Къаддæр кæндзысты фæндаггон фыдбылызтæ

0
172

Адæмы цардыуаджы домæнтæ уæлдæр æмвæзадыл æххæст кæнын нæ республикæйы разамынд нымайы йæ сæйрагдæр хæсыл æмæ уæхскуæзæй архайы уыцы ахсджиаг хъуыддаджы. Ныртæккæ Цæгат Ирыстон архайы æппæт паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты. Нæ граждæнтæ сæхиуыл æнкъарынц, бонæй-бонмæ кæй фылдæр кæнынц социалон объекттæ, хуыздæр кæны фæндæгты уавæр, уыимæ та баст у æдасдзинады фарста. Къаддæр кæны фæндаггон фыдбылызты нымæц.
Ахæм куысты се ‘мгъуыдæй дзæвгар раздæр цæуынц Дыгургомы дæр Дзынагъайы хъæумæ бацæуæны национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»-йы фæлгæты. Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыстытæ фæуыдзысты ацы азы кæрон.
Ныртæккæ уал специалисттæ сæвæрдтой бинаг æмæ уæллаг асфальтон-бетонон цъар, уыимæ ма, æвæрынц фæндаджы гæрæнтæ дæр. Фæндаджы ацы уаццаджы хæстæгдæр рæстæджы сцалцæг кæндзысты, хæдтулгæтæ кæм цæуынц, уыцы хид дæр, æмæ дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Куыстытæ кæронмæ куы æрхæццæ уой, уæд фæндагыл ныффидар кæндзысты ног нысантæ, йæ фалдзустæ йын банывыл кæндзысты.
Куыстытæ чи æххæст кæны, уыцы подрядон организаци æмæ республикæйы профилон комитет цы бадзырд бафыстой, уымæ гæсгæ контракт у, «цæрæнбонмæ цикл» кæй хонынц, ахæм, ома, куы бахъæуа, уæд æй æрмæст капиталон æгъдауæй не сцалцæг кæндзысты, фæлæ йæм иудадзыг сæ цæст дардзысты, æмæ йыл цы къуылымпытæ æвзæра, уыдон иуварс кæндзысты.
Комы цæрджытæ æмæ, ардæм æрвылбон уазæгуаты чи цæуы, уыцы адæмæн сæ зæрдæ рухс кæны куыстытæй. Æмæ, чи зоны, ацы комы цард йæ раздæры гаччы сбада — бирæты къуылымпы кодта, фæндæгтæ æдас кæй нæ уыдысты, уый.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here