Сывæллæттæн — ног хъазæн фæзтæ

0
197

Дзæуджыхъæуы фæзындзæн ног æхсæз сывæллæтты хъазæн фæзтæ. Ныридæгæн горæты хиуынаффæйады профилон управлени бавнæлдта сæ ифтонггæрзтæ ныссадзынмæ. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта МИЛДЗЫХТЫ Вячеслав.
Хъазæн фæзуæттæ се ‘ппæт дæр бацахсдзысты сæдæгай квадратон метры. Бырутæй цы фæзуæттæ ныхгæндзысты, уым сæвæрдзысты сывæллæтты хъазæн комплекстæ «Дворик», дыууæ сабийы кæм сбадой, ахæм херытæ æмæ фæхсбадæнтæ, уыдзæн дзы, змисæй кæм хъазой, ахæм бынат. Цæмæй хи ныццæвынæй тæссаг ма уа, уый тыххæй фæзуæттæ бын æхгæд уыдзæн резинæйæ.
Ног хъазæн фæзтæ фæзындзæн Кутузовы уынджы, 83/2, Весенняяйы уынджы, 34, Леоновы уынджы, 16, Къостайы проспекты, 219, Мæскуыйаг уынджы, 55/1, Весенняяйы уынджы,4.
Куыстытæ цæуынц «Горæты инвестицион программæ 2024 азæн»-ы фæлгæты æмæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты фæззæджы. Фæзтæ арæзт цæуынц, Дзæуджыхъæуы администрацимæ горæты цæрджытæй цы курдиæттæ цæуы, уыдоны радмæ гæсгæ.

ХЪОЙБАЙТЫ Майрæм

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here