Лев Толстойы хъуыдымæ гæсгæ, царды дыууæ иууыл тыхджындæр хæстоны сты быхсондзинад æмæ рæстæг. Куыд ахадынц нырыккон царды, уый фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кæны милицæйы инæлар-майор, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады Æхсæнадон уынаффæдоны Цæгаткавказаг федералон зылды хайады сæрдар Сихъоты Сосланимæ.
– Сослан, нæ рæстæджы дæр быхсондзинад тыхджын хæстоныл нымад цæуы?
– Уый ахъаз у адæмы æнгомдзинадæн. Цалынмæ æхсæнад кæрæдзимæ хæстæг лæууой, уæдмæ нын ницавæр знагæй тас у. Абон нæ фæсивæд хæсты сты. Раст мæ бамбарæнт газеткæсджытæ, хицауады сæрыл нæ хæцын, уыдон цы хорздзинад кæнынц нæ хæстонтæн! Хæст рамбулынц, хæстонты фæсчъылдым тыхджын куы вæййы, уæд. Чидæр загъта, нæ чъиритæ, дам, цы ралас-балас кæнæм? Уый æнæууылд ныхас у, нæ фæсивæд хъуамæ æнкъарой, кæй сæ нæ рох кæнæм, уый. Хæст Украинæйы зæххыл нæ цæуы, цæуы Уæрæсейы. Уымæн æмæ Запорожье, Херсон, Донецк æмæ Луганск мах зæххытæ сты. Зонут, бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц? Æрбацæудзысты ирон лæппутæ æмæ нын бах-
хуыс кæндзысты. Уымæн аргъ нæй! Уыцы хабæрттæ мах рæгъмæ куы нæ хæссæм, уæд ферох уыдзысты ног фæлтæрæй.
Цæудзыстæм кувæндæттæм, аргъуантæм, мæзджыттæм, кувдзыстæм, цæмæй нæ хæстонтæ сыздæхой сæ хæдзæрттæм. Хæстмæ чи ацыд, уыдон ныууагътой сæ бинонты, æппæтæй сын зынаргъдæр цы у, уый. Æмæ афтæ хъуыды кæнынц, цæуын хæстмæ, фæлæ мæ зæрдæ дарын адæмыл, мæ бинонтæ ницы хъуаг уыдзысты, уыдзысты æдас.
Абон ахæм рæстæг ралæууыд, æмæ нæ ныхмæлæуддзинад хъуамæ аиуварс кæнæм. Уырны мæ, къазнамæ чи ныхилы, уыдон æрцæудзысты æфхæрд. Афтæ куы уаид, æмæ сæ афæдзы дæргъы асыгъдæг кæнæн куы уаид. Фæлæ уыдон ахæм адæм сты, æмæ иу афон фæсарæнтæм алидзынц, стæй та фæстæмæ æрбаздæхынц. Мæн уырны, къазнадавджытæ, артисттæ, зарæггæнджытæ æмæ кафджытæй иутæ æхсæнады бындур кæй не сты. Йæ бындур сты, адæммæ рæстдзинад чи хæццæ кæны, уыдон. Мах та царды бындур сæвæрыныл иумæйагæй архайæм. Райсом нæ фæстæ цы кæстæртæ фæзындзæн, уыдон нын нæ цæстмæ цæмæй ма бадарой, куыд ницы сарæзтат, зæгъгæ.
– Ног фæлтæртæ патриотизм, Фыдыбæстæ уарзын æмæ йæ хорзæхæн æппæт аразыны уагыл куы нæ хъомыл кæнæм, адæймагæн æрдзæй лæвæрд миниуджытæ, национ культурæ æмæ монон æгъдæуттыл куы нæ ахуыр кæнæм, уæд байрæджы уыдзæн.
– Ууыл архайы Ветеранты республикон хæдзар. Ардæм куы æрбацæуынц, уæд фенынц, æппæт дæр дзы патриотизм æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинады темæтимæ баст кæй у, ирдæй дзы зынынц адæмты хæлардзинады æууæлтæ. Асинтыл схизгæйæ, цæст, фыццаджыдæр, æрхæцы Цæгат Кавказы республикæты тырысатыл. Тменаты Зинаидæ скъоладзауты бафæрсы, тырысамæ амонгæйæ, кæцы регионы у, зæгъгæ. Бирæтæ йæ фæзонынц, уæдмæ йæ чи нæ зыдта, уыдон дæр сæ сæ зæрдыл бадарынц. Нæ хъайтарты номыл Ветеранты хæ-
дзары ис уат, Советон Цæдисы 79 хъайтары хуызистытæ дзы сты къулыл кондæй. Нырыккон дуджы хъайтарты къамтæ дзы уыд фынддæс, цалынмæ сæрмагонд хæстон операци нæ райдыдта, уæдмæ. Уæдæй ма сыл бафтыд фондз. Нæ хæсыл нымайæм, цæмæй сæ хистæртæ, нæ кæстæртæ зоной, нымайой сæ. Науæд нæ риутæ хойын райдайæм, мах аланты байзæддæгтæ стæм, дыууæ сыкъайы куы баназæм, уæд.
– Куыд фæдарынц сæхи æрбацæуджытæ?
– Скъоладзаутæй чидæртæ къулыл сæхиуæтты хуызистытæ ссарынц, кæрæдзийæн фæдзурынц, уый мæ фыды дада у, кæнæ ме ‘рвад. Ирыстоны фæсивæдæн царды ахæм хъайтар нысантæ куы нæ уыдаид, уæд сæхи афтæ нæ равдыстаиккой æмæ не ‘вдисиккой. Æрвылбоны царды хъæбатыр сты, уый нæ фæзыны. Хъайтардзинад сæ мидæг ис, æмæ сæ куы бахъуыд, уæд æй равдыстой тохы быдыры.
Æхсæнад цæттæ кæны Уæлахизы бонмæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло уый фæдыл æмбырды бабар кодта бæрнон адæймæгтæн, цæмæй алы æхсæнадон бынаты дæр цæс-
тыты раз лæууой нæ хæстонты къамтæ. Адæм сæ хъуамæ зоной. Доваторы уынджы Ходы мыггагæй ис фæндзай хæстоны хуызистытæ, уыдон нал сыздæхтысты хæстæй.
Иутæ фæзæгъынц, бирæ дзурæм патриотизмы темæйыл, фæлтæртæ ивынц, æмæ 2000 азты кæимæ ныхас кодтам, уыдон абон сæ кары сты, сæ бынат бацахстой æндæртæ. Уыдонимæ дæр дзурын хъæуы. Фæнды нæ, цæмæй алы фæлтæрты æмæ адæмыхæттыты минæвæрттæ арæхдæр æмбæлой, зоной æмæ уарзой кæрæдзи.
– Царды ивддзинæдтæм цы цæстæй кæсыс?
– Ныхмæ дзурын æмæ æфхæрын æнцон у, дзуапп куы ницæуыл дæттай, уæд.
Паддзахадон программæтæ æххæст кæнгæйæ, Ирыстоны цас рынчындæттæ, ФАП-тæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ, культурæйы артдзæстытæ æмæ спортивон залтæ арæзт æмæ цалцæггонд æрцыд. Уыимæ, ифтонг сты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм фæрæзтæй. Уыцы куыст цæудзæн дарддæр дæр.
Цалынмæ Ветеранты хæдзары директорæй нæ райдыдтон кусын, уæдмæ нæ зыдтон, ацæргæ адæмы хорздзинадæн цы хорз хъуыддæгтæ æмæ аудæн мадзæлттæ аразынц республикæйы разамынд æмæ профилон министрад. Уæвгæ, цы бынаты кусæм, уый йæхæдæг дæр хицæн ныхасы аккаг у. Дзæуджыхъæуы бæрæгастæу æрцыд арæзт 123 азы размæ архитектор Павел Шмидты проектмæ гæсгæ. Йæ бинойнаг рæуджыты низæй хъæрзыд, æмæ йæ нæ горæтмæ сласта, ам ма дæс азæй фылдæр фæцард. Канд ацы агъуыст не ‘рцыд арæзт йæ проектмæ гæсгæ, ныр дæр ма цæсты ахадынц, федералон æмæ регионалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы бахъахъхъæнинаг бынты объекттæ, уыдонимæ Ботъойы-фырты уынджы Кинойы хæдзар дæр. Павел уыд, Дзæуджыхъæуы æддагбакаст чи арæзта, уыдонæй иу. Фыдыбæстæйы Стыр хæс-
ты рæстæг немыц горæтмæ куы ‘рбахæстæг сты, уæд Шмидт ацыд сахармæ ‘рбацæуæнты траншейтæ æмæ акъоппытæ къахынмæ. Хъыгагæн, фæмард знаджы нæмыгæй. Йæ ном та цæргæйæ баззад йе ‘рхъуыдыгонд хæдзæртты фæлгонцы. Гъе, ахæм адæймагимæ баст у, нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, уыцы хæдзар.
– Бузныг, Сослан, газеткæсджыты номæй.
Хуыбиаты Ларисæ














