Абон Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессион бæрæгбон.
Бæрæгбоны дæр, нæ æрвылбоны цардыуаджы стыр бынат чи ахсы, уыцы службæйы кусджыты улæфынмæ не ‘вдæлы — алчидæр дзы йæ бæрныгонд фæндаджы æдасдзинадмæ лæмбынæг кæсы, зæрдиагæй архайы фыдбылыз дзы не ‘руадзыныл. Афтæ, дзыллон республикон мадзал «Внимание: пешеход!» фæтк æмæ сывæллæтты технопарк «Кванториум»-ы куысты пъланмæ гæсгæ, Мæздæджы районы автоинспекцийы кусджытæ сывæллæттимæ баххæст кодтой æмбарынгæнæн дзыллон мадзал «Патрульная машина».
Фæндагыл цыды фæтк æххæст кæнын кæй æмбæлы, автоинспектортæ уый сывæллæттæн алыхуызон гæнæнтæй æмбарын кæнынц. Ацы хатт фæсивæд æрбацæуæг сæм автоинспекцийы патрулон хæдтулгæйыл зæрдиагæй бацин кодтой. Фæндаджы сæрты æдасæй хизын куыд æмбæлы, пъæлицæйы капитан Надеждæ Никитенко æмæ кæстæр лейтенант Ситохаты Валери сывæллæтты зæрдыл уый æрлæууын кодтой. Ныхас кæнгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ загътой:
— Хæдтулгæтæ кæм цæуынц, фæндаджы ахæм хаймæ рацæугæйæ, хæдтулгæйы сцæфæй дын тæссаг кæй нæу, фыццаджыдæр уый хъуамæ рахатай. Сывæллæтты къæлæтджын бандæттæ æмæ æдасдзинады рæттæй æнæмæнг пайда кæнын хъæуы. Фæндаджы сæрты цæуыны заман сывæллон хъуамæ ныййарæджы къухыл фидар хæца. Хæдтулгæскъæрæгимæ цас къаддæр ныхас кæныс, уый бæрц — хуыздæр.
Фембæлды кæрон пъæлицæйы кусджытæ сывæллæтты базонгæ кодтой патрулон хæдтулгæимæ. Сабитæ сæхи æхсызгонæй бафæлвæрдтой автоинспекторы ролы. Ахæм у æрмæст Мæздæджы районы нæ, фæлæ æппæт республикæйы районты паддзахадон автоинспекторты æрвылбоны куыст. Зæрдиагæй сын арфæ кæнæм, сæ къухы сæ ахсджиаг хъæугæ куысты ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ æфтæд.
БУТАТЫ Азæмæт














