Фӕсивӕдон парламентӕн — ног сӕрдар

0
254

Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Фӕсивӕдон парламенты сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Аслӕмырзаты Азӕмӕт, схъӕлӕс ыл кодтой 23 депутаты.

Фыццаг арфӕтӕ райста РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Тускъаты Таймуразӕй. Тускъайы-фырт куыд бацамыдта, афтӕмӕй фӕсивӕдмӕ ам разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр куыст, хъуамӕ республикӕйы закъонаразӕг оргӕнимӕ иумӕ сӕ тыхтӕ баиу кӕной.

«Сӕрдары бынат сӕрыстырдзинады хос нӕу, уый у ӕгӕрон бӕрндзинады, сӕрӕндзинады, ӕппӕтӕй фылдӕр кусыны, ахсджиаг хъуыдытӕ рӕгъмӕ хӕссыны, цардмӕ сӕ уадзыны фӕрӕз. Мӕ зӕрдӕ дын, Аслӕмырзайы-фырт, зӕгъы, цӕмӕй ацы бынаты уыцы миниуджытӕ ӕххӕстӕй равдисай», — загъта Парламенты Сӕрдар.

Фӕсивӕдон парламенты сӕрдар Аслӕмырзаты Азӕмӕт куыд радзырдта, афтӕмӕй йын ахсджиаг у республикӕйы цардмӕ хи бавӕрӕн бахӕссын.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here