Цалцæгмæ — 23 фæндаджы

0
284

Дзæуджыхъæуы фæндæгты цалцæгæн ацы аз радих кодтой 746 милуан сомы, уыдонæй 570 — федералон программæ «Безопасность и качество движения», 176 милуаны — республикон бюджетæй.

Фæрæзты фæрцы нысан кæнынц 43 фæндаджы, фондз километрмæ ‘ввахс къахвæндæгтæ æмæ 300 хæдтулгæты лæууæн бынæттæ сцалцæг кæнын.
Куыстытæ æххæст кæнынмæ бавнæлдтой, уый тыххæй æхсæнадон советы æмбырды фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы Транспорты æмæ фæндæгты арæзтады управленийы хицау Гæтциты Артем.
«Ныридæгæн куыстытæ цæуынц Лагкуйы-фырты уынджы, йæ æртыццаг хай уал арæзт у, иннæтæм бавналдзысты, куыстытæ чи кæндзæн, уый куы сбæрæг уа, уæд. Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй майы цадæггай рахиздзыстæм иннæ уынгтæм. Алцы дæр цæуы пъланмæ гæсгæ, сæвзæры коммуникацитимæ баст фарстатæ, базæронд сты æмæ атонынц, уый та куыст къуылымпы кæны, фылдæр кæнынц хæрдзтæ дæр», — зæгъы Гæтцийы-фырт.

Рубайты Нелли

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here