Хъæбатыр ирон фæсивæд

0
107

Нæ бæстæйы Президент хайгай мобилизацийы фæдыл уынаффæ куы рахаста, уæд Уæрæсейы алы регионтæй дæр хæстхъом фæсивæды къордтæ   цæуын райдыдтой, Украинæйы ныр  фарæстæм мæй цы сæрмагонд хæстон операци цæуы, уырдæм.

Цæгат Ирыстонæй   æртыккаг æрсидтон къорд 340 адæймагæй араст кодта хуыцаубоны. Уыдонæй — 160 ирон лæппутæ, иннæтæ та Дагестан æмæ Мæхъæлæй. Æфсæддон хай поселок Спутникæй сæ афæндараст кодтой сæ ныййарджытæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Хъæбатыр фæсивæдæн фæндагмæ ныфсы ныхæстæ зæгъынмæ æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æрыгон хæстонты, æфсæддон æгъдаумæ гæсгæ, рæнхъгай æрлæууын кодтой  19-æм мотоæхсæг дивизийы фæзы. Хæст хæст у. Цины хъуыддаг нæу, æмæ  хъæлдзæг уæвын дæр ацы ран никæй бон уыд. Фæлæ æрыгон лæппутæ уæддæр архайдтой сæ мидбылты бахудын æмæ хъæлдзæг ныхæстæ кæныныл дæр. Уымæн æмæ сæ нæ фæндыд, æнæуый дæр  уыцы фæзы сæ цæссыгтæй сæхи чи æхсадта, уыцы мадæлты зæрдæтæ ноджы тынгдæр уынгæг кæнын. Хæрзконд æмæ гуырвидауц  хæстонтæн  нæ республикæйы Сæргълæууæг сæрыстырæй загъта:

— Сымах стут, хъæбатырдзинад кæй дадзинты æхсиды, ахæм фæсивæд. Нæлгоймаджы хæс æрмæст хæдзар саразын æмæ бинонтæ дарын нæу, фæлæ ма Фыдыбæстæ хъахъхъæнын дæр. Кæддæр уæ хистæртæ  æнгомæй, кæрæдзи фарсмæ æрбалæугæйæ,  ныфсджынæй цыдысты нæ бæстæ цыфыддæр знагæй бахъахъхъæнынмæ. Уыдон сæхи нæ бафæсвæд кодтой, нæ бамбæхстысты, Фыдыбæстæ сæм фæдисы куы фæсидтис, уæд. Мах сæ абон дæр сæрыстыр стæм. Ахæм адæмимæ къæдзæхтæ дæр афæлдахæн ис. Уе ‘хсæн та  ахæм адæймаг нæй, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ хистæртæ кæмæн нæ хæцыдысты. Бирæтæ дзы сæ бинонтæм нал æрыздæхтысты, фæлæ сæ сæрыстырæй мысæм, кад кæнæм сæ рухс нæмттæн. Сымах дæр уыдоны фæдонтæ стут, æмæ уæ не ххуыс кæм хъæуа, уым уын ныфсæнцой уыдзыстæм. Кадыл хæст уыдысты уæ хистæртæ  фыдæй-фыртмæ, æмæ нæ фидарæй уырны, уыцы кад æмæ намыс сымах дæр кæй нæ фесафдзыстут, уый. Фæндараст ут, Уастырджи  æмæ уын нæ Иры зæдтæ æххуысгæнæг уæнт, — загъта Сергей Меняйло.

Кæд цины боны мадзал нæ уыд, уæддæр æфсæддон хайы фæзыл ирон фæндыры зæлтæ дæр айхъуыстысты. Ныййарæг мадæлтæй чидæртæ сæ хъæбултимæ тымбыл кафты æрзылдысты. Уый фæстæ хæстонтæ хæдтæхæджы сбадтысты. Фыццаджыдæр уал лæппуты аластой Хъырымы полигонмæ, цалдæр боны ахуыртæм, уый фæстæ æрвыст æрцæудзысты, сæрмагонд æфсæддон операци кæм цæуы, уырдæм.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here