Фæсивæдыудварны рæзтæн

0
375

Æрæджы проект «Наукæ æмæ культурæ — адæмы тых»-ы æртыккаг этапы V патриотон республикон акци «Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, Фыдыбæстæйы номæн» Сывæллæтты сфæлдыстады центр «Заря»-йы ацыд республикон традицион интеллектуалон тематикон хъазт «Зондабитæ».

Хъазты архайджытæ уыдысты скъоладзаутæ, алы къорды дæр æхсæзгæйттæй. Сæ кар уыд цыппæрдæсæй æвддæс азмæ.
Йæ темæ та «Æрыдоны семинар — национ интеллигенцийы авдæн». Фарстатæ уыдысты иууылдæр ирон æвзагыл, бацæттæ сæ кодтой раздæры семинаристтæ: Дзанайты Иван (Нигер), Коцойты Арсен, Барахъты Гино æмæ Илас Æрнигоны уацмыстæм гæсгæ.
— Абоны интеллектуалон хъазт «Зондабитæ» сси традицион, фыццаг хатт æй нæ кæнæм. Хъазт баст æрцыд Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы сæххæстимæ. Уыцы куысты стыр æвæрæн Æрыдоны семинар кæй бахаста æмæ Æрыдон ирон интеллигенцийы авдæн кæй у, уый тыххæй нæ дзырды сæр уыдзысты уыцы сгуыхт адæм. Семинар каст фесты бирæ зындгонд лæгтæ, уыдонимæ Дзанайты Иван (Нигер), Коцойты Арсен, Барахъты Гино æмæ Илас Æрнигон, адон ныууагътой стыр вазыгджын фæд нырыккон историйы. Абон сæрмагондæй уыцы фысджыты сфæлдыстадыл уыдзæн нæ ныхас. Сывæллæттæ сæ куыд зонынц, сæ зæрдæмæ сæ куыд исынц æмæ цæуыл ахуыр кæнынц сæ уацмыстæ, уый базондзыстæм фæсивæдæй. Ахæм ерысты нæ вæййы фæхæрдуæвджытæ, вæййынц иууылдæр уæлахиздзаутæ, уый тыххæй æмæ ма сæ зонындзинæдтыл бафты фылдæр зонындзинæдтæ, — загъта Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны разамонæджы хæдивæг Калоты Тамарæ.
Хъазты хуыз равзæрстой брейн-ринг, йæ фæрцы фæсивæд практикон хуызы равдыстой сæ зонындзинæдтæ алыхуызон уавæрты, цыбыр рæстæгмæ дзуапп радтын зонын, къордты архайын, кæрæдзимæ хъусын. Ныр цæуы æхсæз æмæ ссæдзæм хатт. Алы аз дæр вæййы дыууæ хатты, уалдзæджы æмæ фæззæджы. Баст æрцæуы алыхуызон бæрæгбæттимæ.
Ацы мадзал сывæллæттæн дæтты кæрæдзиимæ базонгæ уæвыны фадат, семæ чи ерыс кæны, уыдонмæ дæр байхъусыны бар, сæ зонындзинад æмæ тырнынад дæр фæфылдæр кæнын.
— Абон æз жюрийы уæнг дæн æмæ афтæ зæгъдзынæн, уæхскуæз æмæ зæрдиагæй кæй хъæуы кусын æмæ аргъ кæнын ахæм бынаты бадгæйæ. Ацы интеллектуалон хъазт цæуы бирæ азты æмæ мæ бон зæгъын у уый, æмæ азæй-азмæ сывæллæттæн сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинад рæзы хуыздæрæрдæм. Сæ дзуаппытæ дæр мидисджындæр вæййынц, æмæ нын уый тынг æхсызгон вæййы. Ацæуы дыууæ этапæй, фыццаг районты, хуыздæр сæхи чи равдыста, уыдон абон сæмбæлдысты, дыккаг та — республикон. Абон сæхи тынг хорз равдыстой, æмæ нæ бон куы уыдаид, уæд алы къордæн дæр радтаиккам фыццаг бынат, — загъта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнæг-методист Гæджынаты-Хабæты Риммæ.
Жюрийы уæнгтæ хæрзиуджытæй схайджын кодтой къордты.
Кæронбæтæны алы къорд дæр равдыста скъуыддзæгтæ фысджыты уацмыстæй.
Ахæм ерыстæ ахсджиаг сты фæсивæды удварны рæзтæн.

Цæгæраты Эльмирæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here