1 апрелы —Къостайы мысæн бон

0
228

Ирыстоны номдзыд хъæбул, стыр поэт æмæ гуманист Хетæгкаты Къостайы æз нымайын, мæ удмæ æппæты хæстæгдæр чи у, ахæм поэтыл. Йæ ном æмæ сфæлдыстадæн аргъ кæныны хорзæх мын, зынаргъ хæзнайау, мæ фыдæй, зындгонд поэт Гамзат Цадасайæ баззад. Уый йæ рæстæджы уыд Дзæуджыхъæуы Къостайы райгуырды 80 азы юбилейы кадæн номарæн мадзæлтты архайæг, æмдзæвгæ дæр ыл ныффыста. Йæхи уацмыстæ йын ратæлмац кодта авайраг æвзагмæ.
Къоста йæ уд æмæ зæрдæ снывонд кодта, иннæтæй уæлдай, йæ адæмæн, сæ амонд æмæ фарнæн. Ирыстон у стыр поэтты, æфсæддонты æмæ адæмы амондыл тохгæнджыты бæстæ. Фæлæ дзы Къоста цы бæрзæндтæй ракаст, уыдонмæ ничи ма бафæлвæрдта схизын. Къоста у Ирыстоны фарны символ. Æз ын йе сфæлдыстад мæ мадæлон æвзагыл кæсын 17-аздзыдæй.
Мæ фыды фæстæ, Къостамæ уый цы цæстæй каст, уыцы хорзæх дарддæр хæссыныл архайын. Æхсызгонæй фæархайын йæ райгуырæн юбилейон бонтимæ баст мадзæлтты.
Кавказы ис Эльбрусы æмæ Хъазыбеджы хæхтæ. Къоста та йæ поэзийы у сæ хъæбысы цæрæг адæмы иугæнæг хид. Æппæт адæмы уарзты æнæнкъуысгæ хох. Æмхуызон хорз фыста йæ мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Йе сфæлдыстады æвдыста кусæг адæмы сурæттæ, сæ сагъæстæ æмæ бæллицтæ. Йæ дардмæуынаг зонд ницæимæ æмæ никæимæ ис абарæн. Уый у кусæг адæмы æмæ интеллигенцийы поэт. Йе сфæлдыстад кæд национ у, уæддæр йæ хъуыдыйы ахадындзинадæй æххæссы æппæт дунейы адæмтыл.

Расул Гамзатов,
Дагестаны адæмон поэт,
Социалистон Фæллойы Хъæбатыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here