Бухайраг худ

0
289

Заманхъуйлаг Бигъаты Мидат хорз лæгыл нымад уыд. Йæ цæхх, йæ кæрдзын æмбæхст никуы уыдысты адæмæй. Бирæ азты колхозы хоры къæбицы хицауæй фæкуыста. Хæдзарады сæрдартæ цалдæрæй ивд æрцыдысты, фæлæ-иу Мидат йæ куысты баззад. Йæ куыст йæхи зæрдæмæ дæр цыд, æмæ йæ ныууадзынмæ нæ тагъд кодта.

Иу бон сфæнд кодта йæхицæн хорз бухайраг худ æмæ сахат балхæнын. Иу хуыцаубон Беслæны базармæ ацыд, æмæ йæ фæнд йæ къухы бафтыд — балхæдта бухархуд æмæ сахат. Дыккаг бон куыстмæ рацыд, йæ ног сахат — йæ риуы дзыппы, йæ бухайраг худ — йæ сæрыл, афтæмæй. Мæ ног худ адæммæ бавдисон, зæгъгæ, йе ‘рвад Макъармæ бадзырдта:
— Лæппу, фæссихор нæхимæ ацу, æрхæсс нæл гогыз, арахъхъы четверт æмæ лыстæг митæ, стæй лæппутæн зæгъ, æмæ абадæм.
— Хуыцау дын хорз ракæна, — загъта Макъар æмæ фæссихор фæраст Мидаты хæдзармæ. Йæ бинойнаг ыл бацин кодта, æмæ цæттæ хуынтæ машинæйы сæвæрдтой. Æрбамбырд сты лæппутæ, æмæ, Мидат кæм куыста, уыцы къæбицы цæл кæнынц. Дзидза — хæрзфых, арахъхъ — фæрсыгъд, æмæ сидт сидты фæстæ уагътой. Куыннæ бахъæлдзæг уыдаиккой, æмæ семæ бадæг Мыртазты Тамерлан (Дуп) Цорæты Алиханы зарæг систа. Макъар дæр зарын зыдта æмæ зарæг кæронмæ ахæццæ кодта. Мидат сæм кæсы, æмæ йæ фæндыд, йæ ног дзаума, бухайраг худы тыххæй йын куы раарфæ кодтаиккой, зæгъгæ, фынджы бадт дæр уый тыххæй скодта. Фæлæ дзаумайы кой ничи кæны, нард фынджы уæлхъус сæ уый ферох. Мидат сæм каст æмæ иу рæстæг сфæрæзта:
— Знон Беслæны ацы худ балхæдтон, æмæ мæ æлхъивы, æвæццæгæн æй фæстæмæ ауæй кæндзынæн.
Макъар æм бакаст æмæ йын афтæ зæгъы:
— Ма йæ ауæй кæн, мæнæ ацы къæбицы куы нал кусай, уæд дæ худ дæ хъустæм æрхаудзæн.
Бадты кæрон гæнæн нал уыд, æмæ Мидатæн йæ ном ссардтой, йæ худы тыххæй йын арфæ ракодтой.

Хъуысаты Асæхмæт,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here