Национ наукон чиныгдоны арæзт æрцыд аив кæсджыты республикон конкурс Мадæлон æвзæгты бæрæгбоны кадæн. Къорд азы ацы конкурс арæзтой Дигорайы, ацы азæй фæстæмæ та — Дзæуджыхъæуы. Нырæй фæстæмæ йæ ахадындзинад фæбæрзонддæр уыдзæн, уымæн æмæ йын æххуыс кæндзæн “Иры Стыр Ныхас”.
Архайджыты нымæц уыди сæдæйæ фылдæр Ирыстоны алы районты скъолатæй, райдай хæххон Мæхческæй æмæ фæу станицæ Луковскаяйæ. Уагæвæрд сын бар лæвæрдта æмдзæвгæтæ, куыд республикæйы дыууæ паддзахадон, афтæ æндæр æвзæгтыл кæсын дæр. Æмæ диссаджы аив азæлыдысты æмдзæвгæтæ ирон, уырыссаг, нанайаг, дидойаг, хантыйаг, удмуртаг, абхазаг, ивритыл, бербераг æвзæгтыл æмæ ма раст эсперантойыл дæр! Æдæппæтæй та уыцы бон мадзалы архайджытæ фехъуыстой дунейы 47 æвзагыл фыст уацмыстæ.
Жюрийы уæнгтæн æнцон нæ уыдис хуыздæртæй хуыздæрты равзарын, фæлæ уый сæ къухы бафтыд. Æвдай адæймагæй фылдæр уыдысты, патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ» æмæ “Иры Стыр Ныхас”-ы номæй хæрзиуджытæ — майдантæ æмæ кады гæххæттытæ кæмæн раттой, уыцы ахуырдзаутæ. Гран-прийæ схорзæхджын кодтой Марк Розито, Полинæ Симонова æмæ Гуыбаты Дзерассæйы, Такъæты Ольгæ та РЦИ-Аланийы Сылгоймæгты советы номæй зæрдылдарæн лæвæрттæ ратта конкурсы уæлахиздзау Къодоты Мэлс æмæ 38-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзæрæхохты Ритæйæн. Бынæттæ чи нæ бацахста, уыцы архайджытæн дæр лæвæрд æрцыд дипломтæ. Раздæр арæзт конкурсты фæстиуджытæ бахынцыны фæстæ сæ разæнгарддæрæй архайæг ахуыргæнджытæн дæр раттой кады гæххæттытæ.
Конкурсы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ: «Абон цы стыр бæрæгбон сарæзтам, уый сæйраг нысан уыдис бавдисын иудзинад, æппæт дунейы адæмтæ дæр сæ ахастдзинæдтæ хъуамæ кæй аразой сабырдзинады бындурыл иу культурон тыгъдады. Сценæ байдзаг поэтикон мыртæй, иуæй-иуты тыххæй хъусгæ дæр кæд никæд фæкодтам дунейы алы ахæм æвзæгтыл. Афтæмæй конкурсы архайджытæ сбæлвырд кодтой, æвзаг æрмæст дзурынмæ кæй нæу, фæлæ ма нæ культурон æгъдауæй хъæздыгдæр чи кæны, алы адæмыхæттыты минæвæртты æнгомдæр чи бæтты, ахæм хотых».
Ам ма зæгъын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт ахæм конкурс арæзт кæй ‘рцыд дæс азы размæ Дигорайы. Уæдæй нырмæ азæй-азмæ йæ архайджыты нымæц фылдæр кæны. Кæд дзы æндæраз 19 æвзагыл бакастысты æмдзæвгæтæ, фарон — 27, уæд ныр та, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй — 47. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн цины хос у, æмæ ныл бæрнон хæс дæр æвæры. Зæрдиаг арфæ кæнын “Иры Стыр Ныхас”-ы сæрдар Уататы Зелимæн, уый у канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы патриот, æмæ уыцы ахсджиаг миниуæг бæлвырд хъуыддæгтæй æвдисы.
Хъарданты Тимур,
историк