæр у регионалон рæзтмæ ногдæр мадзæлттæ агурынæн æмæ ацы центр ахъаз  уыдзæн хъæугæ ног проекттæн, — загъта Дзанайты Барис. Мадзалы бындурыл æмгуыстады бадзырдтæ бафыстой ЦИПУ æмæ «Национ технологон хъæппæристы платформæ».

Уæлдæр амынд ног коворкингы центр æмбырд кæны, студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ алыхуызон дæсныйæдты æмæхсæнад. Иумæ кусдзысты ног фæндтыл, нæ регион æмæ нæ бæстæйы социалон-экономикон рæзтыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here