Уӕзласӕн транспорт — Дзӕуджыхъӕуы иувӕрсты

0
214

Цӕгат Ирыстоны дарддӕр цӕуы Дзӕуджыхъӕуы иувӕрсты ног автомобилон фӕндаджы арӕзтад. Подрядон организацитӕ цалдӕр къӕпхӕнӕй цы куыстытӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдон хъуамӕ ахицӕн уой 2024 азы.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Цӕгат Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы пресс-службӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй амынд объекты арӕзтады сӕйрагдӕр нысан у уӕзласӕн транзитон транспорты цыд Дзӕуджыхъӕуы иувӕрсты ауадзын.

Управленийы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт куыстытӕ дӕр цӕуынц сӕрмагонд графикы бындурыл. Уыимӕ, куыстыты цыдмӕ сӕ цӕст дарынц, куыд проектон организацитӕ, афтӕ цӕстдарӕг ведомствӕтӕ дӕр.

Зӕгъӕм, ацы бонты аразджытӕ архайынц, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Джызӕлы ‘хсӕн ног фӕндагӕн цы уаццаг фӕзындзӕн, ууыл. Подрядон организацийы минӕвар куыд радзырдта, афтӕмӕй фӕндаджы амынд хайы фӕтӕн уыдзӕн 16,5 метры. Уыимӕ, фӕндаджы цыппар уаццаджы (дыууӕ — иуӕрдӕм, 2 — иннӕрдӕм) фӕтӕн уыдзӕн 13,5 метры, фӕндаг дыууӕ дихыгӕнӕг ӕдасдзинады уаццаджы фӕтӕн та уыдзӕн 3 метрмӕ ‘ввахс.

— Иу ныхасӕй, ӕппӕт дӕр арӕзт цӕуы, цӕмӕй фӕндагон адӕмы ӕнцойдзинадӕн хъӕугӕ фадӕттӕ уа. Подрядон организацитӕ пайда кӕнынц ӕппӕты нырыккондӕр проектон технологитӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй, — радзырдта Цӕгат Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы минӕвар.

(“ТАСС”)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here