Медицинон æркастытæ, скъоладзауты фæлладуагъд

0
209

Цæгат Ирыстоны Фæллойадон ахастытæ нывыл кæныны республикон æртæвæрсыг къамисы æмбырд скодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Дæсныйадимæ баст низтæ æмæ кусджытæн организациты мидæг медицинон æркастытæ скæныны тыххæй радзырдта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæззау, адæмæн тæссагдзинæдтæ хæссæг уавæрты кусæг адæмæн медицинон æркастытæ кæнын у хъæугæ æмæ ахсджиаг. Уый фæрцы низтæ афтæ арф нæ хиздзысты адæймаджы буары. Куыстдæттæг йæхи хардзæй хъуамæ адæмæн медицинон æркастытæ кæна.
Фарон республикæйы медицинон кусæндæттæ æркастысты 13 мин адæймагæй фылдæрмæ. Республикæйы профпатологийы центр байгом кæнынæн алцыдæр ис. Фарстайыл бакусыны тыххæй уал фыццаг кварталы финансон фæрæзтæ банымайдзысты, кусæндонмæ кæй райсдзысты, уыцы дохтырты та уал хъæуы сахуыр кæнын.
Дзанайты Барис бахæс кодта центры сконд банымайын, йæ ахадындзинад ын сбæрæг кæнын, уый фæстæ куырдиат федералон центрмæ арвитын. Уымæй уæлдай ма кусæг адæмæн медицинон æркастытæ фылдæр кæнын бафæдзæхста. Дæрддзæф хъæуты чи цæры, уыдонмæ та цæугæ медицинон комплекстæ арвитын.
«Фарстамæ къæрцхъус у республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ис нæм цæугæ медицинон комплекстæ. Хъуамæ æппæт республикæйыл аххæссæм.
Нæ бон у уæлæмхасæн комплекстæ райсын, Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ нын бадзырдтæ ис. Куыстдæтджытæ æмæ кусджыты ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст кæнут, хъуамæ фæллойы æдасдзинады домæнтæ æххæстгонд цæуой. Афойнадыл медицинон æркаст скæнынимæ баст у республикæйы кусæг адæмы æнæниздзинад. Фарста тынг ахсджиаг у æмæ йæм уæ хъус æппынæдзух дарут», — загъта Хицауады Сæрдар.
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ радзырдта, фарон сæрды æнахъомты дзæбæхгæнæн кампани куыд ацыд, уый тыххæй. Республикон бюджетæй сывæллæтты фæлладуагъдæн радих кодтой 180 милуан сомæй фылдæр.
Сæрдыгон фæлладуадзæн кампанийы архайдтой 140 куыстуаты, уыдоны сæ фæллад суагътой 33 мин сывæллоны. Æндæраз сывæллæттæ уыдысты зынгæ къаддæр — 19 мины. Уæззау царды уавæрты уæвæг сывæллæттæн рæвдз сарæзтой фæлладуадзæн фадæттæ. Сидзæр, æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг, сахъат уæвæг, æнæххæст æмæ æвæрæз бинонты сывæллæттæ дæр сæ фæллад суагътой.
Дзанайты Барис министры размæ сæвæрдта, ацы азы фæлладуадзæн афонмæ цæттæ кæнын райдайыны хæс. «Кæд нæм искуы тыхстдзинæдтæ ис, уæд сæ аиуварс кæнын хъæуы, сæрды æрцыдмæ ма æнхъæлмæ кæсæм. Фылдæр сывæллæттыл хъуамæ аххæссат, бынтондæр — уæззау уавæрты цæрæг сабитыл. Уæлдай æргом аздахут, æфсæддон службæгæнæг, æрсидты бахауæг, чи фæмард, уыцы адæмы цотмæ. Украинæйæ, Донецкæй æмæ Луганскæй ралидзæг сывæллæттæ дæр уæ рох ма уæнт. Инвалид сывæллæттæн фæлладуагъды уавæртæ саразут», — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.
Уый ма Ахуырад æмæ наукæйы, Физкультурæ æмæ спорты министрадтæн бафæдзæхста, сæрдмæ алыхуызон профилон, тематикон радтæ бацæттæ кæнын. Уæлдай æргом аздахын хъæуы педагогтæ æмæ къордты раздзæуджыты цæттæдзинадмæ. Сывæллæтты лагерты материалон-техникон уавæртæ фæфидардæр кæныны федералон программæты архайыны фарстатыл бакусын хъæуы Уæрæсейы Фæллойы æмæ Рухсады министрадтимæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кæй бафыста, уыцы куырдиат арвыстой Уæрæсейы Рухсады министрадмæ, хъуамæ Цæгат Ирыстон бахæссой ахуырады рæзты программæмæ, уый фæрцы сывæллæтты лагертæн цатыртæ балхæныны фадат фæзындзæн. Хицауады Сæрдар куыд бацамыдта, афтæмæй хъуамæ регионы алы фарста дæр бындуронæй æмбарой. «Алы хъуыддаг дæр домы бæстон ахаст, мах ныртæккæ дзурæм социалон рахæцæнтыл. Нæ граждæнтæ хъуамæ цæрой æххæст, хуызæнæн алывæрсыг фадæтты», — бафиппайдта Дзанайты Барис.
Æмбырды ма фæбæрæг кодтой, алы æмвæзады хицауад фæллойы къабазы цы закъонæвæрынадон акттæ, нормативон-барадон гæххæттытæ, æндæр ахсджиаг акттæ бацæттæ кæны, уыдон æвзарæг Кусæг къорды къамис саразыны тыххæй фарста дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here