Раздзогтæн — хæрзиуджытæ

0
214

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Дзæуджыхъæуы гарнизоны Афицерты хæдзары ацæуæг æппæтуæрæсеон сфæлдыстадон конкурс «Хъæбатыртæй нæ райгуырынц, хъæбатыртæ свæййынц»-ы уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ дæттыны фæдыл арæзт кадджын æмбырды.

Дзыллон мадзалы кадджын уазджыты ‘хсæн уыдысты Уæрæсейы Хъæбатыр, бæстæйы Æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд нысаниуæджы центры къорд «Альфæ»-йы ветеран Андрей Кумов, Уæрæсейы Хъæбатыр, бæстæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады къорд «Центроспас»-ы ветеран Владимир Легошип, Хъæбатырдзинады ордены кавалер, сылгоймæгты ‘хсæн хæдтæхæгон спортæй дунейы авд хатты абсолютон чемпионкæ, «Фæлварæн-конструкторон бюро П. Сухой»-ы 1-æм къæпхæны тæхæг-инструктор Светланæ Капанина, Сывæллæттæ æмæ фæсивæды зондамонджыты æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Уæрæсейы зондамонджыты» координацион советы сæрдар Дмитрий Барахтов, нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ æндæртæ.
Ныхас кæнгæйæ, Сергей Меняйло загъта:
— Терроризмы ныхмæ тох кæнгæйæ, ныртæккæ Уæрæсе зындзинæдтæ бавзары. Уыимæ, ныр æхсæнад кæй æвдисы, уыцы тыхджын иукæнынады рæстæг адæймаджы хæс у Райгуырæн бæстæйы истори зонын æмæ йæ фидæны фæлтæртæн амонын. Ацы залы бадæг Уæрæсейы Хъæбатыртæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой. Терроризмы ныхмæ тох кæнгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг нæ лæппутæ æрвылбон хъæбатырдзинад кæй æвдисынц, уый зонæм. Ацы лæппутæ сæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнынц. Сымах Уæрæсейы фидæн кæй стут, ууыл æппындæр дызæрдыг нæ кæнын. Ацы конкурсы кæй архайдтат, уый хорз у. Уæ бæстæйы рагон царды хабæрттыл стырзæрдæ кæй не стут, уый дзурæг у, искæй кæй нæ фæлхатут, фæлæ сыгъзæрин дамгъæтæй Райгуырæн бæстæйы историйы фыст кæй нæмттæ сты, уыдоны кæй фæзмут, ууыл. Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ чи у, ахæм фæлтæр кæй схъомыл кодтам, уый мын æхсызгон у.
Регионы разамонæг амынд конкурсы номинаци «Ныв»-ы (райдайæн скъола) раздзогтæн — 7-аздзыд Сергей Шаталовæн (Горæтгæрон районы Æрхонкæйы станицæйы 6-æм рæвдауæндон), 9-аздзыд Никитæ Галич (Æрыдоны 1-æм скъола) æмæ 7-аздзыд Хъаныхъуаты Амирæйæн (Дзæуджыхъæуы 41-æм скъола) хæрзиуджытæ радта.
Республикон физикон-математикон лицей-интернаты 6 «г» къласы ахуырдзаутæ фæуæлахиз сты сæрмагонд номинаци «Мах — командæ»-йы. Сергей Меняйло сæрмагонд номинаци «Уæрæсейаг журналистикæйы ныфс»-ы уæлахиздзау, Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуырдзау Хъалаты Софияйæн дæр хæрзиуæг радта.
Номинацитæ «Эссе», «Æмдзæвгæ», «Ныв»-ы (астæуккаг скъола), «Видеоролик» æмæ «Плакат»-ы раззаг бынæттæ бацахсджытæн дæр дипломтæ æмæ зынаргъ призтæ радтой. Конкурсы æдæппæт архайдтой 3800 сывæллоны.
Амынд конкурсы хæс у рæзгæ фæлтæры патриотизмы æнкъарæнты сæвзæрдæн ахъаз кæнын. Конкурс «Хъæбатыртæй нæ райгуырынц, хъæбатыртæ свæййынц» аразынц ацы азы амынд æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлды дзыллон мадзæлтты пъланмæ гæсгæ, национ проект «Ахуырад»-мæ хауæг федералон проект «Уæрæсейы Федерацийы адæмы патриотон хъомылад»-ы æххæсткæнынады æмæ къабаз «Уæрæсейы Федерацийы адæмы патриотон хъомылад»-ы райрæзты фæлгæты.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here