Гæнæнтæ алкæддæр вæййынц фылдæр

0
262

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Депутаттæ байхъуыстой «Социалон къабазы (æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæ æмæ социалон æфсисады) цы товартæ, куыстытæ æмæ лæггæдтæ хъæуынц, уыдон æлхæнын æмæ сæ æххæст кæныны тыххæй 2022 азы æмæ 2023 азы дæс мæймæ цы фæрæзтæ æрвыст æрцыд, уыдоны аудит æмæ сæ хæдзардзинæй хардз кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæ цы экспертон-аналитикон мадзæлттæ сарæзта, уыцы бæрæггæнæнты тыххæй хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг уыд Цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæджы хæдивæг Бекъойты Хъазыбег. Уый бæлвырд æрдзырдта, ранымад социалон къабæзты контракттæ 2022 азы æмæ 2023 азы дæс мæймæ куыд æмæ цавæр уагæвæрдтæм фыст цыдысты, алы къабазы дæр уыцы рæстæгмæ цал уыдысты, æппæт уыдæтты тыххæй. Уымæй уæлдай, бафиппайдта, цæстдарæн ма-
дзæлтты фæрцы кæй рабæрæг сты, административон æгъдауæй бафхæринаг чи у, ахæм барадхæлдтытæ: ахуырады къабазы – 13 цауы, культурæйы къабазы – 5, социалон æгъдауæй лæггадгæнæг къабазы – 15 æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады – 64 цауы. «Афтæмæй паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгты къабазы хæрдзтæй ноджы хæдзардзиндæрæй пайда кæнын социалон кусæндæттæн раздæрау у ахсджиаг хъуыддаг», – загъта раныхасгæнæг.
Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй, къухы цас бафтыд, гæнæнтæ уымæй сты ноджы фылдæр. Æмæ, фæстауæрц кæнгæйæ, уыцы гæнæнтæй раст пайда кæнын алкæмæн дæр у фыццаградон хæс.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæмæ.
Реуазты Ларисæ ма ныхас кодта «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сывæллæтты фæлладуагъды, дзæбæх сæ кæныны æмæ сын куысты бынæттæ аразыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл. Документ фидар кæны, царды зын уавæрты чи бахауад, уыцы сывæллæтты бартæ сæ фæллад уадзыны, се ‘нæниздзинад сын хъахъхъæнын æмæ сæ дзæбæх кæныны, стæй, цæрынхъом цæмæй уой, уый тыххæй сын куысты бынæттæ аразыны тыххæй.
Уымæй уæлдай, Реуазты Ларисæ æркæсынмæ бавдыста «Сывæллонджын бинонтæн паддзахадон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлтты тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект. Ныхас дзы цæуы ныййарæджы (бинонты) капитал фæфылдæр кæныныл. Закъон фидаргонд куы ‘рцæуа, уæд 2025 азы 1 февралæй фæстæмæ ныййарæджы капитал фыццаг сывæллонæн уыдзæн 756 мин сомы, дыккаджы тыххæй – 1 милуан сомы, æртыккаджы тыххæй бафыст дæр цы хуызы лæвæрд цæудзæн, уыцы уагæвæрдтæ дæр дзы бæлвырдгонд цæуынц.
Закъонты проектты фæдыл ма æмбырды ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Хæдарцаты Аслæнбег, Остъаты Георги, Качараты Олег, Киситы Мурат.
Парламент йæ раздæры æмбырдты цы хъусынгæнинæгтыл æрдзырдта, се ‘хсæн – 2023 азы республикæйы Мидхъуыддæгты министрады архайды, стæй 2023 азы Алагиры, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы муниципалон районты социалон-экономикон рæзты тыххæй дзуаппон раныхæстæ – уыдоны фæдыл рахаста æмбæлгæ уынаффæтæ. Ныхас сыл кодта Черчесты Аслан.
Парламенты закъонæвæрынадон пъланмæ, стæй иуæй-иу комитетты скондтæм советы уæнгтæ бахастой ивддзинæдтæ æмæ снысан кодтой Парламенты дыууын цыппæрæм æмбырды боны фæтк æмæ йæ саразыны æмгъуыд.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here