Маршрутон такситы лæггæдтæ

0
317

Фæстаг рæстæг маршрутон такситы уавæрыл ныхас цыд, РЦИ-Аланийы Фæндагон хæдзарад æмæ транспорты комитеты сæрдар Солиты Тариэл дзыллон информацийы фæрæзтæн цы пресс-конференци сарæзта, уым.

«7 апрелы сбæрæг уыдзæн, Октябрыхъæуы автотранспортон куыстуаты лицензи ист кæй æрцыд, уый фæдыл маршрутон такситы лæггæдтæ йæхимæ чи райсдзæн, уыцы тендер рамбулæг куыстуат. Дыууæ бонмæ уавæр йæ гаччы сбаддзæн. Закъон амоны 180 боны онг транспортон лæггæдтæ æндæр организацийæн æххæст кæнын. Ныридæгæн уал Горæтгæрон, Дыгуры, Æрæфы æмæ Рахизфарсы районты цæрджытæн лæггад кæны Дзæуджыхъæуы автоколоннæ 1210-ы транспорт», — фехъусын кодта Солиты Тариэл журналисттæн.
Куыд рабæрæг, афтæмæй Октябрыхъæуы автотранспортон куыстуатимæ шофырты бадзырдты æмгъуыд фæцис 10 мартъийы, куыстуат та лицензийæ цухгонд æрцыд февралы. 14 мартъийы та комитетмæ æрбацыдысты Дыгуры æмæ Æрæфы районтæм цæуæг маршрутон такситы шофыртæ, фондз боны дæргъы куыстуаты транспорт нæ рацыд маршруттæм. Уый фæдыл арæзт æрцыд сæрмагонд къамис.
Сæвзæргæ уавæры сæйраг аххосаг у уый, æмæ куысты фæткæвæрд хæлд кæй æрцыд. Уыйадыл, 163 шофыры баззадысты æгуыстæй. Хаст фæндонмæ гæсгæ сын фадат ис тендер рамбулæг куыстуаты фæллой кæнын. Иутæ сразы сты, иннæтæн сæхицæй аразгæ уыдзæн сæ дарддæры фæллойадон фæндаг.
Дзæуджыхъæуы Æфсæнвæндаджы вагзалæй Беслæнмæ, 15 минуты се “хсæн, афтæмæй афæндараст вæййы 40 маршрутон автобусы.
Æхсызгон хабар фехъусын кодта комитеты сæрдар хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн Мæскуыйæ сыздæхыны фæстæ: ацы азы фæндæгты арæзтадæн нысангонд фæрæзтæ æнæкъахырæй ссæудзысты республикæмæ. Сæ бæрц у 860 милуан сомы, уыдонæй 560 милуаны бахардз уыдзысты Цыкола æмæ Мичурины хъæуты иувæрсты фæндæгты арæзтадыл, 200 милуан сомы та Беслæны фæндæгты бындурон цалцæгыл æмæ сæ алфамбылай саив кæныныл.


Хуыбиаты Ларисæ
Къам систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here