Проектты мадзæлттæ — цардмæ!

0
337

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртимæ æмбырды рæгъмæ рахаста социалон къабазы æмæ экономикæйы, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, фæндагон инфраструктурæ æмæ республикæйы цардарæзты иннæ къабæзты архайд. Фарстаты тыххæй уынаффæтæ иумæйагæй сфидар кодтой.

 Æмбырд райдыдта кадрты фарстайæ, экономикон рæзты министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Туаты Георги, Туризмы комитеты сæрдары хæдивæгæй — Тебиаты Мæдинæ.
РЦИ-Аланийы Хицауад кæй сфидар кодта, уыцы инфраструктурон инвестицион проектты мадзæлттæм бахастой ивддзинæдтæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ республикæйы саразой 4 инфраструктурон инвестицион проекты, 3 баст сты Дзæуджыхъæуы районты рæзтимæ, иннæ та Дæргъæфсы туристон-рекреацион комплекс саразынимæ. Уыдзæн дзы 4-стъалыджын фысымуат 100 бынатимæ, канатон фæндаг, хиирхæфсæн центр, ресторатæ, кафетæ, бартæ, æндæр авналæнтæ.
Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй инфраструктурон бюджетон æфстуæттæ сты федералон центрæй, уый Цæгат Ирыстонæн радих кæндзæн 1,5 миллиард сомы. «Фæзындзæн нæм туризмы æмæ цæрæнуæтты арæзтады объекттæ. Хъуамæ æххуысы æппæт мадзæлттæй пайда кæнæм. Иннæ аз регионтæн уæлæмхасæн æхца радих кæндзысты. Цы проекттæ нæм ис, уыдоныл федералон центрмæ бадæттыны размæ бакусын хъæуы», — загъта Дзанайы-фырт.
Министртæ сфидар кодтой, арæзтады хи фæрæзтæ бавæргæйæ чи архайдта, сайды чи фæцис, уыцы адæмы бартæ бахъахъхъæныны нысантæ. «Сайды фæуæг адæмы фарста ныр цалдæр азы æвæрд ис нæ размæ, федералон æмвæзады нæ цуры æрбалæууыдысты. Нырма дзы тыхстдзинæдтæ ис, фæлæ сын агурын хъæуы мадзæлттæ. Ахæм уавæр ныл цæмæй мауал æрцæуа, ууыл нæ бацархайын хъæуы», — фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
Цæрæнуæтты фарста фæхуыздæр кæныны тыххæй равзæрстой субсидитæ радих кæныны хъуыддæгтæ. «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттын”-ы программæмæ гæсгæ субсидитæ ратдзысты 5 адæймагæн. Иннæтæ райсдзысты æххуысы фæрæзтæ æндæр программæтæм гæсгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæй авд сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæндзысты, инвалидтæй æхсæрдæс адæймаджы дæр сты хыгъды.
Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй сæ бахъуыд ахсджиаг уынаффæтæ рахæссын, цæмæй граждæнты хицæн къордтæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæной. «Ацы аз цæрæнуæтты сертификаттæ радтам 250 бинонтæн. Уымæн æхца радих кодтам 380 милуан сомы. Уыцы куыст дарддæр цæудзæн», — бацамыдта Хицауады Сæрдар. Уымæй уæлдай ма сфидар кодтой 2023 азы æмæ 2024-2025 азты лæвар медицинон æххуыс кæныны паддзахадон зæрдæдарæнты фæзуатон программæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ ивддзинæдтæ бахæссой программæмæ. Ныртæккæ республикæйæн радих кодтой уæлæмхасæн æхца 340 милуан сомы. Радтой сæ онкологион низтимæ рынчынтæн хостæ æлхæнынæн. Æхца фæхæццæ сты 14 дзæбæхгæнæн кусæндонмæ. Уымæй уæлдай, сфидар кодтой гуырдзæй низтæ рахæссæг ноггуырдтæн сæ низтæ рабæрæг кæнын æмæ сæ афойнадыл дзæбæх кæныны регионалон программæ. Нырмæ программæимæ Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ наукон центртæ базонгæ сты. Конд у 2023-2025 азтæн.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проект «Ахуырад»-мæ гæсгæ хъавынц «Рæзты тæлмытæ»-йы центртæ саразын. Дзæуджыхъæуы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл 42-æм скъолайы хъуамæ 2023 азы байгом уа технопарк «Кванториум».
Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проект «Ахуырад» æххæст у, нæ республикæйы æппæтфадатджын скъолатæ фæзындис. «Рæзты тæлмытæ» нырмæ байгом кодтам 22, нæ сывæллæттæ сæхи алыхуызон рахæцæнты фæлварынц, сæ курдиæттæ æвдисынц. Ахæм фæзтæ хъуамæ дарддæр дæр аразæм», — загъта Дзанайты Барис.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here