Бахъуаджы рӕстӕг — фыццаг ӕххуыс

0
353

Къорд азы размӕ нӕ республикӕйы Хицауады уынаффӕйӕ арӕзт ӕрцыд, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты бахауӕг адӕмӕн ӕвӕстиат медицинон ӕххуыс бакӕныны нысанимӕ, сӕрмагонд медицинон центр. Ӕрбынӕттон ис Республикон клиникон рынчындоны.

Йӕ куысты ахадындзинад рабӕрӕг, ӕмӕ цӕмӕй парахатдӕрӕй лӕггад кӕной адӕмӕн, уый тыххӕй сӕ раивтой ног бӕстыхаймӕ. Ныртӕккӕ РЦИ-Аланийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады «Медицинӕ ӕмӕ бӕллӕхы территориалон центр» ис Дзӕуджыхъӕуы Пушкины уынджы. Бирӕ дӕсны специалисттӕ дзы куыста, 1991 азы йын бындур ӕвӕрд куы ӕрцыд, уӕдӕй нырмӕ. 2021 азы Центры сӕргъы ӕрлӕууыд хӕрзӕгъдау, цыргъзонд, арӕхстджын разамонӕг Бутаты Павелы фырт Артур. Медицинон академийы диплом райсгӕйӕ, дарддӕр сахуыр кодта ординатурӕйы, травматолог-ортопеды дӕсныйад райста, диссертаци бахъахъхъӕдта Бетъырбухы ӕмӕ ссис медицинон наукӕты кандидат. «Медицинӕ ӕмӕ бӕллӕхы территориалон центр»-ы йӕ куыст райдыдта хайады сӕргълӕууӕгӕй, уыдис директоры хӕдивӕг.

Йӕ коллективы ‘хсӕн Артурӕн ис стыр кад, уымӕн ӕмӕ архайы, цӕмӕй кусджытӕн уа ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Уыцы-иу рӕстӕг Артур кӕсы лекцитӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы студенттӕн.

Кафедрӕйы доцент фидӕны санитарон дохтырты, эпидемиологты зонгӕ кӕны равзӕрст дӕсныйады сусӕгдзинӕдтимӕ.

Разамонӕг уӕвын дӕр курдиат у. Иуӕй, куыст хъӕуы хорз зонын, иннӕмӕй та — адӕмимӕ иу ӕвзаг арын, разамынд дӕттынмӕ арӕхсын.

— Цыфӕнды дӕсныйад равзаргӕйӕ дӕр, фыццаджыдӕр, хъуамӕ хорз адӕймаг уай. Бирӕ фӕлварӕнты сӕрты ахизын бахъӕуы, махмӕ кусынмӕ ӕрбацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны. Фыццагдӕр домӕн у фӕлтӕрддзинад, ӕнӕмӕнг фондз азӕй къаддӕр хъуамӕ ма бакуса йӕ дӕсныйадыл. Кӕмӕдӕр цымыдисаг кӕсдзӕн ацы куыст, фӕлӕ хи цӕстӕй куы фенынц зӕрдӕриссӕн нывтӕ, уӕд нӕ бафӕразынц. Ныртӕккӕ нӕм ис фӕлтӕрдджын, куыстхъом коллектив, — зӕгъы Артур. — Ирвӕзынгӕнӕн бригадтӕ лӕууынц цыппар посты, сӕйраг автомобилон фӕндӕгтыл — Елхоты, Беслӕны, Реданты ӕмӕ Дзуарыхъӕуы. Алчидӕр сӕ дзуапп дӕтты фӕндаджы хицӕн уадздзагӕн.

ӕхсӕвӕй-бонӕй рад хӕссы диспетчерты оперативон хайад. Дӕсны разамынд сын дӕтты Бадзиаты Зӕлинӕ. Раппӕлинаг куыст кӕнынц диспетчертӕ ӕлдаттаты Неля, Виктория Голова, Дзугкойты Маргаритӕ, Хамыхъоты Светӕ, Хуырымты Беллӕ ӕмӕ иннӕтӕ.

— Информацион технологиты ӕнус ралӕууыд, ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй пайда кӕнӕм Центры. Иудадзыг видеобастдзинад ис ӕппӕт службӕтимӕ, ирвӕзынгӕнӕн бригадӕтимӕ, рынчындӕттимӕ. Фӕндагон кӕнӕ ӕндӕр фыдбылызы адӕм хъыгдард куы баййафынц, уӕд махӕн нӕ хӕс у ӕппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр рынчынты уавӕры тыххӕй Мӕскуымӕ, Бӕллӕхты медицинӕйы федералон центрмӕ ӕрвитын, — зӕгъы Хамыхъоты Светланӕ.

Фӕндагон фыдбылыз ӕрӕджы ‘рцыд Кӕрдзыны хъӕумӕ хӕстӕг фӕндагыл. Аст адӕймагӕй цыппар фӕмард сты, иннӕты — уыдоны ‘хсӕн, ӕнахъом сабитӕ дӕр — тагъд ӕххуысы машинӕтӕ рынчындӕттӕм аскъӕфтой. Ныртӕккӕ зынгӕ фӕцыбырдӕр ис, бынатмӕ бацӕуынӕй рынчыны дзӕбӕхгӕнӕндонмӕ баласыны рӕстӕг.

— Ирвӕзынгӕнӕн бригад ӕппынфылдӕр 20 минутмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уа бынатмӕ. Нӕ машинӕтӕ ӕххӕст сты ӕппӕт нырыккондӕр медицинон ифтонггӕрзтӕй. Адӕймаджы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн дохтыртӕн ӕххуыс сты ацы фӕрӕзтӕ. Анестезиолог-реаниматологтӕ, травматолог-ортопедтӕ, тагъд ӕххуысы дохтыртӕ, медицинон хотӕ ӕмӕ фелсыртӕ хорз ӕмбарынц, медицинон ӕххуыс дӕр йӕ цӕфыл бакӕнын се стыр хӕс кӕй у, уый, — зӕгъы Артур.

Ирвӕзынгӕнӕн куыстыты иузӕрдионӕй архайынц дӕсны ӕмӕ хиуылхӕст шофыртӕ ӕлборты Гермӕн, Еналдыты Марат, Туаты Руслан, Уалыты Вадим, Гӕбӕраты Дмитри, Дзидзойты Дудар ӕмӕ иннӕтӕ. Центры директоры ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕ куысты ӕхсызгон хъӕуы анестезиолог-реаниматологтӕ.

Ӕрвылрайсом радхӕссӕг бригадӕтӕ Центры разамындӕн фехъусын кӕнынц, куыд ацыд сӕ куысты рӕстӕг, машинӕтӕ бацӕттӕ кӕнынц иннӕ къорды ӕрбацыдмӕ. Куыд нын загътой, афтӕмӕй фӕндагон фыдбылызтӕ фылдӕр цӕуы сӕрды мӕйты, адӕмӕн улӕфты рӕстӕг куы вӕййы, уӕд. Чидӕртӕ тагъд скъӕрынц хӕдтулгӕтӕ, карз нозты аххосӕй дӕр ӕрцӕуы бӕллӕхтӕ. Нӕ республикӕ транзитон у, бирӕтӕ цӕуынц сыхаг регионтӕм, уымӕ гӕсгӕ хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр вӕййынц ӕндӕр рӕттӕй.

— Республикон ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад барджын къахдзӕфтӕ акодта, фӕлӕ хатгай афтӕ рауайы, ӕмӕ уӕззау рынчынты бахъӕуы федералон клиникӕтӕм ласын. Мӕскуымӕ, Бетъырбухмӕ, Астраханмӕ, ӕндӕр горӕтты зындгонд клиникӕтӕм, нӕ дохтыртӕ алцӕмӕй ифтонг машинӕйыл фӕхӕццӕ кӕнынц рынчын адӕймаджы. Зӕгъӕм, ивгъуыд аз 50 хатты ацыдысты, ацы азы райдайӕнӕй та 26 рынчыны аластой бынатмӕ, — дзуры Бутаты Артур. — Алы фарстамӕ дӕр йӕ цӕст дары нӕ республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тебиаты Сослан. Алывӕрсыг ӕххуыс Центрӕн кӕнынц министры хӕдивджытӕ Хетӕгты Фатимӕ, Томайты Тамарӕ ӕмӕ Темырты Карэн.

Уӕлӕмхасӕн зонындзинӕдтӕ райсынӕн Центры специалисттӕн вӕййы ахуыртӕ. Уымӕй уӕлдай ма йӕ бындурыл кусы ахуыргӕнӕн кълас. Ам фидӕны шофырты, автоинспектортӕ ӕмӕ спецназы кусджыты ахуыр кӕнынц бахъуаджы рӕстӕг фыццаг ӕххуыс бакӕныныл. Медицинон наукӕты кандидат Дзатцеты Дзерассӕйы амынддзинӕдтӕй базонынц, туг куыд бауромын хъӕуы ӕмӕ ӕндӕр реанимацион гӕнӕнтӕ. Къласы ис ахуырӕн пайда, хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ, интерактивон фӕйнӕг.

Санитарон авиацийы тыххӕй дзургӕйӕ, Артур фӕнысан кодта, тынг бирӕ фарстатӕ дзы кӕй ис, уый. Цӕмӕй ахӕм медицинон лӕггад фӕзына Ирыстоны, уый тыххӕй уал фадӕттӕ саразын хъӕуы.

— Куыд уынӕм, афтӕмӕй республикӕйы Хицауад йе ‘ргом здахы туризмы къабазмӕ, бирӕ уазджытӕ нӕм цӕуы, хӕстӕгдӕр рӕстӕг куы скусой фӕлладуадзӕн бынӕттӕ, уӕд сӕ нымӕц ноджы фылдӕр уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы фӕндӕгтыл уӕлӕмхасӕн ирвӕзынгӕнӕн бригадӕты посттӕ скӕнын. Сӕрмагондӕй та — Транскамы автомобилон фӕндагыл. Нӕ куырдиатимӕ зонгӕ сты министрады, ӕмӕ йыл куыст цӕуы, — загъта Бутайы-фырт.

Мах бабӕрӕг кодтам, Реданты поселокмӕ хӕстӕг цы ирвӕзынгӕнӕн бригадӕ лӕууы, уый.

— «Цӕлхытыл реанимаци», — афтӕ схонӕн ис нӕ машинӕ. Нӕ бӕрны ис фӕндаджы ӕртын километры, Дзӕуджыхъӕуы Гӕдиайы-фырты уынгӕй суанг уадзӕн пункт Уӕллаг Ларсы онг. Федералон трассӕ «Кавказ»-ыл бирӕ машинӕтӕ цӕуы, ӕмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ стӕм ӕххуысмӕ», — зӕгъы дохтыр-реаниматолог Гуыриаты Маринӕ.

— Нӕ куыстмӕ гӕсгӕ уӕззау рынчынты фӕхӕццӕ кӕнӕм Уӕрӕсейы стырдӕр клиникӕтӕм. Ӕнцон нӕу дыгай суткӕтӕ фӕндагыл, иудадзыг хъӕуы улӕфӕн аппаратмӕ кӕсын, ӕндӕр процедурӕтӕ кӕнын, фӕлӕ сӕйрагдӕр у адӕймаджы ӕнӕниздзинад, — зӕгъы фӕлтӕрдджын фелсыр Челӕхсаты Валентинӕ.

Бригадӕйы уӕнгтӕ бузныг загътой Центры разамындӕн, сӕ куыстӕн ӕмӕ фӕлладуадзынӕн уавӕртӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.

Хатгай сӕм ӕххуысагур бауромынц шофыртӕ, чи фӕндагыл йӕхи ӕвзӕр ӕнкъары, чи та йӕ бӕлццонӕн ӕххуыс бацагуры.

Цыбыр дзырдӕй, Медицинӕ ӕмӕ бӕллӕхы территориалон центрыл ӕрӕнцад вазыгджын фарстаты уаргъ, рӕстӕг сын сӕ размӕ цы хӕстӕ ‘вӕры, уыдон лыг кӕнгӕйӕ, размӕ фидар къахдзӕфтӕй цӕуынц. Сӕ зонындзинӕдтӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, цӕстуарзонӕй лӕггад кӕнынц адӕмӕн.

ГУГКАТЫ Жаннӕ,

къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here