«Хъусут, знаджы цур дæр уæ сæр макуы æркъул кæнут…»

0
198

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры 18 июлы, цыппæрæмы, уыд премьерæ КОКАЙТЫ Тотрадзы фыст пьесæмæ гæсгæ спектакль «Гæздæнтæ»-йæн. Спектаклы темæ у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бæллæх цы уæззаудзинад æрæвæрдта бæстæйыл, адæм цы тухитæ æмæ фыдæбæттæ бавзæрстой, уæлдайдæр та Дзуарыхъæуы цæрæг — Гæздæнты хæдзарыл, бæстондæр зæгъгæйæ та — авд фырты мад Уанионыл.
Уыцы трагикон хабæрттæ зæрдæйæ нæ рох кæнынц, стæй никæд уыдзысты рох зæххыл цæрæг рæстуд адæмæй. Спектаклы сæйрагдæр æвдыст цæуынц Гæздæнты бинонтæ … Иу хæдзарæй авд хъæбулы мургай фæхастой ныййарæг мады зæрдæ. Уый сын уыд стыр ныфс хæсты быдыры, æдзухдæр мады фæдзæхстытæ сæ зæрдыл дардтой, фæлæ сæ, стыр хъыгагæн, йæ къонайыл ничиуал сæмбæлд. Кæрæдзи фæстæ сау гæххæттытæ цæуынц Гæздæнты хæдзармæ: иу, иннæйы фæдыл… Цы кæна Уанион?..
Хъæбатыр сылгоймаг йæ кæстæртыл кæронмæ дæр йæ зæрдæ дары. Йæ цæстытыл ауайынц сæ фæлгонцтæ, фынты дæр сæ фены, фæлæ та удаистæй рауайы кæртмæ, уынгмæ, æнхъæлмæ кæсы, кæд йæ фырттæй исчи хорз хабар хæссæг фæуид. Хæст бирæгъ у, бирæгъ… Ахаста йын йæ авд зæрдиаг хъæбулы радыгай… Бабын ис Уанионы къона…
Фæлæ уæдмæ æппæт бæстыл æрцыд хæстæн кæрон, адæм цалдæр азы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахизы цины бон! Адæмы цинæн нал ис кæрон, хъæубæстæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг цæуынц, хъæбыстæ, цинтæ…
Театрдзаутæ стыр бузныгæй баззадысты спектаклы премьерæйæ. Уæлдайдæр та спектаклы режиссер Уалыты Гивийæ, пьесæйы автор Кокайты Тотрадзæй, сæйраг ролы иттæг хорз чи ахъазыд, уыцы театры артисткæ, стыр курдиаты хицау Гæбуты Жаннæйæ. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыд спектаклы æвæрд æгасæй дæр, дидинджытæй байдзаг сты артистты хъæбыстæ. Театрдзауты къухæмдзæгъдæн нал уыд кæрон.
Спектакль æвæрæг-режиссер Уалыты Гиви «Рæстдзинад»- ы уацхæссæгæн радзырдта:
— Спекталыл цыд бирæ æмæ стыр куыст æппæт артистты къордимæ дæр стырæй, чысылæй, цалдæр мæйы дæргъы. Айдагъ сценæйыл та йæ цæттæ кодтам æртæ къуырийы бæрц, фæндыдис нæ театрдзаутæн равдисын, сæ зæрдæтæм бахæссын иу хъуыды: ацы трагеди иу мады хъысмæтыл кæй не ‘рцыд, фæлæ кæй у æппæт мадæлты уды рыст.
Бæстон кусын хъуыдис суинаг фæлтæримæ дæр, уымæн æмæ дзы архайдтой нæ театры кæстæрты студийæ авд сабийы.
Куы бафарстон, авторы зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уæд йæ мидбыл фæхудт æмæ, арф ныуулæфгæйæ, загъта:
— Уыцы фарстайæн мæ бон ницы у зæгъын, Кокайты Тотрадз уын йæхæдæг дзуапп раттæд.
Гиви раарфæ кодта Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль саразæг æмæ разамонæг — Кирилл Крокæн, æмæ загъта йæ фæндон, цæмæй нæм алы аз дæр цæуа ахæм фестивальтæ нæ бæстæйы алы горæтты минæвæрттимæ.
Не ‘мзæххон Анатолий Шульев, Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театры сæйраг режиссер, æмæ театры разамонæг Кирилл Крок арфæ ракодтой театры артистты къордæн æмæ сын балæвар кодтой, Евгений Вахтанговæн Мæскуыйы цы цыртдзæвæн ис, ахæм чысыл бьюст.

БЫЗЫККАТЫ Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here