Ныхас — ахсджиаг фарстатыл

0
319

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта æрвылкъуырион æмбырд министрты кабинет, хицауады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ æмæ республикæйы федералон сконды минæвæрттæн.

Цæгат Ирыстоны оперативон уавæр у нывыл. Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег.
Республикæйы эпидемиологон уавæры тыххæй фехъусын кодта сæйраг паддзахадон санитарон дохтыр Тыбылты Алан, уавæр у нывыл. Гриппы ныхмæ прививкæтæ скодтой 33 мин адæймаджы, уыдонæй 7 741 сты сывæллæттæ. Бафиппайдта, сæ ведомствæйы кусджытæ дарддæр дæр сæ цæст кæй дарынц райсомæй скъолаты ахуырдзауты æнæниздзинадмæ, стæй хæринаггæнæнты куыстмæ. Зæрдæхсаинаг цаутæ дзы нæ раиртæстой.
Финансты министрадæн Сергей Меняйло бахæс кодта, цæмæй, фидæн азы бюджет аразгæйæ, фæнысан кæной уæлбарон къорды граждæнтæн хостæ лæвар дæттынæн æхцайы фæрæзтæ. Экономикон рæзты министрады фылдæр æргом здахын хъæуы, нацпроекттæ, паддзахадон программæты, арæзтады æмæ социалон объектты арæзтады архайынмæ афоныл куырдиæттæ бадæттыны хъуыддагмæ.
Фæтагъддæр кæнын хъæуы Мæздæджы районы доны къанау æрæджы сарæзт паддзахадон унитарон куыстуатмæ радтыны фарста, уый комкоммæ баст у тарифты ‘хсæн хъауджыдзинадæн субсидитæ исыны хъуыддагимæ. Цыбыр æмгъуыдмæ уыцы куыст бакæндзысты республикæйы æппæт районты дæр.
Республикæйы Сæргълæууæг разыйæ нæ баззад, Тагъд æххуысы станцæйы кусджытæн сæрмагонд уæлæдарæс хуыйыны фæдзæхст куыд æххæстгонд цæуы, уымæй. Æнæниздзинад хъахъхъæныныды министр Тебиаты Сослан зæрдæ бавæрдта, ацы мæйы кæронмæ сæ кæй райсдзысты.

Темæ дарддæр ахæццæ кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов. Уый фехъусын кодта, 60 ФАП-ы арæзт кæй æрцыд афтектæ, ис дзы балхæнæн фыццаг æххуысы хостæ.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ радзырдта, Адæмты ‘хсæн культурон-патриотон центр «Беслæн. Скъола №1» саразыныл куыст куыд цæуы, уый тыххæй. Экспозици арæзт æрцæудзæн дыууæ мæйы æмгъуыдмæ, республикæмæ уый фæдыл ссæудзысты профилон специалисттæ, мæскуыйаг Уæлахизы музейы кусджытæ, сæ сæргъы — музейы директор Александр Школьник, афтæмæй.
Дзæужыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав фехъусын кодта, Хъесаты Колкайы уынджы фарсмæ Терчы былгæрæттæ аив кæныны куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Зæрдæ бавæрдта 23-24 сентябрмæ, Дзæуджыхъæуы бонмæ, кæй фæуыдзысты, уымæй.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here