Лæвар хостæ исынц

0
270

Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы аз 22174 цæгатирыстойнаг льготникы социалон лæггæдты къорд райсыны хуызтæй равзæрстой натуралон уаг.

Уыимæ 12754 адæймаджы социалон лæггæдты къорд натуралон уагæй равзæрстой æххæстæй, 9420 адæймаджы та – амынд лæггæдты къорды хай. Социалон лæггæдты къорд натуралон уагæй равзарæг адæммæ ис лæвар хостæ, медицинон дзаумæттæ æмæ дзæбæхгæнæг хойраг, стæй дзæбæхкæнынады бынатмæ æмæ фæстæмæ фæндаггаджы аргъы бафыстимæ санаторитæм балцæгтæ райсыны бар.
– Мæймæ социалон лæггæдты къорды аргъ у 1578 сомы. Фæндонмæ гæсгæ, адæймагмæ ис социалон лæггæдты къорд æхцайы æрвылмæйон фиддонмæ уæлæмхасæн фиддонæй баивыны, науæд та социалон лæггæдты æппæт къордыл, кæнæ иу-цалдæр лæггадыл хи атигъ кæныны бар. Амынд уагæй архайыны фæнд скæнæг федералон льготникы хæс у 1 октябры æмгъуыдмæ портал «Госуслуги»-йы, кæнæ бирæкъабазджын центры фæрцы, науæд та, Социалон фонды хайадмæ комкоммæ уагæй бацæугæйæ, æмбæлгæ курдиат барвитын. Ивддзинæдтæ сæ тыхы бацæу- дзысты иннæ азы январæй фæстæмæ. Адæймаг льготæ исыны хуыз фæивыны фæнд цалынмæ не скæна, уæдмæ ацы льготæ кæй архайдзæн, уый нымайгæйæ, æрвылаз адæймагыл йæ равзæрст сног кæныны хæс æвæрд нæй, – зæгъы амынд хайады разамонæг Таболты Сергей.
Æдæппæт Цæгат Ирыстоны цæрынц федералон льготникты къордмæ хауæг 96512 адæймаджы.

ОсНова.News

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here