Хæрзиуджытæ — æмгуыстад æмæ æппæтвæрсыг æххуысы тыххæй

0
185

Уæрæсейы Экономикон рæзты министрады разамонджытæн лæвæрд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстоны хæрзиуджытæ.

Майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ бавæрæны тыххæй хорзæхджын систы УФ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, Цæгат-Кавказы федералон зылды социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæ æххæстгæнæг департаменты разамонæг Камиль Бексултанов æмæ Цæгат-Кавказы федералон зылды социалон-экономикон рæзты департаменты директор Игорь Храновский.
Уый тыххæй Указтæ бафыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хæрзиуджытæ уæлдæр амынд разамонджытæн Мæскуыйы радта республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Регионы разамонæджы æмæ йæхи номæй Хицауады Сæрдар зæрдиаг арфæ ракодта Сергей Назаров, Камиль Бексултанов æмæ Игорь Храновскийæн регионы ахсджиаг фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы сæ алывæрсыг æххуысы тыххæй.
— Абон Цæгат Ирыстон размæ цæуы алы къабазы дæр. Мах модернизаци кæнæм æмæ аразæм ног, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм вазыгджын объекттæ, уыдонимæ — скъолатæ, рынчындæттæ, культурæйы артдзæстытæ, спорткомплекстæ, цæрæнуатон-коммуналон инфраструктурæ республикæйы алы районы дæр. Бирæтæ дзы ныридæгæн скуыстой. Æппæт уыцы егъау хъуыддæгтæ Уæрæсейы Экономикон рæзты министрадимæ æмгуыстады фæрцы арæзт цæуынц. Сымах цы уынаффæтæ рахæссут, уыдоны руаджы нæ республикæйы граждæнты царды уавæртæ дзæвгар фæхуыздæр сты. Бузныг, уæ æппæтвæрсыг æххуысæй! — арфæ ракодта Дзанайты Барис.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here