Алфамбылай æрдзæн (æмæ адæмæн дæр) знаггад чи нæ хæссы, ахæм электротранспорты пайдайы тыххæй арæх фехъусæн ис хабæрттæ.
Уæвгæ, транспортон фæрæзтæ не ‘рвылбоны царды ахсджиаг бынат кæй ахсынц, уый дызæрдыггаг нæу.
Рæхджы 120 азы кæуыл сæххæст уыдзæн, стæй, маршрутон такситæ æмæ рейсы цæуæг автобустæ ерыс кæимæ кæнынц, бæлццæттæ Дзæуджыхъæуы уыцы трамвайтæй парахатæй пайда кæнынц. Алы хъуыддаджы куыд вæййы, афтæ транспорты куыст дæр къуыхцытæй хызт нæу.
Горæты раздæры егъау куыстуат ОЗАТЭ-йы кадæн кæй схуыдтой, афæдзы ‘рдæджы дæргъы раууатмæ ‘рцæуæг электрон тыхуадзæн телты æмæ лæмæгъ трансформаторон дæлстанцæйы аххосæй трамвайтæ уыцы æрлæууæн бынаты онг нæ цыдысты. Трамвайты управленийы специалисттæ кæй баххæст кодтой, иу-дыууæ мæйы размæ электротранспорт уыцы техникон мадзæлтты фæрцы бæлццæтты удæнцойдзинадæн æрлæууæн бынат «Доны станцæ»-йы онг ногæй цæуын райдыдта.
Ныртæккæ куыстуат ифтонггонд кæмæй у, уыцы 28 ног трамвайæ æрвылбон маршруттæм рацæуынц 15-16 вагоны. Трамвайскъæрджыты кадавар æмæ трансформаторон дæлстанцæйы лæмæгъдзинад управленийы куыстæн зындзинæдтæ æвзарын кæнынц. Ацы æууæлы аххосæй бæлццæтты хатгай ссæдз æмæ уымæй фылдæр минуты дæргъы транспортон фæрæзы æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы. Скъæрджыты цæттæ кæнынæн трамвайты управленийы кусынц 6-мæйон курсытæ. 16 мин сомы бæрц стипенди кæмæн фидынц, курсыты архайæг уыцы адæмы удæнцойдзинадæн управленийы ис æмдзæрæн. Ныртæккæ трамвайскъæрæджы рæстæмбис мызды бæрц у 40-45 мин сомы. Мызды бæрц аразгæ у шофыры куысты стажæй, стæй, шофыр фæлладуадзæн бонты кусы æви нæ, уымæй.
Арæх цалцæг кæнын кæй нæ бахъæуы, афæдзы дæргъы нæ республикæйы сæйраг горæты маршруттыл цæуынц æрмæст ахæм ног вагæттæ, сарæзтой сæ Свердловскы облæсты горæт Дæллаг Тагилы наукон-куыстадон иугонд «УралВагонЗавод»-ы), фæлæ амæй размæ бирæ азты дæргъы бæлццæтты æнæкъуылымпыйæ чи ласта æмæ, ног трамвайтимæ абаргæйæ, 4 тоннæйы къаддæр кæй уæз у, Чехийы арæзт уыцы вагæттæ дæр трамвайты управленийы фæзуатыл лæууынц. Уæвæн ис, æмæ фæстæдæр бахъуаджы рæстæг ацы вагæттæй ногæй спайда кæндзысты.
Дæс азæй фылдæры размæ фидаргонд фæткмæ гæсгæ бон фондз хатты Дзæуджыхъæуæй Беслæны æхсæн электропоезд куыд цыд, адæмæй уый, æвæццæгæн, рох нæу. Раздæрау арæх кæд нæ, уæддæр амынд ирыс-тойнаг горæтты æхсæн электропоезд ныр дæр кæй цæуы, уый бæлццæттæй иуæй-иутæ, æвæццæгæн, нæ зонынц (раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр ацы хабар æрæджы æнæнхъæлæджы базыдтон).
Æрвылбон æхсæвы 3 сахаты æмæ 40 минутыл Стъараполы крайы горæт Минводæй чи рараст вæййы, уыцы электропоезд Беслæнмæ æрбахæццæ вæййы райсомæй 7 сахаты æмæ 3 минутыл. Беслæнæй нæ республикæйы сæйраг горæтмæ поезд рацæуы 7 сахаты æмæ 29 минутыл. Дзæужыхъæуæй фæстæмæ Минводмæ та, раздæрау æппæт æрлæууæн бынæтты æрлæугæйæ, электропоезд ацæуы 14 сахаты æмæ 42 минутыл.
Республикæйы сæйраг горæтæй Беслæны онг фæндаггаджы аргъ у 27,6 сомы, Колонкæйы онг та — 11,8 сомы. Студентон æвдисæндар кæмæ ис, уыцы студенттæн билет рауæй кæнынц æмбис аргъыл (ацы фæтк архайы æрмæст нæ республикæйы фæзуатыл).
Иу-фынддæс азы размæ бæлццæттæ парахатæй кæмæй пайда кодтой, уыцы иумæйаг (ома, «проездной») билеттæ, хъыгагæн, электропоездæй цæуынæн нал уæй кæнынц. Трамвайæ лæвар цæуыны бар ис æрмæст скъоладзаутæм (ахуыргæнæндоны разамынд сын трамвайты управленийæ сæрмагонд æвдисæндар райсдзæн, зæгъгæ, ахæм æууæлимæ), сахъат адæймæгтæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ адæмы æндæр иуæй-иу къордтæм (адонæн электротранспортæй лæвар пайда кæныны бардæттæг æвдисæндартæ дæттынц адæмы социалон хъахъхъæнынады хайæдты).
Алы фæллойадон коллективы куыд вæййы, афтæ Дзæуджыхъæуы трамвайты управленийы (йæ разамонæг — Бдайциаты Алан) æмæ æфсæнвæндаджы вагзалы дæр ис куыстмæ æвзыгъд, кады аккаг, фæлтæрдджын специалисттæ. Трамвайты управленийы дæсныдæр кусджытыл дзургæйæ, бафиппайын хъæуы слесыртæ Хуриты Хъазыбеджы, Валентин Афсаджанийы, трамвайскъæрджытæ Александр Суворовы, Плиты Дзерассæ æмæ Лазарты Татьянæйы, æфсæнвæндаджы вагзалы (разамонæг — Виктория Тимощенко) та æнаиппæй фæллой кæнынц радхæссæг Мария Верезумская, æфснайæг Татьянæ Герцен, бæстыхæйттæн комплексон лæггадкæнынады кусæг Томайты Артур æмæ æндæртæ.
Æхсæнадон транспортыл дзургæйæ, бафиппайын хъæуы мæнæ ахæм ахсджиаг æууæл: сентябры кæронмæ чи ахæсдзæн, ныртæккæ цæуæг уыцы сæрмагонд акцимæ гæсгæ, трамвайтæ æмæ маршрутон микроавтобусты фидаргонд валидаторты фæрцы фæндаггаджы аргъ банкон картæ «Мир»-ы (балхæнæн æй ис æфснайæн банчы хайæдты) æххуысæй фидæг бæлццæттæн фæндаггаджы аргъ банымайынц æрмæджы æхцайæ фидæг бæлццæттæй 5 сомы асламдæр. Зæгъæм, трамвайæ цæуæг æмæ фæндаггаджы аргъ амынд картæйæ фидæг адæймагæй иу балцæн бауромынц 8 сомы, балцы аргъ æрмæджы æхцайæ бафидæг адæймагæй та райсынц 13 сомы. Маршрутон микроавтобусæй цæуæг бæлццон дæр амынд картæйы фæрцы иу балцæн сфæстауæрц кæндзæн 5 сомы, ома, банкон картæйæ пайдагæнæг адæймагæй иу балцы тыххæй 25 сомы бæсты бауромынц дыууæ туманы (раст зæгъгæйæ, валидатортæ фидаргонд сты æппæт маршрутон транспорты нæ, фæлæ æрмæст 12-æм, 13-æм, 14-æм, 20-æм, 27-æм, 32-æм, 51-æм, 52-æм, 57-æм, 60-æм æмæ 61-æм маршруттыл кусæг автобусты).
Электрон тыхæй кæй мотортæ ифтонг кæнынц, трамвайтæ æмæ электропоездтæй фæстæмæ электротранспортмæ ахæм хæдтулгæтæ дæр хауынц. Электромотортæй пайда кæныны фадат кæмæн ис, ивгъуыд азы кæрон нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады автоинспекцийы регистрацигонд уыд 248 ахæм хæдтулгæйы. Адонæн ныртæккæ нæ регионы кусынц 15 ифтонггæнæн станцæйы. (12 — Дзæуджыхъæуы, фæйнæ иуы та — Дигора, Æрыдон æмæ Мæздæджы). Фиппаинаг: æрæджы нæ республикайы сæйраг горæты Барбашовы уынджы Олимпиаг паркмæ æввахс ран кæй байгом кодтой, электрон тыхæй хæдтулгæтæ ифтонггæнæг, Уæрæсейы æппæтæй егъаудæр уыцы станцæ хæдтулгæ электрон тыхæй сифтонг кæны 15 минутмæ. Хæдтулгæскъæрджытæ сæ хæдтулгæтæ электрон тыхæй ифтонг кæнынц сæхæдæг. Ифтонгады аргъ бафидынц æрмæджы æхцайæ нæ, фæлæ банкон картæйы фæрцы. Мин сомы аргъ электрон тыхæй ифтонгад баххæстгæнæг хæдтулгæ ацæудзæн 300-400 километры дæрддзæгмæ.
Æвдайæм азты астæу нæ республикæйы сæйраг горæты уынгты чи фæзынд æмæ иу-дæс азы размæ не ‘дзæллагдзинады аххосæй кæрон кæй цыдæн сæвæрдтам, электротранспортыл фысгæйæ, мæ зæрдыл уыцы удæнцой троллейбустæ æрлæууыдысты. Мæнмæ гæсгæ, йæ заманы троллейбусты лини Дзæуджыхъæуæй Джызæлы онг адаргъ кæнынмæ дæр хъавыдысты. Электротранспорты ацы хуыз нæ горæты уынгты ногæй куы фæзынид, уæд цымæ уый æвзæр уаид? Æви ацы хъуыддагыл стыр хæрдзтæ бакæнын хъæуы? Зæгъæм, нæ сыхаг Кæсæг-Балхъары сæйраг горæт Налцыччы бæлццæттæ бирæ азты дæргъы троллейбустæй æнæкъуылымпыйæ пайда кæнынц. Ацы горæты троллейбусы фæндаггаджы аргъ у 15 сомы (æрмæджы æхцайæ), банкон картæйы фæрцы та — 13 сомы.
Транспорт (ныхас канд электротранспортыл нæ, фæлæ транспорты æппæт хуызтыл цæуы) кæм ис, уым, хъыгагæн, фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ дæр æрцæуы. Нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æндæраз Цæгат Ирыстоны фæзуаты рауайæг 758 фæндаггон-транспортон бæллæхы аххосæй фæмард 76 æмæ фæцæф 1073 адæймаджы. Фароны бæрæггæнæнтæ та сты мæнæ ахæмтæ: 882 фæндаггон-транспортон фыдбылызы аххосæй фæмард 98 æмæ фæцæф 1387 адæймаджы. Куыд уынæм, афтæмæй, æндæразимæ абаргæйæ, фарон æрцæуæг транспортимæ баст фыдбылызты æмæ сæ амæттæгты нымæц фæфылдæр.
Рæсугъд фæндæгтыл зæрдæрухсæй куыд цæуæм, Дунесфæлдисæг нын ахæм арфæ ракæнæд!
Олег АПРЕЛЕВ














