Æхсæнадон штаб – æвзæрстыты агъоммæ

0
4

РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыд Паддзахадон Думæмæ 2026 азы 18-20 сентябры депутаттæ æвзарæн кампанимæ цæст дарыны тыххæй регионалон Æхсæнадон штабы æмбырд.

Мадзалы архайдтой Æхсæнадон штабы уæнгтæ, электоралон эксперттæ, муниципалон æхсæнадон палатæты разамонджытæ, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова æмæ РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.

Архайдтой ма дзы Æхсæнадон палатæйы æмбырды кадджын уазджытæ – Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур граждайнаг æхсæнады рæзт æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæн Советы уæнг, Ассоциаци «НОМ»-ы сæрдар Александр Брод æмæ Ассоциацийы экспертон советы уæнгтæ Антон Лукаш æмæ Дмитрий Тихов.

Александр Брод æмбырды архайджыты базонгæ кодта Ассоциацийы ног экспертон-аналитикон доклад «Уæрæсейы æвзарæн системæ Паддзахадон Думæмæ IX æрсидты æвзæрстыты агъоммæ: дзуаппытæ расидтытæн»-ы сæйраг тезистимæ.

Антон Лукаш эксперттæ-ахуыргæнджытæн сарæзта ахуыргæнæн семинар. Уый фæстæ уыдон сæ райст зонындзинæдтæй фæхай кæндзысты Дзæуджыхъæу æмæ муниципалон сконды æхсæнадон цæстдарджытæн. Ам ма фæбæрæг кæнын хъæуы, Æхсæнадон палатæйы фæзуаты федералон эксперттимæ ахуыргæнæн семинары кæй архайдзысты Мæхъхъæлы республикæйы эксперттæ дæр.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон Думæмæ æвзарæн кампанимæ цæстдарæн Цæгат Ирыстоны регионалон Æхсæнадон штабы сконд кæй фæхъомысджындæр ног профессионалон электоралон эксперттæй, юристтæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ журналисттæй. Фидаргонд æрцыдысты штабы структурæ, куысты æмæ дзыллон-информацийы фæрæзтимæ архайды пълан. Бæлвырдгонд æрцыд, хæстæгдæр рæстæг æмгуыстады тыххæй бадзырд бафыссынмæ кæимæ хъавынц, уыцы Æнæкоммерцион организацитæ æмæ партиты номхыгъд. Уымæй уæлдай ма хæдбар цæстдарджыты хыгъд дæр бæрæггонд цæудзæн – уыдзæн дзы 1000 адæймагæй фылдæр

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here