Дигора æмæ Керч — горæттæ-æфсымæртæ

0
243

Цæгат Ирыстоны горæт Дигора æмæ Хъырымы горæт Керч æфсымæрады тыххæй бадзырд бафыстой. Бадзырдæн йе ‘фсон ссис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъырымаг горæт фашисттæй ссæрибар кæныныл карз хæстыты не ‘мзæххон, ССР Цæдисы Хъæбатыр Æбаты Æхсарбег кæй фесгуыхт, уый.

Ацы хабар фехъусын кодта Керчы горæты администраци. «Фембæлды рæстæг дыууæ горæты минæвары æфсымæрады тыххæй бадзырд бафыстой. Уый дзурæг у, дыууæ горæты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæй кæнынц, сæ цæрджытæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ уæвынмæ кæй тырнынц, царды ахсджиагдæр фарстатыл, уыимæ, фæсивæды патриотон хъомылады фарстатыл дæр, æмзонд кæй сты, ууыл», — фыст ис хъусынгæнинаджы.

Фембæлды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй иумæйаг æнтыстджын куыст фæфидар кæндзæн æфсымæрон бастдзинæдтæ æмæ дыууæ регионы кæрæдзимæ æрбангомдæр кæндзæн.

Æгайты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here