Хæрзиуджытæ – хъæбатыртæн

0
241

Сæрмагонд æфсæддон операцийы тохы быдыры лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджын æрцыд Роман Шевяков. Паддзахадон хæрзиуæг райста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы къухæй.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг зæрдиаг арфæ ракодта Романæн йæ хъæбатырдзинад, ныфсхастдзинад æмæ намысджын службæйы тыххæй, йæ арфæты ма бафтыдта, хæстонæн йæ зæрдæ кæй зæгъы æнæниздзинад æмæ ног уæлахизтæ.
Майдан «Ирыстоны намысæн» ма саккаг кодтой æфсæддон операцийы цалдæр архайæгæн. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номæй сын Донецкы хæрзиуджытæ радта республикæйы культурæйы министр Фидараты Сос-лан. Сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, лæгдзинад кæй æвдисынц, сæ бæстæйы сæраппонд иузæрдионæй кæй службæ кæнынц, уый тыххæй схорзæхджын кодтой Мамиаты Оледжы номыл ротæйы командæгæнæг Хæбæлаты Дмит-рийы, хæстонтæ Бæззаты Асланы, Дзгойты Зауырбеджы, Игорь Дорохины, Гейдар Казимагомедовы, Хъаныхъуаты Сергейы, Куындыхаты Аланы, Лолаты Вадим æмæ Шамхал Мугадовы. Фидараты Сослан йæ телеграм-каналы куыд ныффыста, афтæмæй сæрыстыр у, хæстонтæ сабыр-дзинад æмæ æдасдзинад хъæбатыр æмæ ныфс-хастæй кæй хъахъхъæнынц, уымæй.

Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here