Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин ӕрцыд Беслӕнмӕ

0
174

Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин ӕрцыд Беслӕнмӕ. Фыццагдӕр бацыд мемориалон комплекс «Зӕдты горӕт»-мӕ, уым ныгӕд сты, 2004 азы 1-3 сентябры террористон акты чи фӕмард, уыцы  адӕм.

Президентимӕ Беслӕны сӕмбӕлдысты Уӕрӕсейы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Уыдон ӕрымысыдысты ӕнаххосӕй фӕмард уӕвӕг сывӕллӕтты ӕмӕ хистӕрты, дидинджытӕ сӕвӕрдтой «Хъыджы бӕлас» ӕмӕ  сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты хӕстонтӕ-хъӕбатырты цыртдзӕвӕнтыл.

Дидинджытӕ сӕвӕрдтой Беслӕны 1-ӕм скъолайы спортивон залы, уым террористтӕ ӕртӕ боны дӕргъы амынӕты дардтой минӕй фылдӕр адӕймаджы.

Беслӕны фыдбӕллӕхыл рацыд 20 азы, 2004 азы 1 сентябры кадджын линейкӕйы террористтӕ 1128 адӕймаджы амынӕты райстой. Семӕ уыдысты сывӕллӕттӕ, ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ. Террористон акты фӕмард 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 уыдысты сывӕллӕттӕ. Амынӕты уӕвӕг адӕмы ирвӕзын кӕнгӕйӕ, хъӕбатырӕй фӕмард сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты хӕстонтӕй 10, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады кусджытӕй 2.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here