Рамбулын сын нæ бантыст

0
135

Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты командæтæ ивгъуыд сабаты акодтой 27-æм туры хъæзтытæ.

Дзæуджыхъæуы «Аланыстон»-ы ныхмæлæууæг уыдис Астраханы командæ «Волгар». Фембæлд цыдис Грознайы сæйраг стадион «Ахмат-арена»-йы, æмæ фысымыл нымад уыдис «Аланыстон». Уыцы бон йæ рæнхъыты фæзмæ рацыдысты: №1 — Ростислав Солдатенко, №15 — Хъоцыты Хетæг, №19 — Бутаты Аллон, №4 — Хъæцмæзты Сослан, №80 — Хосонты Хетæг (79 минутыл — Хæдарцаты Батрадз — №10), №11 — Цоциты Алан (65 минутыл — Гуырцъыты Батрадз — №7), №77 — Хæбæлаты Алан (65 минутыл — Цæраты Алан — №22), №20 — Артур Галоян (46 минутыл — Хусаин Норчаев — №9), №73 — Максим Петров (46 минутыл — Заур Тарба — №93), №14 — Ислам Машуков, №99 —Николай Гиоргобиани.
Хъазты фыццаг æмбисы командæтæ рауадысты æмдых. Пурти алайнæгтæм кæд фылдæр рæстæг уыдис, уæддæр уазджытæ уыдысты къæрцхъус æмæ сæ дуармæ бацæуæнтæм хæстæг тæссаг уавæртæ саразын бирæ нæ бантыст, фæлæ уæддæр сæ ныббырстытæй иуы 12-æм минутыл «Аланыстон» хъазты хыгъд байгом кодта. Артур Галоян фæзы галиу фарсæй пурти дæсны лæвæрд бакодта уазджыты иварон фæзмæ, æмæ йæм уым иттæг хорз фæцарæхст Николай Гиоргобиани. Уазджыты дуармæ, чъылдыммæ лæугæйæ, уый йæ сæрæй пурти хъахъхъæнджытæ æмæ дуаргæсы иувæрсты сæ дуары фæмидæг кодта.
«Аланыстон» размæ рацыд 1:0-æй, фæлæ уый ахаста 33-æм минутмæ. Уазджытæ сæ архайд фæцырддæр кодтой æмæ, кæд фысымты дуармæ хæстæг бабырсын сæ къухы арæх не ‘фтыд, уæддæр сæхи бацæуæнтæм дæр баирвæзын фæзындæр.
33-æм минутыл уазджытæ ацарæзтой æвиппайды ныббырст, æмæ сæ размæбырсæг Артем Денькин дзуаппон гол бакъуырдта «Аланыстон»-ы дуары. Хыгъд ссис 1:1.
Дыккаг таймы алайнæгтæ сæ архайд фæрæвдздæр кодтой. Иу иннæйы фæдыл арæзтой ныббырстытæ. Хæстæг уыдысты хыгъд сæхи пайдайæн раивынмæ: Ислам Машуков, Артур Галоян, Хусаин Норчаев, Николай Гиоргобиани, фæлæ та иу хæрзчысыл сæ цæфтæ нал фæрæстмæ сты.
Ахæм уавæры та уазджытæн сæ хъул сах абадт. 75 минутыл сын фадат фæцис «Аланыстон»-ы дуарæй 26 метры дарддæрæй иварон цæф ныккæнын. Уыцы цæфмæ алайнæгты иварон фæзы иттæг хорз фæцарæхст уазджыты хъахъхъæнæг Данилæ Козлов æмæ пурти фысымты дуарыхызыл сæмбæлын кодта. «Волгар» размæ рацыд 2:1-æй.
Хъазты кæронмæ ма, цы 15 минуты баззад, уыдоны алайнæгтæ æнæрынцойæ тырныдтой хъазты цыд сæхи пайдайæн рацаразынмæ. Сæ ныббырстытæй иуы 83-æм минутыл уазджытæ, Гуырцъыты Батрадзы уромгæйæ, хъазты фæтк фехæлдтой, æмæ сæ тæрхонгæнæг фæивар кодта.
20 метры дæрддзæфæй Гуырцъыты Батрадз пурти сæмбæлын кодта уазджыты дуары уæллаг къуымы. Хъазты хыгъд ссис 2:2, фæлæ алайнæгтæ тырныдтой æрмæстдæр уæлахизмæ, æмæ ма сын цы 7 минуты æмæ уæлæмхасæн цыппар минуты баззад, уыдоны сарæзтой къорд ныббырсты.
Уазджытæн бантыст уыцы ныббырстæй сæ дуар бахъахъхъæнын, æмæ хъазт ахицæн 2:2 хыгъдимæ.
«Аланыстон»-ы сæйраг тренер Олег Василенко хъазты фæстæ пресс-конференцийы загъта: «Хъазт 2:2-йæ кæй ахицæн, уый хардзау кæсы махмæ. Махæн уыдис зынгæ фылдæр гæнæнтæ, фæлæ нын фылдæр голтæ бакъуырын кæй нæ бантыст, уый хъуыдыйаг у, æмæ йыл кусдзыстæм. Нæ ныхмæлæуджытæн уыдис æрмæстдæр дыууæ гæнæны, æмæ сын фæрæстмæ сты. Мах бузныг зæгъæм нæ иузæрдион фарсхæцджытæн æмæ ныр архайдзыстæм уыдоны фæндиаг нæ хъазт аразыныл».
«Аланыстон»-ы рæнхъыты, 79-æм минутыл фæзмæ Хæдарцаты Батрадз кæй рацыд, уый æхсызгон уыд футболуарзджытæн. Батрадз дæргъвæтин рæстæг дзæбæх кодта йæ раздæры цæфтæ æмæ, ныр хъазæн фæзмæ кæй рацыд, уый ныфс дæтты, куыдфæстæмæ йæ раздæры æмвæзадмæ кæй схиздзæн æмæ та йæ сæрæн æмæ уындджын хъазтæй футболуарзджыты зæрдæтæ кæй рухс кæндзæн.
«Аланыстон» йæ иннæ радон хъазт акæндзæн 21 апрелы уазæгуаты Ярославлы «Шинник»-имæ.
27-æм туры командæты хъæзтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: «Аланыстон» — «Волгар» — 2:2, «Енисей» — «Балтикæ» — 1:1, «Уфа» —»Акрон» — 0:0, «Родинæ» — «Динамо-Махачкала» — 2:0, «Рубин» — «Шинник» — 3:0, «Волгæ» (Ульяновск) — «Арсенал» Тула) — 0:0, «КамАЗ» — «Велес» (Москва) — 0:2, «Нефтехимик» — «Краснодар-2» — 3:0, «ПФК Хъубан» —»СКА-Хабаровск» — 2:2.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here