Зымæгмæ стæм рæвдз

0
125

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы объекттæ фæззыгон-зымæгон афонмæ цæттæдзинадимæ баст, республикон штабы æмбырд.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй уыцы нысантæн республикæ 400 милуан сомæй фылдæр æхца радих кодта. Æппæт 195 агдоны дæр рæвдз сты куыстмæ.

Ведомствæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй муниципалон районтæ хъармгæнæн афонмæ сæхи цæттæ кæнынц пъланмæ гæсгæ. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ хъуамæ райсой цæттæдзинады паспорттæ, æдæппæтæй 2500 фылдæр сты. Куыст фæрæвдздæр кæнын хъæуы.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тагъд уазæлттæ  ралæудзысты, хъуамæ сæм цæттæ уæм. «Фарстатæм уæлæнгай цæстæй кæсæн нæй, хъуыддæгтæ афойнадыл скæнæм æмæ хъармгæнæн афонмæ цæттæйæ бахизæм. Нæ сæйраг хæс у адæммæ хъарм бадæттын, æппæт социалон объектты цавæрдæр къуыхцытæ æруадзæн нæй», — загъта Хицауады Сæрдар.

Районты разамонджытæ радзырдтой, артаджы-энергетикон объекттæ фæззыгон-зымæгон афонмæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here