РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Студентты куыстадон къордты республикон æмбырды. Фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты бæстыхайы.
Æмбырды кадджын уазджытæ уыдысты æнæххæст бæрндзинады æхсæнад «Норильскникельремонт»-ы генералон директор Виталий Довгаль, Уæрæсейы Студентты куыстадон къордты центрон штабы разамонæг Дмитрий Парамонов æмæ иннæтæ.
Æмбырды архайджытæ сæ ныхасмæ рахастой бирæ ахсджиаг фарстатæ. Уыдоны нымæцы — Цæгат Ирыстоны студентты куыстадон къордты архайд, республикæйы уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырады кусæндæтты студентты фæллойадон практикæмæ Уæрæсейы раззагдæр компанитæм æрвитын, ахуырдзау фæсивæдæн куысты бынæттæ дæттын æмæ афтæ дарддæр.
Фембæлды архайджытæн зæрдиаг салам зæгъгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны студентты куыстадон къордты змæлдæн ис рагон æмæ хъæздыг истори. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, амæй фæстæмæ дæр мадзæлттæ арæзт цæудзæн, цæмæй егъаудæр уæрæсейаг промышленнон-куыстадон компаниты ирыстойнаг фæсивæды фæллойадон практикæйæн фылдæр фадæттæ уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм практикæйы рæстæг компаниты разамынд сæ цæст æрæвæрынц хуыздæр студенттыл æмæ сæ фæстæдæр куыстмæ дæр райсынц.
Æппæт уыцы нысантыл республикæ æнгом æмархайд кæны компани «Норильсникельремонт»-имæ.
— Компани алкæддæр нæ фæсивæды ахоны фæллойадон практикæмæ. Уæлдай æхсызгон та мын уый у, æмæ ирыстойнаг лæппутæ сæхæдæг дæр тырнынц «Норильскникельремонт»-ы фæллойадон практикæ ацæуынмæ. Компани æмæ Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтæн цы æнгом æмгуыстад ис, уый иннæтæн дæр хъуамæ дæнцæгон суа. Нæ хъарутæ куыд амоной, афтæ архайдзыстæм, цæмæй ахæм æмархайды программæтæ æххæст кæнын райдайой республикæйы иннæ уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырады кусæндæттæ, — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Виталий Довгаль йæ раныхасы бæстон æрлæууыд компани æмæ хæххон-металлургон институты ‘хсæн æмгуыстад фидардæр æмæ уæрæхдæр кæныны фарстатыл. «Æрвылаз дæр мах специалисттæ бацæттæ кæныны нысанимæ сæ ахуырадон хæрдзтæ сæхгæнæм 160 адæймагæн. Уыимæ, дзæуджыхъæуккаг институты студенттæн дæр фадат ис, цæмæй сæ хъарутæ бавзарой æмæ бахауой уыцы 160 æрыгон специалистты номхыгъдмæ. Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстонимæ æмгуыстады хъуыддаджы бакусдзыстæм æндæр пълантыл дæр», — загъта генералон директор.
Æмбырды архайæг фæсивæдæн фадат уыд Сергей Меняйло æмæ иннæ бæрнон кусджытæм алыхуызон фарстытæ радтынæн. Зæгъæм, фæсивæд фæндон бахастой, цæмæй студентты куыстадон къордтæ фæллойадон практикæ цæуой республикæйы арæзтæдты дæр. Уыцы æмæ иннæ хъæппæристæ Сергей Меняйло хорзыл банымадта æмæ зæрдæ бавæрдта, фарстатæм профилон ведомствæтæ кæй æркæсдзысты, уымæй.
Æмбырды кæронбæттæны Сергей Меняйло æмæ Дмитрий Парамонов бафыстой æмгуыстады бадзырд Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы Студентон куыстадон къордты федералон организацийы ‘хсæн.
Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ компани «Норильскникельремонт»-ы генералон директорæн уыд сæрмагонд фембæлд дæр. Уым Сергей Меняйло æмæ Виталий Довгаль æрдзырдтой дарддæры æмархайды нысантыл.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














