Æмгъуыд — афæдзы кæронмæ

0
227

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис сарæзта, вице-премьертæ кæм архайдтой, ахæм æрвылкъуырион æмбырд. Ныхас дзы цыдис, Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæдзæхстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл, сæйрагдæр, нæ республикæйы фæзуаты зæххы лæбырдтытæй сæ хæдзæрттæн тæссаг кæмæн у, уыцы граждæнты æдас ранмæ ракæныны тыххæй.


Уымæй уæлдай ма, æмбырды архайджытæ æркастысты, ахуырадон уагдæтты бындурон цалцæджы программæ куыд æххæстгонд цæуы, стæй горæты фалдзусты хæрзвадаты фарстатæм. Дзанайты Барис бахæс кодта иудадзыг цæст дарын социалон инфраструктурæйы арæзтады, цалцæг æмæ бындурон рацарæзты къабазы бюджетон куырдиæттæм. Уæлдай æргом — республикæйы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Дзанайты Барис йæ хæдивджытæн бахæс кодта пълангонд куыстыты цыд фæтагъддæр кæнын.
— Афæдзы кæронмæ бирæ рæстæг нал баззад, æдæппæтæй — мæй. Куыстытæ се ‘мгъуыдтæм фæуын хъæуы. Республикæйы социалон-экономикон рæзтыл, нæ адæмы цардыуагыл рæстмæ чи фæзындзæн, нæ размæ æвæрд уыцы хæстæ хъуамæ сæххæст кæнæм,— балхынцъ кодта йæ ныхас премьер-министр.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here