Рæстæгмæ бауромдзысты

0
214

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО сарæзта ведомствæты ‘хсæн æмбырд. Боны фæткы уыдис иу фарста — Уæрæсейы Федерацийæ Гуырдзыстоны ‘рдæм цы автотранспорт цæуы, уыдоны фæтк æмæ æгъдау кæй бæрны ис, уыцы электрон рад къуыхцытæ кæнын райдыдта бæлццæттæ уадзæн бынат «Уæллаг Ларс»-ы.
Уымæн йæ фæстиуджытæ цы расайдтой, стæй, цы мадзæлттæ саразын хъæуы сæ аиуварс кæнынæн, уыдæттыл æрдзырдтой нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, йæ хæдивæг Томайты Ирбег, Транспорт æмæ фæндæгты инфраструктурæйы комитеты разамонæг Солиты Тариел, фæндæгтыл цæуыны фæткмæ цæст дарыны центры хицау Быгъдаты Ацæмæз, арæнхъахъхъæнæг, илциисæны æмæ æдасдзинады федералон службæты, Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ. Æмбырды видеобастдзинады фæрцы архайдтой Цæгат Кавказы илциисæн службæйы кусджытæ дæр.
Æмбырд гом кæнгæйæ, Сергей Меняйло æрхаста ахæм нымæцтæ. Æрвылбон дæр нæ республикæйы арæныл «Уæллаг Ларс»-ыл ацæуы фондзсæдæйы бæрц, цæугæ та нæм æрбакæны 550 уæзласæн хæдтулгæйы. Цæмæй уыцы змæлд къуылымпы ма кæна, уымæн уæлдай стыр ахадындзинад ис бæлццæттæ уадзæн «Уæллаг Ларс»-ы æнæкъуыхцы архайдæн.
Фæндæгтыл змæлд аразæг центр сарæзта хъæугæ мадзæлттæ, цæмæй фæхуыздæр уа электрон рады системæйы куыст, фæлæ уæддæр уый къуыхцытæ кæны — æгæр бирæ хæдтулгæтæ бамбырд вæййы фæндагыл, сæ ацæуыны радмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй уый уыйас вазыгджын фарста нæу, æмæ йын алыггæнæн ма уа. Æвæццæгæн, хъæуы рæстæгмæ электрон рады системæ бауромын. Хæдтулгæты лæууæнтæм та хæдтулгæтæ хъæуы уадзын илциисæны кусджыты курдиатмæ гæсгæ, раздæр куыд уыди, афтæ. Уавæр йæ гаччы куы сбада, куы фæхуыздæр уа, уæд та æмбæлдзæн ногæй электрон рады мадзалмæ раздæхын.

ХÆМЫЦАТЫ Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here