Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æркæсынмæ кæй бавдыста, республикон уыцы закъоны проектæй фидаргонд цæуынц Дыгуры районы муниципалон сконды арæнтæ, лæвæрд ын цæуы муниципалон сконды статус, стæй бæлвырдгонд цæуынц, муниципалон скондмæ кæй бахастой, уыцы горæтаг æмæ хъæууон цæрæн бынæттæн дæр сæ арæнтæ.
Советы уæнгтæ рахæцыдысты, Ленинграды облæсты Закъонæвæрынадон æмбырд Паддзахадон Думæмæ кæй бахаста, уыцы федералон закъоны проекты фарс. Депутаттæн æй сæ размæ рахаста Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Документы куыд загъд ис, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй банктæй æфстау æхцатæ чи дары, уыдонæн сæ бафидыны æгъдаумæ ногæй каст æрцæудзæн æмæ сын сæ бафидыны гæнæнтæ фæрогдæр кæндзысты. Фарста хауы сæрмагонд æфсæддон операцийы æппæт архайджытæм дæр, уыимæ, æрсидты чи ацыд, стæй, барвæндонæй дзы чи архайы, уыдонмæ дæр.
«2023 азмæ æмæ 2024-2025 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты, стæй уыимæ бастæй «2022 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы фонды æфтиæгтæ рауадысты 10 миллиарды 130 милуаны 89 мин сомы, хæрдзтæ та — 10 миллиарды 173 милуаны 809 мин сомы, кæнæ та, кæй пълан кодтой, уыцы хæрдзтæн сæ 97,3 проценты. «Æппæт нысантæ дæр Фонд æххæст кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад кæй сфидар кодта, уыцы уагæвæрдмæ гæсгæ. Хæрдзтæн сæ фылдæр баст уыдысты медицинон кусджытæн мызд фидынимæ, медицинон кусæндæттæ дзæбæхгæнæн хостæй æмæ хъæугæ дзаумайæ сифтонг кæнынимæ, медицинон техникæйы цалцæгимæ. Уымæй уæлдай, комитеты сæрдар бæстон æрдзырдта Фонды ацы азы æмæ хæстæгдæр дыууæ азмæ нысанты тыххæй.
Раныхасы фæдыл фарстатæ уыд Тускъаты Таймураз æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ. Дзуаппытæ сын радта Парламенты советы æмбырды архайæг Медицинон фæдзæхстады территориалон фонды разамонæг Дзæгъойты Алан.
Советы уæнгтæ байхъуыстой «2020-2024 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы информацион æхсæнады райрæзт»-ы паддзахадон программæ æххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Нымæцон райрæзты комитеты хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг уыд амынд комитеты сæрдар Гахаты Даниил. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы дæргъы комитет æххæст кодта, нымæцон системæйы къабазы цы паддзахадон программæтæ ис, уыдон, архайдта информацион технологиты райрæзтыл æмæ бирæкъабазон центрты (МФЦ) æнæкъуылымпы куыстыл. Электронон хуызы паддзахадон лæггæдтæй пайда кæнынц республикæйы цæрджытæн сæ фылдæр, æмæ, цы лæггæдтæй пайда кæнынц, уыдон дæр кæнынц фылдæр. «Ивгъуыд аз уыцы лæггæдты бæрц уыд 370 минæй фылдæр», — загъта комитеты разамонæг. Комитеты куыст хорзыл банымайгæйæ, советы уæнгтæ бафиппайдтой, лыггæнинаг фарстатæ ма кæй ис, уый, сæ иу — интернет æмæ чырæгон бастдзинад Ирыстоны алы коммæ, алы цæрæн бынатмæ дæр кæй нæма хæццæ кæнынц, уый. Гахайы-фырт куыд загъта, афтæмæй ацы фарстайыл куыст цæуы. Уый фæрцы ивгъуыд аз ахæм бастдзинад фæзынд Дæллаг Ларсы æмæ Хъобаны. Ацы азмæ та куыд нысангонд цæуы, афтæмæй интернет æмæ чырæгон бастдзинад хъуамæ фæзыной æмæ æнæкъуылымпыйæ кусой Дзинагъайы æмæ Мæздæджы районы Тельмæны поселочы. Фарста у уæлдай ахсджиагдæр, туризмы къабаз Цæгат Ирыстоны парахат кæй кæны, уымæ гæсгæ.
Раныхасгæнæгмæ фарстатæ уыд æмæ сæ фиппаинæгтæ загътой Тускъаты Таймураз, Парламенты Сæрдары хæдивджытæ Ортабайты Тимур æмæ Тхостаты Мурат, депутаттæ Хъæлыцты Инал æмæ Реуазты Ларисæ.
Уымæй уæлдай ма депутаттæ цы федералон закъонты проекттæм æркастысты, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги, Еленæ Князева, Кочораты Олег, Киситы Мурат, Джиоты Георги.
Æмбырды кæронбæттæны Тускъаты Таймураз советы уæнгтæн фехъусын кодта æхсызгон хабар: нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указæй Кочораты Олегæн лæвæрд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном, бирæ азты дæргъы ацы къабазы æнæзæрдæхудт фæллой кæй фæкодта æмæ хъæууон хæдзарады рæзтмæ аккаг бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй.
Дедегкаты Зæлинæ














