Сывæллæтты фæлладуагъдæн

0
246

Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ кæй бавдыста, республикæйы Хицауады уæнгтæ каникулты рæстæг боныгон уæвыны лагерты сывæллæтты фæлладуагъд æмæ сæ дзæбæхкæнынадæн фадæттæ саразыны фæдыл хицæн æххæстбартæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн радтыны тыххæй уыцы закъоны проектыл сразы сты.
— Сæрдыгон каникулты райдайæнмæ чысыл рæстæг баззад. Боныгон уæвыны лагерты куыстæн радих кæндзыстæм цыппор милуан сомæй фылдæр фæрæзтæ. Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы хъæууон районтæ сæхи биноныг бацæттæ кæнæнт сæрдыгон фæлладуагъды хъуыддагмæ. Ацы ахсджиаг фарстамæ цæст дарын æмбæлы. Нæ сывæллæтты фæлладуагъдæн иттæг удæнцой уавæртæ саразын хъæуы, — загъта Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.
Лагертæ æрбынæттон уыдзысты муниципалон ахуыргæнæндæтты æмæ уæлæмхасæн ахуырады кусæндæтты бындурыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here